Новости
Ци уарзон мин дæ, ме׳мгарӕ,
Уой дӕхуӕдӕг дӕр зонис.
Ку рацардан еу дзӕвгарӕ,
Нур ба «бон хуарз» нӕ зӕгъӕн.
Кӕрӕдзебӕл ку нӕ бухстан,
Ӕхсӕвӕ бон не ׳ртасгӕй,
Гъе уотемӕй исиризтан,
Не ׳взонг бонтӕй лимӕнӕй
Кӕрӕдземæн не ʹвгъау кодтан,
«Дӕу мӕн» зӕгъун нӕ зудтан,
Къӕбӕр-цӕнхӕ еумӕ хуардтан,
Еу листӕни фӕххустан.
Абони ба дӕ фур хъалӕй
Фӕрсӕрдӕмӕ нӕ кӕсис,
Фӕссӕйгӕ дӕ зудӕ незӕй
Ӕма «бон хуарз» нӕ зӕгъис.
Феронх кодтан не׳взонг бонтӕ,
Мулки фӕдбӕл рахуӕстан.
Цума ма кӕдмӕ цӕрдзинан,
Мӕрдтӕ мӕ си ци хӕсдзинан?
Байзадӕй ма нӕ фиддӕлтӕй
Уӕхӕн хабар таурӕхъӕй,
Ку тӕрсай, уӕд фӕстон хъалӕй,
Ка сгъӕздуг уа мӕгурӕй.
Е ба дин мӕ хуарз лимӕн,
Мӕ хуарз гъӕуккаг, мӕ бӕстон,
Фӕссӕйгӕ ӕй зудӕ незӕй.
Рамӕлдзӕнӕ кӕрӕфӕй.
Нӕ кӕстӕртӕй раст фӕндагбӕл
Ка ӕрлӕууй кӕронӕй
Е байрайуй ӕ балцитӕй,
Ӕ цард исуй уарзонӕй.
Раст фӕндагбӕл ка нӕ лӕууй,
Уомӕн ӕ над цубур ӕй.
Зундӕй пайда ка нӕ кӕнуй
Е фӕццӕруй мӕгурӕй.
Кӕстӕр хестӕр ка лӕдӕруй
Цӕрӕн бон ӕй фӕууӕд.
Хестӕрӕн дӕр аргъ ка кӕнуй
Е нин берӕ фӕццӕрӕд.
Хестӕр нӕмӕ кадгин адтӕй,
Нимад дан ӕй, куд хецау.
Кӕстӕр ба нин адгин адтӕй,
Бийнонтӕн ба сӕ Хуцау.
Нӕ кӕстӕрти цӕрӕн бонбӕл
Финги бадти фӕкковӕн.
Зиани бӕндти, бӕрӕг бӕндти
Арфӕ дӕр син фӕккӕнӕн.
Ку цӕуайтӕ раст фӕндагбӕл
Уодзинайтӕ цӕрун гъон.
Адæми хӕццӕ ку цӕрайтӕ,
Нӕ зелдзинайтӕ мӕгургор.
Хестӕртӕмæ ка игъоса
Нӕ уодзӕнӕй фӕсмойнаг.
Мӕстмарӕн сӕ кадӕр кӕна
Е дин лӕгъуз адӕймаг.
Сакъити Сергей, 2013 анз.