• Главная
  • СКЪОДТАТИ Эльбруси исфæлдистæдæй

Новости

СКЪОДТАТИ Эльбруси исфæлдистæдæй

НÆ БÆСТÆ

Ку есон дӕ, нӕ бӕстӕ,
Мӕ цъухӕй фур бӕрзонд, 
Ци зӕгъдзӕн нӕуӕгӕй 
Цъухгиндӕртӕн мӕнӕй?
Нæ дзоргӕй дин, ӕррӕстӕ, 
Аз уарзун дӕ исконд, 
Куд бӕрзонди бӕрзонд, 
Куд амонди амонд, 
Куд мӕ уод, куд мӕ цӕстӕ, 
Куд будуртӕ, бӕлӕстӕ, 
Куд нӕ уорссӕр хуӕнхбӕстӕ, 
Куд уарзондӕр гъӕлӕстӕ, 
Куд гъар хортӕ дӕ фӕзти. 
Кедӕртау нӕ гъӕргӕнгӕй, 
Мӕ зӕрди дин дарун 
Фулдӕр уарзт ӕнӕмӕнгӕй, 
Нидӕнӕй дин зарун.
 
УОДИ ЗАР
 
Фӕддунд ӕй арви мегъин хъӕппӕл, 
Уазал уӕлдӕф рацӕй цидӕр гъар, 
Мӕ тар аууон хӕтуй мӕ фӕдбӕл, 
Фӕлорс тунтӕй гъаруй нидӕн зар.
Лӕкъун рохсӕй зӕрдӕ фӕлмӕцуй, 
Фал мӕйрохс! 
(Нӕдӕр рохс, нӕдӕр тар!) 
Иуӕнгтӕбӕл рӕуӕг исхуӕцуй 
'Ма фестуй мӕ монцтӕн цирагъдар.
Уоди зарбӕл исдӕн сонт ӕрхун. 
Минмурон цагъд! О, ирд цӕстисуг!
Азӕлуй, агайуй зӕрди бун, 
Ма фӕгъгъос уо, кӕнгӕй дузӕрдуг...
 
***
Мæнӕ 'й деденгути бӕстӕ,
Дигорӕ уодбӕл баст! 
Дӕуӕй куд не 'фсӕдуй цӕстӕ, 
Уӕлӕбӕл дзенет, раст...
Мӕнӕ цади рӕбун фӕзӕ, 
Зӕлдӕ си ирдгӕй фаст. 
Рӕзбун! - Зӕу-зӕу кӕнуй рӕзӕ,
Фӕткъу рахуӕрӕ, раст.
Мӕнӕ не 'взонги игуӕрдӕн, 
Къахвӕдтӕ, евгъуд уарзт. 
Ӕма куд ӕй зинаргъ зӕрдӕн 
Фӕрбуни мӕргъти гъаст!
Мӕнӕ ӕрвон рохс куд кӕлуй, 
Цӕй ирд ӕй хори каст! 
Æма ӕхсӕрдзӕнбӕл змӕлуй 
Сослани 'ндури саст.
Мӕнӕ 'й деденгути бӕстӕ, 
Муди тӕф - рӕзбунӕй.
Ами не 'рцъундӕ уй цӕстӕ, 
Фал си ниуун фунӕй...
 
БÆЛÆУ ÆМА ГÆЛÆУ
Арви дунгӕ - дӕ буни, 
Сӕгъзӕрийнӕ бӕлӕу.
Мæн уинис къуру къуми, 
Æз - фудхийнӕ гӕлӕу.
Симӕр цъӕсти 'й мӕ бӕстӕ, 
Уӕрмити 'й мӕ амонд. 
Римӕхсун хори цӕстӕй 
Мӕ фудконд уоди конд.
Фӕрдугӕнгъӕл ма скъахӕ 
Мӕ курмӕгонд цӕстӕ.
Фал фӕссорӕ, раздахӕ 
Мӕ хӕран 'ма мӕстӕ.
Зини мӕмӕ ӕртахтдӕ, 
Мӕ мӕгурбӕл кӕун. 
Лӕдӕрун ӕй, хуӕрзкъах дӕ, 
«Хуӕрзбазур» ди зӕгъун.
Ду зонис зӕнхӕбӕл дӕр 
Адӕймагау цӕун. 
Ду каис уӕлдӕфӕй дӕр, – 
Хицӕй дӕмӕ мӕлун.
Ду мӕнӕй рӕсугъддӕр дӕ, 
Цӕрӕг уод дӕн ӕз дӕр.
Ду менӕй ӕвуддӕр дӕ,
Фӕммӕкӕнӕ хуӕздæр!
Ду мӕнӕй изӕддӕр дӕ, 
Исмӕкӕнӕ тӕхун! 
Мӕн гъӕуй хӕлар зӕрдӕ,
Зин мин ӕй гæлӕу ун.
 
***
Сугъзӕрийнӕ ӕхсед! 
Лӕдӕрсуй цъетедон, 
Æнвӕрсуй гъар ӕсмӕбӕл цӕргӕс! 
Дагъгун хуӕнхтӕбӕл мет 
Нӕбал ес сӕрдигон, 
Зӕлдӕ си ӕривардта пӕлӕз.
...Уод цидӕр агайуй, 
Раст, Дигори Ана 
Ӕригъал ӕй махӕн нӕуӕгӕй! 
Цӕститӕбӕл уайуй 
Задӕлесги Нана, 
Рохс уадзуй сау дарӕси, уӕгӕй...
Ковӕндонӕмӕ над! 
А ба ций? Еркӕсӕн! 
Сикъевӕд... мулдзугути зобат...
Дойнаг дортӕ ӕхснад! 
Сӕ уӕллӕй арӕсӕн, 
Дигорон Айдарухъи бунат...
Лӕдӕрсуй зӕрӕхсед, 
Цъӕх-налмас цъетедон! 
Лӕг фестуй уӕхӕн бӕсти цӕргӕс... 
Дагъгун рæгътӕбӕл мет 
Æртайуй сӕрдигон, 
Зӕлдӕ си ӕритауй пӕлӕз...
 
ÆРХУН
Нур ма сӕлунцӕ и къӕрӕзтӕ, 
Кӕнуй мет къӕхти буни «хӕрст». 
Нур ма хуссунцæ и бӕлӕстӕ, 
Се 'ргъӕвст цӕнгтӕ кирсӕй ӕмбӕрзт.
Нур ма не 'фтуйуй ӕ хуарз зӕрди 
Æрдзӕн фезгули ун сонтӕй.
Нур ма цӕруй маргъ ӕ гъар бӕсти, 
Тургъӕ ма федауй согтӕй.
Нур ма нӕ уадзуй æ бӕдоли 
Мадӕ гъӕунгӕмӕ фестӕй.
Мӕн ба ка уорама ӕ цори, 
Мӕнӕн ба ка тӕрса незтӕй?
 
***
Бон хӕссунцæ рӕсугъд дзиллӕ, 
Хор нийтинг ӕй сӕрдигон, 
Амонуй мин мӕ хъибиллæ 
Царди нисан ӕхсицгон.
Æй гъӕунгӕ мулдзугӕзмӕлд, 
Рӕсугъд кизгутти бӕз-бӕз! 
Зӕрди бунмӕ рӕуӕгӕвнӕлд, 
Сӕрзелӕггун си дӕн ӕз.
Мӕргъти зартӕ парки къумӕй 
Уод уозунцӕ къӕл-къӕлӕй, 
Фал се стуф, цид, ӕрнидӕн уй 
Терки дони хӕл-хӕлӕй.
Ехх, хӕссетӕ мӕ, базуртӕ, 
Коми думгау, рӕуӕг къох! 
Ас-Дигори лигъз будуртӕ 
Мӕ фуни уинун ӕдзох...
Бон хӕссунцæ рӕсугъд дзиллӕ, 
Хор нийтинг ӕй сӕрдигон. 
Æздахуй мин и хъибиллӕ 
Евгъуд догӕмӕ ме 'ргон.
Далӕ Дони устур форди 
Ленк кӕнунмӕ цӕттӕ дӕн. 
Мӕ фиддӕли - ӕнамонди 
Рагдзаманти фӕдтӕбӕл.
Æрсизелон, — уӕйуггуртӕ 
Кӕми кодтонцӕ фудтох... 
Ас-Дигори лигъз будуртӕ 
Мӕ фуни уинун ӕдзох...