Æрмæст Æрæфы районы нæ фæлæ æнæхъæн Цæгат Ирыстоны дæр ппæты дарддæр хæххон хъæуыл нымад у Гæлиат, кæцы æрбынат кодта недзаманты Уæллагкомы, Дзæуджыхъæуæй 120 километры дарддæр (Дыгургомы хуссар-скæсæнварс). Ам, Гæлиаты (йæ бынатмæ гæсгæ хонынц ма йæ «Дыгургомы Мачу-Пикчу»), куыд Ирыстоны иннæ кæмтты, ис къорд кувæндоны, сæ сæйрагдæр – Фæрон. Йæ бæрæгбон вæййы июлы мæйы.
Хистæртæ куыд зæгъынц, афтæмæй Фæроны кувæндоны (Фæрон иронау – фарн, амонд, фæрныгад, бæркад) уыд ахæм дур, æмæ иу хус рæстæг куы скодта, уæд-иу æй æддæмæ рахастой æмæ-иу æй, йæ фæрсты цы чысыл цæугæдон кæлы, уым нытътъыстой, афтæмæй-иу зæдæй ракуырдтой, цæмæй уæлæрвтæ уарын радтой. Кувæндонæн ахæм нымад кодтой бынæттон цæрджытæ æмæ-иу, йæ рæзты цæугæйæ, искæмæй исты куы ахауд, суанг зынаргъ дзаума дæр, уæддæр-иу æй уым ныууагътой.

Гæлиат революцийы агъоммæ хæхбæсты стырдæр хъæуыл нымад уыд, æмæ-иу ардыгæй исчи дард ранмæ куы цыд (ахæмтæ та гыццыл нæ уыдысты, суанг ма Америкæмæ дæр ныххæццæ сты бирæтæ), уæд-иу семæ хи хъахъхъæнынæн кувæндонæй райстой дур, æмæ-иу æй, фæcтæмæ æрбаздæхгæйæ, йæ бынаты сæвæрдтой. Ног уайсадæг чындзытæн йæ рæзты цæуын не ‘мбæлд, æмæ-иу ыл дæрдты æрзылдысты.
Бæрæгбоны фынджы уæлхъус адæм куывтой, куырдтой Фæронæй фæрныгад, æнæниздзинад, рæстæджы хорз ахаст, хъæздыг тыллæг. Куывд арæзт цыд ирон æгъдаумæ гæсгæ, фынг уыд хуымæтæг – чъиритæ, дзидза (фыс кæнæ стуры). Кувинаг чъиритæ кодтой хæдзары, æнæдзургæйæ, комбастæй, æмæ-иу сæ кувæндонмæ схастой æнæ дзургæйæ. Сылгоймæгтæн мидæмæ цæуыны бар нæ уыд.
Адæм бæрæгбоны агъоммæ къуыри ком дардтой, карз нуазинæгтæ нуазын, тамако дымын, маргъы фыд хæрын, æвзæр дзыхæй дзурын æмæ хыл кæнын не ‘мбæлд. Бæрæгбонмæ цыдысты ирд дзаумæтты, cæр хъуамæ уыдаид æмбæрзт æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæсугъд хъуыдытимæ. Фæроны зæд куыд табуйаг уыд, уый тыххæй дзурæг у уый дæр æмæ нæлгоймæгтæ йæ бынмæ цыдысты бæгъæввадæй, цæмæй сыгъдæгæй баззайа, нæлгоймæгтæ-иу сæ худтæ систой, афтæмæй куывтой.
Фæлæ советон дуджы бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, æмæ, кæд сæ фылдæр хорзырдæм уыдысты, уæддæр дзы уыд æппæрццæгтæ, нæ традицион хæзнатыл нын нæ къух кæй исын кодтой, ахæмтæ. Уыдонæй иуыл нымайын, нæ адæмы динимæ баст традицион бæрæгбæттæ нын кæй нал уагътой бæрæг кæнын, уый. Уыцы заман Фæроны кувæндон дæр заууатмæ цæуын байдыдта, дзуары лæг дæр дзы нал уыд. Фæлæ уавæр цæхгæр фæивта ног дуджы, адæм та сæ фыдыуæзæг, сæ уидæгтæ агурын райдыдтой. Кувæндон йæ фыццагуагмæ æркодтой, йæ фæзуат ын ныссыгъдæг кодтой, быруйæ йæ æрæхгдтой, дон æм бауагътой, саратæ æмæ кусæн хатæнтæ дзы сарæзтой. Кæд раздæр куывд саразыны хъуыддаг сæхимæ истой иугай бинонтæ, уæд фæстаг ссæдз азы та – иугай, искæд иу хатт та – дыгай мыггæгтæ.
Хъæуы, хъыгагæн, бирæ цæрджытæ нал ис, гæлиатæгты фылдæр хай цæры быдыры хъæутæ æмæ горæтты, уымæ гæсгæ бæрæгбон цыппæрæмæй сабатмæ ахастой. Ацы аз дæр, куыд 2004 æмæ 2017 азты, бæрæгбон сарæзтой Гасынтæ. Уыдоны мыггаг дæр, куыд Арсæгтæ, равзæрд садойнаг Бесолты мыггагæй. Дзуары лæджы хæстæ æххæст кодта Гасынты Хадæхцы фырт Артъем. Гасыны-фырт райгуырд Гæлиаты, фæлæ 1980 азты кæронæй нырмæ йæ бинонтимæ цæры Æрыдоны. Фæроны зæды бынмæ сæ æртыгай чъиритæ æмæ бæгæны æрбахастой канд Гæлиаты цæрджытæ æмæ ардыгæй рацæуджытæ нæ, фæлæ иннæ хъæуты цæрджыты минæвæрттæ – Хъыргъуытæ, Текъойтæ, Къосыратæ… Сæ куывдтытæ дзæбæхæй æрцæуæнт.
Рæстæг цæуы æмæ йемæ ивддзинæдтæ хæссы, уыимæ – нæ бæрæгбæттæм дæр, фæлæ уыцы ивддзинæдтæ хатгай хорзырдæм нæ вæййынц. Нæ фæивгъуыдтой Фæроны куывдыл дæр – куывдмæ хæссынц карз нозт, чидæртæ та ма тамако дæр сдымынц, сылгоймæгтæ – бæгъæмсæрæй. Aппæт уыдæттæ раст не сты, фыдконд кæнынц бæрæгбон, ницы бар дарынц не ‘гъдæуттæ æмæ традицитæм. Бæрæгбоны вæййы музыкæ, кафт, зард, æмæ уый дæр мæнмæ гæсгæ, раст нæу. Уыцы цъæхахст музыкæ адæмы хъыгдары, куывдтытæ нал фæхъуысынц.
Растдæр уаид бæрæгбон æнæ карз нозт æмæ æххуырсгæ музыкæйæ арвитын, Ирыстоны фæсивæд Рекомы куыд саразынц бæрæгбон, афтæ. Сылгоймæгтæн та сæ сæртыл – сæрбæттæнтæ, афтæмæй куы цæуиккой кувæндонмæ. Мæ фæндоныл разы сты гæлиатаг нымады хистæртæ: Гæлæбуты Мухарбег, Хъалаты Сергей, Езеты Петкæ, Мысырты Витали, Езеты Фидар, Салхъазанты Æхсар, Толасты Батрадз, стæй 2026 азы дзуары æвзæрст лæг Езеты Естъайы фырт Бола дæр, кæцы Гæлиаты райгуырди æмæ æгъдæуттæ хорз зоны, архайы фæткæйыл сæ хæссын.
Хъарданты Тимур,
Дигорайы цæрæг.
