(ӕцӕг хабар)
Ӕруалдзӕг ӕй. Заманай хорбӕнттӕ никкодта. Базмалдӕнцӕ нӕ колхози косӕг адӕн. Рӕстӕгмӕгонд стани рӕвдзӕй ӕрлӕудтӕнцӕ ӕртӕ фордзон трактори. Косгутӕ сӕбӕл куд нӕ цийнӕ кодтайуонцӕ! И стан каубидӕй рацъапп кодтонцӕ. Ӕ сӕр ин ӕнгон, гъӕмпӕй ӕрӕмбарзтонцӕ, ӕ фӕрстӕ ин дувӕрццӕг ракодтонцӕ. Дууӕ, ӕртӕ лӕги кӕми бахсӕвеуат кӕна, уӕхӕн хатӕн си ӕма хуӕрӕндонӕ. Исон фиццаг ауӕдзӕ ракӕндзӕнӕнцӕ, уотӕ ‘й сӕ фӕндӕ.
Будуйрон куститӕ райдӕдтонцӕ Хумидайӕни кувдӕй. Фус равгарстонцӕ ӕма тракторон бригади иуӕнгтӕ, уӕдта разамунд бакъуар ӕнцӕ. Госгай арахъӕй бакувтонцӕ Хуцаумӕ, Ельяйӕй курдтонцӕ, ӕ хуарзӕнхӕ сӕ куд уа. Исонмӕ, куст райдайуни туххӕй ниффӕндӕгӕнгӕй, адӕн гъӕумӕ раевгъудӕнцӕ.
Стани ма байзадӕнцӕ Еристау ӕма Тотраз. Еристау ӕ тӕккӕ дзамани лӕг — бӕзӕрхуг, цуппӕрдегъон. Цӕхӕри хузӕн гъӕйтт, кустадзагъд. Тас ка нӕ лӕдӕрдтӕй, фӕллад ка нӕ зудта. Тотраз ба — хуӕрзӕвзонг лӕхъуӕн. Ауӕхӕн рауӕн некӕд фусун кодта. Фал Еристауи хӕццӕ цӕмӕй тӕрсуй. Е ӕхуӕдӕг ӕнӕгъӕнӕ ӕфсад ӕй.
Хор нигулӕнмӕ дзӕвгарӕ ракъолӕ’й. Бунатгӕстӕ рӕвдзӕ кодтонцӕ ӕхсӕвеуат кӕнунмӕ. Рафснайдтонцӕ медӕгӕй, уӕдта стани фалдзостӕ. Еристау фусдзарбӕл цӕнхӕ рарӕгӕдта ӕма’й къуӕцӕлтӕбӕл райтигъта. Ӕвгъау ӕй, зӕгъгӕ, заманай цар. Ис ӕй хъел кодта хуӕрӕндони фӕсдуар. Ӕвгӕрдӕни — тоги игъӕститæ уӕдта хуӕруйнаги уӕлдӕйттӕ бунатӕй изолдӕр фӕххастонцӕ. Еристау уотӕ бакодта, зӕгъгӕ, изӕри нӕмӕ сау гъӕдӕй нӕ дӕндаггин, цъӕхцӕстӕ «лимӕнтӕ» ӕрзиннуниау ӕнцӕ, ӕма уонӕн дӕр сӕ хай цӕттӕ уӕд.
Уотӕ сӕбӕл, зелӕнтӕгӕнгӕй, ӕрбаталингӕ ‘й. Ци бонихуарзмӕ ма ӕнгъӕл кастайуонцӕ. Фанар ӕрниллӕг кодтонцӕ ӕма сӕхе гъӕмпин листӕнбӕл ӕруагътонцӕ. Берӕ уозун сӕ нӕ багъудӕй, — рафунӕй ӕнцӕ.
Бонӕрдӕмӕ ба берӕгътӕ бунати рӕбунӕй се’ стонг хъурихӕтӕлтӕ ниййефтигътонцӕ ӕма зӕрдихалӕн ниудт никкодтонцӕ. Мӕнӕ, цума, ӕндеггӕй нӕ, фал меддуар адтӕнцӕ, сӕ уӕлгъос, уотӕ.
Еристау дзоруй Тотразмӕ:
— Ӕллӕх, нӕ дин загътон, нӕ «лимӕнтӕ» нӕ бӕрӕг кӕндзӕнӕнцӕ. Ӕма тӕрсгӕ ма фӕккӕнӕ: нӕ фӕрӕт — сӕрдасӕни хузӕн, сагойнӕ дӕр — тӕккӕ рацӕуӕни, фанар нӕмӕ.
Нур берӕгътӕ уотид неугӕ нӕбал кодтонцӕ, фал бунати алливарс кинзелӕ кодтонцӕ. Ӕппунвӕстаг хуӕрӕндонӕ рдигӕй кауи къӕс-къӕс игъусун райдӕдта. Ӕвӕдзи, и фусдзари тӕф се ’смотӕнтӕбӕл уадӕй, ӕма, ести ӕнгъӕл, медӕмӕ томар кодтонцӕ. Архайдтонцӕ кауӕ сӕ дзӕмбутӕй ихалунбӕл, сӕ дӕндӕгутӕй ӕй, еци гъиггагӕй, ӕхсидтонцӕ.
Уони хъурдохӕнмӕ лӕгтӕ сӕ дарӕс ракодтонцӕ. Еристау лӕдӕрдтӕй: берӕгъти хӕццӕ син тохгӕ уодзӕнӕй ӕма нифс ӕвардта Тотразӕн, зӕгъгӕ, мацӕмӕй тӕрсӕ, ду мӕмӕ ӕрмӕстдӕр фанар дардзӕнӕ. Ӕндӕра сӕ мӕхе бӕрагӕ уадзӕ. Мӕйрохс — бони хузӕн, е дӕр нин агъаз уодзӕнӕй.
Уӕдмӕ и берӕгътӕй кӕцидӕр стани сӕрмӕ фӕууӕлбилӕ’й, гъӕмпӕ рӕдзӕхсӕн кӕнуй, гъӕйттӕй архайуй бунмӕ ӕрбурунмӕ. Ӕма мӕнӕ ӕрзиндтӕй, ӕ тъупп зӕнхӕбӕл фӕццудӕй. Еристау ӕй хизта сагойнӕ ӕргъувдӕй. Дзоруй Тотразмӕ:
— Атт, фанар радарӕ!
— Кӕми! Тотраз нӕ рандиудта, фанар нӕ ниррохс кодта. Фал, Хуцау хуарз, Еристау мӕйи рохсмӕ дзӕбӕх уидта и гиаури.
Лӕг каудуар фегон кодта ӕма ймӕ рансанста. И сирд хуӕрӕндони къуми, ӕвӕдзи, тӕссӕй дзодздзӕги ӕрбадӕгау кодта. Мӕйрохсмӕ ӕрттивтонцӕ ӕ агъазиау цӕститӕ, лӕборунӕрвонгӕй ӕ хӕлеугъӕлӕсӕй уорс дӕндӕгутӕ дзӕбӕх зиндтӕнцӕ. Еристау фӕццурддӕр ӕй, — сагойнӕй ӕй е ‘цӕгӕй барӕхуста. Цуппарсугон ин ӕ хорхи хӕтӕлти ниссагъта ӕма ’й е ’ндон иуӕнгтӕй къуммӕ нилхъивта. Сирдӕн уайтагъд ӕ хӕр-хӕр исцудӕй, ӕ гӕндзӕхтӕ цагъта. Нӕ’й исуагъта еу дзӕвгӕрттӕ. Ӕма, дӕ фудгол уотӕ, ӕргъос ӕй.
Ӕндегӕй ба е’мбӕлтти дессаг хӕланст - хулунст цудӕй, медӕмӕ томар кодтонцӕ. Ка’й зонуй, фӕндадтӕй сӕ се ‘мбали баергъӕв кӕнун. Тас, ӕфсӕрмӕ нӕбал лӕдӕрдтӕнцӕ.
Еристау е’цӕгӕй истӕлтӕг ӕй. Каудуар фегон кодта ӕма сӕмӕ заманай фатхъӕдӕ бӕхъи хӕццӕ ӕхе ратардта. (Цал адтӕнцӕ — еу, дууӕ, ӕртӕ... фондз.) Ӕр сӕ тӕрӕнгатӕ кодта. Дзӕбӕх си ке ӕрӕргъӕвидӕ, е фӕттугул уидӕ, кенӕ ба ӕ къес-къос исцӕуидӕ. Уотемӕй сӕ хуарз «ӕрхинста». Фал ма ймӕ аллирдигӕй лӕбурдтитӕ кодтонцӕ. Лӕг ба нӕ састӕй. Ӕрӕги-дурӕги ба ймӕ Тотраз дӕр фанар радардта. Берӕгътӕ фӕттӕрсӕгау кодтонцӕ и рохсӕй, сӕ тохун ба уӕддӕр нӕ уагътонцӕ.
Ка’й зонуй, куд адтайдӕ, ци адтайдӕ! Фал уӕдмӕ искӕсӕн ба цъӕх-цъӕхид ӕй. Гъӕуӕрдигӕй дӕр исигъустӕй бричкити дӕгӕрна. Е — гъӕддзаутӕ низгули ӕнцӕ. (Гъӕдӕмӕ над станмӕ хӕстӕгути цудӕй).
Лӕгтӕ ӕма бричкити дзӕфхъу хӕстӕгӕй хӕстӕгдӕр кодта. Берӕгътӕ сӕ бон низзудтонцӕ. Ӕма, фӕстӕмӕ фӕккӕсӕ-фӕккӕсӕгӕнгӕй, гъӕдӕрдӕмӕ расинк синк кодтонцӕ еу гъӕуаггинӕй.
Къибирти Амурхан