ТАХЪАЗТИ Федар
Историй тъӕффитӕбӕл Дигори кой фиццагидӕр ӕрцудӕй 1650 анзи. Еци анз Толочанов Никифор ӕма диакъон Ивлев Алексей Уӕрӕсей паддзахи гъуддӕгти фӕдбӕл Дигоргомбӕл бахизтӕнцӕ Имеретимӕ.
Уомӕй ӕндӕмӕ, бустӕги ба Уӕрӕсей хӕццӕ байеу уни фӕсте, фӕззиндтӕй берӕ уацтӕ, кӕцитӕмӕ гӕсгӕ абони базонӕн ес, XVIII ӕноси кæрони ӕма XIX ӕноси райдайӕни ци цаутӕ цудӕй Дигори. Фал Толочанов ӕма Ивлеви размӕ, уӕдта уони фӕсте дӕр еу 100 анзей ӕндӕргъци ци уавӕри адтӕй Дигоргом ӕма ӕ адӕн куд цардӕнцӕ, уой туххӕй ба, финсуйнадӕ ке нӕ адтӕй Дигорӕмӕ, уомӕ гӕсгӕ бӕлвурдӕй неци зӕгъӕн ес.
Историй еци цохгонд бунӕттӕн нин абони хъӕбӕр агъайзаг ӕй дигорон адӕни дзоргӕ исфӕлдистадӕ. Ци берӕ таурӕхътӕ байзадӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй, рагдзаманти Дигоргоми ци цаутӕ ӕрцудӕй ӕма ци уавӕрти цардӕнцӕ Дигори адӕм, уобӕл рафӕлгӕсун.
Уогӕ Дигори кой, растдӕр зӕгъгӕй ба и номи кой, фиццагидӕр ӕрцудӕй VI ӕноси сомехаг анзфинстити, «Аш-тикор», зӕгъгӕ. Уой фӕсте дӕр ма сомехаг анзфинстити цӕуй ӕ кой, уӕдта рагон географион къартӕ арӕзти «Дигорӕ» ном ӕмбӕлуй дууӕ хуземи: «Аш-тикор» - кӕцимӕй нисангонд цӕуй нури Балхъар кӕми ӕй, еци бунӕттӕ, ӕма «Тикор» - кӕцимӕй бӕрӕггонд цӕуй нури Дигоргоми рауӕн. Фал абони махӕн нӕ бон бӕлвурдӕй зӕгъун ӕй, ӕма дигорон адӕн Дигоргоми ӕхседун райдӕдтонцӕ фӕсманголти рæстæги - таурӕхътӕмӕ гӕсгӕ бӕрӕг ӕй, тӕтӕр-манголи, бустӕги ба Темур - алсахъи ӕрбалӕбурди размӕ дӕр еци коми адӕн ке цардæнцæ, кӕцити худтонцӕ «Дигорӕ» («Тикор»), Бунӕттон цӕргутæ баст æнцæ Астани номи хӕццӕ. Тъӕпӕн-Дигори нури муггӕгтӕй беретӕ сæхе нимайунцӕ Астани байзӕттӕгтӕбӕл.
Астани байзӕттӕгтӕй ӕнцӕ донифарсаг Гагуатæ дæр.
Астантӕй, кенӕ ба бунӕттон цӕргутӕй, схонӕн ес Седанати дӕр.
Темур-алсахъи ӕрбалӕбурди фӕсте Задæлески Нана сувӕллӕнттӕ ку ‘рбакодта Дигоргоммӕ, уӕд, таурӕхътæмæ гæсгæ, Дигоргоми ма адтӕй цӕргутӕ. Ке зӕгъун ӕй гъæуй, еци будуйраг сувӕллӕнттӕ исхӕлӕмулӕ ‘нцӕ Дигоргоми цӕргути хӕццæ. Абони зин зӕгъӕн ӕй, ци ‘здӕхбӕл дзурдтонцӕ Дигоргоми, фал бунæттон цӕргутӕ ӕма будурӕй ӕрбаледзӕг адӕни ‘хсӕн цидӕр хецӕндзийнӕдтӕ ке адтӕй, уой бӕрӕггӕнӕн нин ӕнцӕ Седанатӕ æма Донифарсӕгти таурӕхътӕ. Зӕгъӕн, Дигор-Хъабан Дигоргоммӕ будурӕй ку ‘рбацудӕй адӕни хӕццӕ, уӕд Седанатӕ цардӕнцӕ Хӕнӕзи. Дигор-Хъабани адӕнӕй беретӕ ӕрцардӕнцӕ Хӕнӕзи.
Ӕма уӕд, таурӕхътӕ куд дзорунцӕ, уомӕ гӕсгӕ, Седанатӕ, дан, сæ бунатӕй исистадӕнцӕ, ӕма Задӕлески сӕрмӕ, Сурхи ‘фцӕг ӕрдигӕй ӕрбунат кодтонцӕ. Сӕ мӕсуги ихӕлддзӕгтӕ нур дӕр ма бӕрзонд къӕдзӕхӕй фӕлгӕсунцӕ коммӕ. Сӕ цӕрӕнбунати раййивдӕ Седанатӕ сӕхуӕдтӕ уотӕ лӕдӕрун кодтонцӕ, ӕма, дан, мах дӕр Дигорӕ ан, фал еци Дигорӕ нӕ ан, зӕгъгӕ. Фал сӕ Дигор- Хъабани адӕни хӕццӕ истохун нӕ фӕндадтӕй (кай зонуй, ӕма сӕ тухи дӕр нӕ адтӕй), сӕ хӕццӕ исхӕлӕмулӕ ун дӕр сӕ нӕ фӕндадтӕй, уомӕ гӕсгӕ ба син Хӕнӕзӕ ниууагътонцӕ.
Будурӕй ӕрбаледзӕг адӕнӕй сӕхе хецӕн кодтонцӕ донифарсӕгтӕ дӕр. Еци гъуддаги туххӕй фиццаг хатт фегъустон лескейнаг Тайсаути Сӕлӕмӕй 1983 анзи. Гъома, дан, Донифарсӕма Тъӕпӕн-Дигорӕ рагӕй дӕр нихъог кодтонцӕ кӕрӕдзей хӕццӕ. Уотӕ ма фегъустон нарон Хуадонти Буцойӕй дӕр 1985 анзи. Донифарсӕгтӕ, дан, уотӕ фӕззӕгъиуонцӕ: «Мах дӕр Дигорӕ ан, фал еци Дигорӕ нӕ ан». Ӕма кизгӕ дӕр нӕ лӕвардтонцӕ, кизгӕ дӕр нӕ худтонцӕ ӕндӕдонифарс, цӕмӕй иннети хӕццӕ ма схӕлӕмулӕ уа сӕ тог. Еу уӕхӕни, дан, уӕхӕн рӕстӕг дӕр æркодта, ӕма емини фӕсте Донифарси хъӕбӕр ӕстӕн ма байзадӕй цӕрӕг. Фал уӕддӕр кизгӕ дӕр нӕ лӕвардтонцӕ, хонгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ адӕгонтӕн ӕма адӕгонтӕй. Адӕн си фагӕ ке нӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ фиди ‘нсувæри, кенæ мади рвади кизгæ дæр æрхониуонцӕ. Адӕн ку раберӕ ‘нцӕ, уӕдта еци ‘гъдау нийхалдтонцӕ ӕма цуппӕрдӕсӕймаг фӕлтӕри уӕнгӕ хӕстæгдзийнадæ кӕнун нæбал ӕнгъизтӕй.
(Уодзæнæй ма)