- Ци ᾿й амонд? – зæгъгæ, еухатт
Æз еу кедæр бафарстон,
- Уæд алци дин парахат! –
Уæхæн дзуапп си райстон.
- Рæдуис, - загътон ин æз, -
Æй æндæр, мæ хор, амонд:
Дæ бæстæн раттун е ᾿хæс,
Ку гъæуа, удта – дæ уод.
Фидибæсти Устур тугъд…
Фæшистон тухгæнгутæ æнæнгъæлти æрбампурстонцæ на Райгурæн бæстæмæ. Зиндони арт иссугъдæй. Багъудæй устур лæгдзийнадæ равдесун советтон адæми тугъди будури, цæмæй цифуддæр знагæй багъæуай кодтайонцæ нæ зæнхæ, нæ адæми иссæребарæ кодтайонцæ. Æма сæ къохи бафтудæй еци гъуддаг, фал ци æгæрон устур аргъ федгæ рауадæй нæ адæмæн.
Нæ минкъий Иристонæй Фидибæстæ багъæуай кæнунмæ рандæй науæдзæ мин тугъдони. Сæ фулдæр адтæнцæ æригон, царди адæ дæр ка нæма балæдæрдтæй, уæхæн лæхъуæнтæ æма киндздзон кизгуттæ. Беретæ си нæбал исæздагъдæнцæ сæ фæрнуг хæдзæрттæмæ, нæбал фæййидтонцæ сæ ниййергути…
Тохи зар ка исиста, уони хæццæ адтæнцæ нæ финсгутæ дæр. Беретæ си царæфтуд бацæнцæ – се нæфинст зартæ фæххастонцæ сæ хæццæ. Иннетæ ба тохфæлладæй исæздæхтæнцæ сæ фиди уæзæгмæ æма адæми уодварнæн архайдтонцæ.
Фидибæсти Устур тугъди будурмæ æригон лæппойæй ка рандæй фиццæгти хæццæ, уазал акъоппити ка бадтæй, карз тох ка исамадта цард æма мæлæти æхсæн, еци сахъ фурттæй еу адтæй Кертанти Хаджиомари фурт
Тъæхир дæр. Райгурæн бæсти размæ е ᾿хæс бафиста кади хæццæ.
Кертанти Хаджиомари фурт Тъæхир райгурдæй 1922 анзи, Чиколай гъæуи хумæтæг зæнхкосæг бинонти. Æнтæстгинæй фæцæй каст астæуккаг скъола. Хуæрз æригонæй æхе æвзарун райдæдта æмдзæвгитæ финсунбæл. Фал, гъулæггагæн, æ фиццаг литературон куститæ мах уæнгæ не рцудæнцæ гъæуайгонд. Мухур æй кодтонцæ газет «Социалистон Дигорæ», «Рæстдзинад», журнал «Мах дуг»-и. Ма уони дæр ма нур ка иссердзæнæй!
Кертанти Тъæхир нæ райста уæлдæр ахургонддзийнадæ, уомæн æма ин æ царди уавæртæ, ма Фидибæсти устур тугъд æ фæндитæ фехалдтонцæ. «…1941 анзи фудгол нæ бæстæмæ ку æрбалæбурдта, уæд фæсевæди сæрæндæрти хæццæ тохи уæззау фæндæгтæбæл æрлæудтæнцæ райони газетти косгутæ - Гобети Данел, Кертанти Тъæхир, Тегати Сулеман, Керчелати Тазрет, Хекъилати Мæхæмæт æма æндæртæ…», - финста Амилахуанти Хизир æ уацхъуд «Лæгæн æ кадæ æносон æй», зæгъгæ, уоми газет «Ирæф»-и.
Тъæхир хуæрз æригонæй фиццаг хатт тохи циренмæ бахаудтæй Хърими æрдæгсакъадахи. Уоми Кертани - фурт æхе бавдиста хъæбæр сæрæн æма бæгъатæрæй. Æ тугъдон фудæбæнттæ адтæнцæ даргъ æма зин, фал сæбæл Тъæхир цудæй æдæрсгæй, федарæй. Еудадзугдæр æ зæрдæбæл дардта æ тугъдон ардбахуæрд æма ᾿й æнхæст кодта куд гъудæй, уотæ. Æ устурдæр бæллец адтæй знаг дæрæнгæнгæй сауæнгæ Берлини уæнгæ бахъæртун. Берæ рауæнтæбæл æй æрхастонцæ æ тугъдон фæндæгтæ. Берæ гъæутæ ма горæттæ уæгъдæгонд æрцудæй уоми немуцæгтæй. Еу уæхæн гъæубæл устур тогкалæн тугъди хъæбæр уæззау цæф фæцæй
Тъæхир. Бахаудтæй госпитæльмæ, ма си фæцæй берæ рæстæг. Дохтиртæй æ къæхтæбæл бæргæ æрлæуун кодтонцæ, фал ин идарддæр тохуни уавæр нæбал адтæй, æ цæфтæмæ гæсгæ, ма ин æ райгурæн гъæумæ æздæхгæ рауадæй. Йе ᾿нæнездзийнадæмæ гæсгæ ин фадуат нæбал адтæй знаг дæрæн кæнунмæ. Фал куд æцæг коммунист æма патриот, уотæ федарæй æууæндтæй сæребарæ æма райдзастдæр федæни ралæудбæл.
Тъæхир адтæй дуккаг къæпхæни инвалид. Æ бæгъатæрдзийнади фæдбæл ин лæвæрд æрцудæй хуæрзеугутæ æма Кади гæгъæдитæ.
Поэт, прозаик, курдиадгун журналист æ цард периодикон мухури хæццæ исбаста раги, фарæстæймаг къласи фæсте Ирæфи райони раздæри газет «Социалистон Дигори» уацхæссæгæй ку райдæдта косун Фидибæсти Устур тугъди размæ. Æма æ фæццæфи фæсте дæр æ дæсниадæ нæбал раййивта. Фæллойнæ кодта Ирæфи æма Дигори райони газеттæ «Ленинон»-и æма «Коммунист»-и, цалдæр анзи ба «Рæстдзийнад»-и редакторæй. Куд финсæг, уотæ æхе ивæрæн бахаста нæ дигорон литературæмæ, æхе сæрмагонд бунат си иссердта. Сæрмагонд бунат ахæссуй æ исфæлдистади тугъди темæ. Е ᾿мдзæвгити разæнгард кодта сæребарæбæл тохмæ адæми, нифс син æвардта, ма кæд æхе бон хуæцæнгарз райсун нæбал иссæй, уæддæр карз тох амадта æ финсæн сесæй.
Размæ, тугъдонтæ, цæуетæ!
Скæнтæ Берлинмæ уæ каст!
Знаги æдæрсгæ цæветæ!
Знагæй есетæ нæ маст!
Размæ, бæгъатæр фæлтæртæ!
Ленини ᾿хсаргин цæуæт!
Размæ, Нигулæнæрдæмæ!
Размæ, фудголæн мæлæт!
Райгурæн бæсти кадгин хъæболæ – зæгъæн ес Кертанти Тъæхирæй. Иристон гъæуама сæрустур уа Тъæхири хузæн адæмæй, кæцитæ еузæрдионæй гъæуай кодтонцæ райгурæн зæнхæ, сæ реуи æмбæрцæ цудæнцæ знаги нихмæ, сæ бæгъатæрдзийнадæй кадæ искодтонцæ нæ Фидибæстæн.
Бабочити Э.