Нæй иронх Фидибæсти Устур тугъд... Фашистон тухгæнгутæ æнæнгъæлти æрбампурстонцæ нæ райгурæн бæстæмæ. Зиндони арт иссугъдæй. Багъудæй устур лæгдзийнадæ равдесун тугъди будури, цæмæй багъæуай кодтайонцæ нæ райгурæн бæстæ, нæ адæми сæребарæ цифуддæр знагæй. Фæсевæд тугъди будурмæ ку рандæ æнцæ, уæд гъæу цума фемир æй, æзмæлæг си нæбал адтæй, уоййау фестадæй. Арвæй цума устур дор æрхаудтæй, уой хузæн цæвддорау фестадæнцæ адæм.
Тугъди ка адтæй, топпи цъухмæ ка кастæй, уазал акъоппити ка бадтæй, карз тох ка кодта цард æма мæлæти астæу, уони æхсæн Ирӕфи районӕй дæр берæ сахъ фурттæ адтæй, кæцитæ æхсистæнцæ æфсади рæнгъити, æвдистонцæ устур лæгдзийнадæ, кади ном искодтонцæ æрмæст сæхецæн нæ, фал ма нæ адæмæн дæр.
1941 - 1945 æнзти Райгурæн бæсти размæ йе хæс кади хæццæ ка бафиста, уонæй адтæй Тотойти Омар Багай фурт дӕр. Райгурдæй 1912 анзи Чиколай гъæуи Ирæфи райони. Ку ралæхъуæн æй, уæд бийнонти гъуддаг бакодта. Æ цардæмбалæн равзурста Гъуцъунати Хадизæти (Аджат). Исæнтæстæй син æртæ сувæллони: дууæ кизги ма биццеу. Бийнонтæ дарун æнцон некæд адтæй, хъиамæт кæнун гъудæй. Омар дæр куста æма цийнæ кодта æ кæстæртæбæл. Цуппæрæймаг сувæллон нæма райгурдæй, уотемæй нæ бæстæбæл исæмбалдæй æбуалгъ хабар, кæци рæстæгмæ фемир кодта æнæнгъæлти адæми. Тугъдӕн ӕ тӕккӕ райдайӕни рандӕй знаги нихмӕ тохмӕ Омар дæр адæми хуæздæрти хæццæ. Еунæг сахат дæр нæ фæффæсвæд кодта æхе.
Æ тугъдон фæндæгтæ адтæнцæ даргъ æма зин. Фал сӕбӕл цудӕй ӕдӕрсгӕй, федарӕй. Сурхгвардион Тотой-фурт æхе ӕвдиста бӕгъатӕр хӕстонӕй. Еудадзуг æ зæрдæбæл дардта æ тугъдон артбахуæрд æма æй æнхæст кодта райгурæн бæсти хъæболæн куд æмбæлуй, уотæ. Фал си еунæг минут дæр иронх нæ адтæнцæ хæдзари ке ниууагъта, еци уарзон бийнонтæ. Уомæн æвдесæн æнцæ æрмæстдæр тугъди будурæй ци финстæгутæ æрвиста æ бийнонтæмæ етæ. Арæх нæ финста, фал си алкæми дæр федарæй æвдиста нæ уæлахези æууæнкæ. Æ еу пъисмой финста æ цардæмбал Хæдизæтмæ: «Корун, ма кæд райгура биццеу, уæд ибæл исæвæретæ ном Валоди». Фæстаг финстæг исæрвиста Волгогради облæстæй 1942 анзи. 1943 анзи ба бийнонтæбæл исæмбалдæй сау хабар.
Омар адтæй æхсæн дивизий æфсæддон. Волгогради ци æверхъау тугъд цудæй, уоми знаг дæрæн кодта. Фал бахаудтæй йе мбæлтти хæццæ уацари. Ами ин берæ зинтæ æвзаргæ рауадæй, фал уæддæр æ нифс нæ састæй. Алли хузи дæр архайдта ледзунбæл. Дууæ хатти исаразидæ раледзуни фадуæттæ, ма уотемæй беретæн байанхос кодта. Æртиккаг хатт ахуæдæг дæр гъæуама ледзгути хæццæ адтайдæ, фал ин нæбал бантæстæй. Уæззау сæйгæ фæцæй, ма æ бон нæбал иссæй. Æхе бæсти æндæр адæймагæн фадуат равардта исуæгъдæ унмæ, æ хъæппæлтæ ин ратгæй.
Ку фæссæйгæй, уæд къæбæр дæр æ хъури нæбал цудæй, ма æ хуæруйнаг уæд еуемæн, уæд иннемæн радтидæ. Еци æгас гъуддæгтæ фæдздзурдта æ хæццæ уацари бафтуйæг, фал ин фадуат фæцæй исуæгъдæ унмæ, дигарайаг уæхæн лæг. Омар æй лæдæрдтæй, ке нæбал райервæззæй, уой, ма си хъæбæр ракурдта, цæмæй æ хæдзарæбæл сæрæгасæй ку исæмбæла, уæд ин æнæмæнгæ бабæрæг кæна æ бийнонтæ, радзора син æ хабæрттæ, кутемæй ма кæми фесавдæй, уони. Еци адæймагæн æхе бон не ссæй Чиколамæ иссæун, фал æ фуртæн ба сæ фæдздзурдта æгас хабæрттæ дæр, ма цалдæр анзи рацудæй, уотемæй еци фурт бабæрæг кодта Омари бийнонтæ. Æ фæстаг курдиадæ ин исæнхæст кодта.
Кæци рауæн æвæрд æй æ мард, йе бæрæг нæй. Абони хеуæнттæ, æ байзæддæгтæ ин кумæ фæццæуонцæ къох байвæрунмæ, уой бæлвурд нæ зонунцæ. Йе уонæн æй зæрди нез. Фал си сæ сæртæ ба бæрзæндти хæссунцæ.
Фидибæсти тугъди рæстæги нӕ райони цӕргутӕ ци скъухтдзийнæдтæ бавдистонцæ, етæ зундгонд æнцæ æгас дуйнебæл. Нæ нцæ иронх сæ байзайæггæгтæй æма сæ имисунцæ. Кадæ син кæнунцæ.
Бабочити Э.

