Новости

Арти рохсмӕ

(Фиййауи тетрадæй)
Хуӕддзоргӕ киунугӕ
Цума ци уаййанӕ мах-Тарӕ коми уотаргӕстӕ -лӕхъуӕнти къуар ӕнӕ Тотай? Ӕнӕ уой, ӕвӕццӕгӕн, нӕ цард ами, арф кӕмттӕ ӕма бӕрзонд хуӕнхти астӕу, уотӕ игъӕлдзӕг, уотӕ федауцӕ некӕд уайдӕ.
Зуст дзурд, ӕфхуӕрд загъд некӕд фегъустан нӕ хестӕрӕй: "Уайгӕ, биццеу, мӕ хор, Заури сауӕдонӕй дон исдавӕ"... "Цо, бабай карк, Къаурей хонхӕй нӕ бӕхӕргъаумӕ рагъӕуӕй кӕнӕ..." "Додо лӕгтӕ ракӕнайтӕ, додо лӕгтӕ, ӕнгъӕлдӕн, бабӕй, абони дӕр уӕ фусти дзогӕ Биай царди хуарз фӕххизтайтӕ. Сеʹфсес сӕ губунтӕбӕл бӕрӕг ӕй! Бакӕсайтӕ сӕмӕ, ба, раст уӕрдунти хузӕн ӕнцӕ, уӕрдунти"..
Гъе уотӕ фӕууй Тотаййӕн алкӕддӕр ӕ дзурди уаг, ӕ дзубандий гъӕдӕ.
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, цъух зӕрди дуар ӕй. Адӕймагӕн ӕ зӕрди уаг куд уа, ӕ цъухи дзурди уаг, ӕ цъухи дзурд дӕр уой ку неʹвдеса, уӕд нӕ федауй. Ӕма мах -Тотаййи кӕстӕртӕ, ӕ фиййау ӕнбӕлттӕ, уобӕл сек некӕд нецӕмӕй ӕрхастан уой туххӕй. Сек нӕ, фал ӕ хӕццӕ косунӕй, цӕрунӕй некӕд бафӕлмӕстан, ӕ тауӕрӕхътӕмӕ игъосунӕй ин некӕд бафсастан...
Тотаййи хӕццӕ фиццаг хатт дзӕбӕх базонгӕ дӕн фондз анзей разӕй. Ӕз уӕд каст фӕдтӕн гъӕууон скъолай дӕсӕймаг кълас. Мӕ зӕрди адтӕй горӕти институтмӕ бацӕун. Фал уордӕмӕ экзаментӕ неʹсфӕразтон. Фӕстӕмӕ ӕрцудтӕн гъӕумӕ. Уӕлдӕр скъоламӕ ке нӕ бахаудтӕн, уой нӕ кой кодтон: ӕгадӕ мӕмӕ кастӕй. Еу сахӕтти ӕгустӕй дӕр рабадтӕн. Фал адӕнӕй ци басосӕг кӕндзӕнӕ? Уайтагъд мин мӕ хабар базудтонцӕ колхози правлени ӕма мӕмӕ еу фӕззигон сӕумӕ рагигомау фӕдздзурдтонцӕ уордӕмӕ.
-Ӕвгъау лӕг дӕ, Гадзо, ду, дзӕгъӕлбадӕ кӕнунмӕ, Тарӕ коммӕ нӕ фиййауӕн гъӕуис. Уоми дӕр дин институтӕй лӕгъуздӕр нӕ уодзӕнӕй. Ахургӕнӕг дин си ес: хуӕддзоргӕ киунугӕ уомиʹй. Ӕ хӕццӕ еу минкъий рӕстӕг фиййау ку фӕууай, уӕд дӕ ӕ цорӕй дӕ къах некумӕбал рахӕсдзӕнӕй. Ӕхуӕдӕг дӕр ӕнбӕлттӕн дӕу хузӕн лӕхъуӕнтӕ агоруй, - гъе уотӕ мин загъта уӕд нӕ колхози сӕрдар. Ӕ дзурдтӕ мӕмӕ айуани хузӕн фӕккастӕнцӕ. Ӕвӕццӕгӕн, мин, зӕгъун, институтмӕ ке нӕ бахаудтӕн, уой мӕ цӕстӕмӕ даруй, ӕндӕра цӕй хуӕддзоргӕ киунуги, цӕй ахургӕнӕги кой кӕнуй! Мӕстгун дӕр радӕн колхози сӕрдармӕ, фал мӕхе бауорӕдтон ӕмаʹй бафарстон:
-Каʹй еци хуӕддзоргӕ киунугӕ? Ке багъудӕнцӕ мӕн хузӕн лӕхъуӕнтӕ Тарӕ коми уотӕ ахсгиагӕй?
Колхози сӕрдар мӕ фарстбӕл игъӕлдзӕгӕй бахудтӕй ӕма загъта:
-Тотай, мӕ хор, Тотай - нӕ фиййаути хестӕр! Ду дӕс анзей скъола каст фӕдтӕ, е ба дӕс ӕма ӕртинсӕй анзи кӕсуй еци-еу скъолай - ӕхе скъолай. Хуӕддзоргӕ киунугӕ ӕй хонунцӕ. Айдагъ уой хӕццӕ базонгӕ уни туххӕн дӕр дин ӕнгъезуй Тарӕ коммӕ фӕццӕун. Фӕсмонгонд нӕ фӕууодзӕнӕ. Фӕлтау дӕхе бадзалан кӕнӕ ӕма фӕццо уордӕмӕ - уомӕн фиййау ӕмбалӕн!
Кӕд мӕ еугурон хъӕбӕр нӕ фӕндадтӕй Тарӕ коммӕ цӕун, уӕддӕр мӕ мӕ ӕнбӕлттӕ исразӕнгард кодтонцӕ. Институт баййивтон уотарбӕл.
Айдагъ ӕз нӕ дӕн, къуар ӕнцӕ Тотаййӕн ӕ кӕстӕртӕ. Нур цалдӕрӕймаг анз фиййауӕй хӕтӕн ӕ хӕццӕ. Цалдӕрӕймаг анз ин финсун ӕ тауӕрӕхътӕ. Хори дӕр, уаруни дӕр нӕ фонси хезӕнтӕ фӕуунцӕ сау гъӕдӕн ӕ арф кӕмтти, ӕ лигъз тъӕпӕнти. Хори дӕр, уаруни дӕр, ӕхсӕвӕ дӕр, бонӕ дӕр нӕ фӕлмӕцӕн нӕ фусти дзогтӕ, нӕ кӕрӕдземӕй...
Мӕ уод, мӕ цӕстӕ, рагуалдзӕг Тарӕ коми сӕрвӕттӕ ку райгъал унцӕ сӕ зуймон фунӕй, цъӕх хъӕдавӕйау ку ферттевунцӕ сӕ хонсӕрттӕ, цъеути зарун парахаттӕй ку райгъусуй и пазбунтӕй! Нӕ уорс дзогтӕ ӕзгулитӕй ку ӕрсабур унцӕ цъӕхбунбӕл! Фусти астӕуӕй еу ку бауасуй, ӕма ин сӕ кӕронӕй иннӕ дзуапп ку радтуй! Сӕ уасун, сӕ багъ-багъ син къӕдзӕхти дудзи гъӕр ку бафӕнзуй. Мадтӕл фустӕ дугӕйттӕ ку фӕззайунцӕ, ӕма сӕ Тотай ӕ нимӕти думӕгкаги уосонгӕмӕ ку фӕххӕссуй рӕвдауӕгау, сӕ хӕццӕ ку фӕййархайуй. Мах ба ин ӕнхус ку фӕккӕнӕн...
Кенӕдта фӕззӕг таухуӕруни тар гъӕди бӕлӕстӕн сӕ бор сифтӕртӕ зӕнхи барӕ ку баунцӕ, думгӕ си еугаййӕй ку фӕгъгъазуй, ставд тӕрситӕн сӕ зад тиллӕг сӕ бунмӕ ку ӕрӕгъзӕлуй, тӕнӕг кӕртӕй, хоритауӕнӕй ку фӕллӕууй, ӕма си фурти дзогтӕ мурт-мурттӕй мийнасӕ ку фӕккӕнунцӕ...
Уӕлдай ӕхцӕуӕндӕр фӕуунцӕ фиййӕуттӕн таухуӕрӕни фӕззигон ӕхсӕвтӕ. Еци афони бон ӕгӕр исцубур уй. Хор хуӕнхти фӕсте ӕхе ӕгӕр раги ӕрримӕхсуй. Фӕсхорӕфтуди изӕр-рохситӕ ма кӕд дзӕвгарӕ рахӕссунцӕ, уӕддӕр талинги тӕлмитӕ мингийгай ӕрбагъузунцӕ фиййæутти бунатмӕ, къолӕсӕр уосонгӕмӕ. Мингийгай ӕринцайуй сӕ фӕлдзос. Уӕдта син сӕхе дӕр бамбӕрзуй: фалдзос ӕрдзӕ, гъӕдтӕ-кӕмттӕ бакъуру, бакъуӕтти унцӕ...
Таухуӕрӕни фиййӕуттӕн уӕхӕн ӕхсӕвти сау гъӕди ӕнӕ устур арт нӕ федауй. Цийфӕндуй арӕх ку гоц кӕнонцӕ еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ, цийфӕндуй тагъд ку ӕййевонцӕ сӕ хезӕн бунӕттӕ, сӕ фусунуат, уӕддӕр гъӕуама фиццагидӕр сӕ нӕуӕг бунати фӕззинна къолӕсӕр уосонгӕ, уӕдта арт. Ӕнӕ уони таухуӕрӕни фиййæуттӕн ӕхсӕвӕ нӕ федауй...
Нӕ хестӕр Тотаййӕн хезнитӕ ӕма уосонгуӕттӕ зундгонд ӕнцӕ. Уомӕн зундгонд ӕнцӕ ӕгас сау гъӕди тъӕпӕнтӕ, ӕрдозтӕ, лигъзитӕ ӕма къулдунтӕ, дӕнттӕ ӕма сауӕдӕнттӕ, мӕртӕ ӕма уосонгуӕттӕ. Уонӕн ба ин сӕ еугуремӕн дӕр ес бӕлвурд нӕмттӕ: сӕ нӕмтти хӕццӕ ба баст ӕнцӕ сӕ историтӕ. Бафӕрсетӕ уонӕй алке туххӕй дӕр Тотаййи, цӕмӕн хуннунцӕ "Къуӕрей хонх", "Сӕгъгӕси лӕгӕт" "Бийай цадӕ", "Сӕггъазӕн", "Ӕсгумей тъӕпӕн", "Цегерай ком", "Дорӕги цӕгат", "Ӕрсити хед", ӕма уин ӕрдзордзӕнӕй кенӕ рӕсугъд кадӕнги хузӕн, кенӕ ба ӕцӕг хабарау, ци номӕй ӕй бафӕрсайтӕ, гъе уой тауӕрӕхъ...
(Уодзæнæй ма)
БЕСАТИ Тазе