Ахургӕнӕги кустӕн аргъ искӕнун, райсӕ тӕгкӕ дзурдарӕхстдӕр, зундгиндӕр адӕймаг, уӕддӕр, ӕвӕдзи, неке бон ма иссӕй. Уӕлдайдӕр ба ма уӕхӕн ахургӕнӕгӕн, ӕ дӕсниадӕ ин Хуцауӕй куд скурдиадӕ, уотӕ лӕвӕрд ку уа, ӕма ма ин е ӕ еугур цард дӕр ку иснивонд кӕна. Неке фӕммӕнгӕ уодзӕнӕй уобӕл, уотӕ ку зӕгъа, зӕгъгӕ, еугур дӕсниӕдтӕй ахсгиагдӕр, гъӕугӕдӕр, фал зиндӕр ба ӕй ахургӕнӕги куст. Уомӕй ин ес нӕ царди уӕлдай кадӕ, уомӕй ин ӕ ном, дӕсгай ӕма дӕсгай ӕнзтӕ рацӕугӕй дӕр, фӕддарӕн нӕ зӕрдити, рохс ӕма фӕлмӕн гъар хори туни къабазау.

Берӕ ахурдзаутӕ ӕма гъомбӕлкӕнуйнӕгти фӕлтӕртӕ ке ӕнӕхийнӕ хъиамӕттӕ дарунцӕ сӕ зӕрдити, сӕ сабийбонтӕй фӕстӕмӕ, уонӕй ӕй Толдзгуни цӕрӕг Габети Владимир, тугъди ӕма фӕллойни ветерантӕ Габети Тасо ӕма Гесани фурт, ӕноси ӕмбес Иӕфи райони ахурадон-рохсадон къабази кустӕн исагкаг кӕнӕг, уонӕй ба 36 анзи Толдзгуни гъӕуи скъолай коллективӕн сӕргълӕууӕгӕй фӕккосӕг, ӕма ӕ еугур хъауритӕй дӕр гъомбӕладон куст раст надбӕл рахӕссӕг. Еци скъолайӕй еу ӕма дууӕ рауагъдоней туххӕй нӕ, фал сӕ фулдӕрей раст надбӕл рацуди фӕдбӕл даруй абони дӕр ӕ сӕр бӕрзонд Габей - фурт зӕрдӕрохсӕй. Беретӕ си иссӕнцӕ нӕ федар Цӕдеси агкаг хъӕболтӕ ӕма сӕ куст кадӕ ӕма радӕй хӕссунцӕ нӕ бӕсти адӕмон хӕдзаради алли къабӕзти. Уой хӕццӕ ба ма гъӕуи медӕгӕ ӕхсӕнадон цардмӕ дӕр Владимир куд кадгин хестӕр, уотӕ еузӕрдионӕй хаста ӕ байвӕрд.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ минкъий райони газет «Ирӕф»-и фӕрстӕбӕл уомӕн ӕ берӕ фӕллойни туххӕй ӕрдзорунӕн нин, ӕвӕдзи, рӕстӕг дӕр нӕ рахъӕртдзӕнӕй. Ӕрмӕст ӕ аллихузи хуӕрзеугути номхигъд дӕр байахӕсдзӕнӕй дзӕвгарӕ бунат. Фал мӕ абони ба зӕгъун фӕндуй ӕрӕги хумӕтӕги зӕрди ӕрӕфтуд гъуддаг - Ирӕфи муниципалон райони сӕргълӕууӕг Хамихъоти
Роберт ӕма Толдзгуни гъӕуи администраций хецауи ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Темурти Таймурази хъӕппӕрес фӕллонгун Габей - фурти райгурӕн бони фӕдбӕл ци дессаги ӕхцӕуӕндзийнадӕ бахаста уой фӕрнуг хӕдзарӕмӕ, уой туххӕй. Минкъий гъуддаг – Кади Грамотӕ, адӕймагӕн, ӕ кари бацӕугӕй дӕр ма, ӕхсанадӕ ци кадӕ кӕнунцӕ е ʹвӕлмӕцгӕ ӕма зӕрддагон бакустӕн берӕ ӕнзти медӕгӕ, уой ӕвдесӕндар. Фал…
Рохс хори тунтӕ бабӕй рагъазтонцӕ Таймурази радзубандийӕй хъиамӕтгун, ӕведуйгӕ уарзт ӕма хъаурӕ бавдесӕг гъомбӕладон кустӕн, фал нур ӕ кари бацӕуӕг ахургӕнӕг, царди хуарз лӕги ном рахӕссӕг, ӕма ма ӕ цардӕмбал Тамаон Рити хӕццӕ ӕхсӕнадӕн ӕнӕфсӕрмӕ, хуарз ӕртӕ бӕдоли исгъомбӕл кӕнӕг, федар сӕ сӕ къӕхтӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕг Габети Владимирӕн. (Хӕдӕгай, Таймураз дӕр адтӕй Владимири раздӕр ӕнзти рауагъдонтӕй еу, ӕ фӕллойнӕн ин цардӕвдесӕн. Уомӕ гӕсгӕ ӕ арфи дзурдтӕ дӕр уотӕ зӕрди уедӕгтӕ агайдтонцӕ Тасой - фуртӕн цӕстисуги уӕнгӕ).
Зӕрдӕбунӕй раарфӕ кодта Габей - фурт ӕ цийнаг бон ин сӕ зӕрдити гъарӕй исрӕсугъд кӕнгутӕ Хамихъоти Роберт ӕма Темурти Таймуразӕн се ʹргъудидзийнади фӕдбӕл. Ракурдта син уӕларвон тухтӕй ӕнӕнездзийнадӕ ӕма федар хъаурӕдзийнадӕ ӕвдесун царди медӕгӕ адӕмти нивӕн.
Владимир ба ма берӕ ӕнзти ӕнӕнез ӕма зӕрдӕрохсӕй фӕббӕрӕг кӕнӕд æ райгурæн бæнттæ, ӕ фӕллойни ветеран ниййергутӕ Тасо ӕма Гесани ном кадгинӕй даргъ царди гакъон-макъон фӕндӕгтӕбӕл рахӕссӕг!
Чихтисти Риммӕ
Хузисти: педагогон кусти ветеран, нӕ республики
Скъухт ахургӕнӕг Габети Владимирӕн
радон кади ӕвдесӕндар дӕтгӕй ӕ райгурӕн бони
фӕдбӕл.



