Нарти Уацамонгӕ
Еу бон кӕми адтӕй, уоми Нарти адӕм Уацамонгӕбӕл дзорун райдӕдтонцӕ. Хӕмицӕй фӕстӕмӕ еугурӕй дӕр ӕрдзурдтонцӕ, фал Уацамонгӕ Сослани дзурдтӕбӕл еу минкъий исирадӕй, иннети дзурдтӕй ба сибиртт дӕр некӕбӕл искодта.
Уӕд Хӕмицмӕ ӕрхъӕрттӕй дзурди барӕ, фал син нӕ арази кодта:
-Мӕ фурт Батрази ӕной уин неци зӕгъдзӕнӕн,- зӕгъгӕ.
Ӕма Батрази ӕрцудмӕ ӕнгъӕл кӕсун райдӕдтонцӕ. Батраз ба еци бон хӕтуни адтӕй ӕма гъӕумӕ куд рараст ӕй, уотӕ ибӕл еу уӕйуг рамбалдӕй. Батраз ӕй фӕрсуй:
-Ци хуӕздӕр хабар ракӕнай, кӕд Нарти фалдзос ескӕми адтӕ, уӕд?
Уӕйуг дӕр ин загъта:
-И Нартӕмӕ еу хабар ес: ӕримбурд ӕнцӕ сӕ Устур нихӕси ӕма Уацамонгæбӕл дзорунцӕ, дӕу фидӕ Хӕмиц ба син нӕ комуй ӕнӕ дӕу дзорун, ӕма е скъелтӕбӕл фиййаукуййи бадт искодта, уотемӕй дӕмӕ ӕнгъӕл кӕсуй.
Батраз ӕ церхъӕй уӕйуги ӕркъуӕхтӕ кодта:
-Ду ба фиййаукуййи хузӕн ке фиди хонис, - зӕгъгӕ, ӕма ранӕхстӕр ӕй сӕ хӕдзарӕмӕ.
Ӕрхъӕрттӕй ӕма имӕ Ӕхсийнӕ дзоруй:
-Циʹй а, биццеу, кӕми фесафтдӕ? И Нарти адӕм Уацамонгӕбӕл дзорунцӕ, дӕ фиди дин батухсун кодтонцӕ ӕма имӕ никкӕсун гъӕуй.
Батраз дӕр ин загъта:
-Уӕй, нана, уобӕл тухсгӕ ма кӕнӕ, хуӕруйнаг мин ести февӕрӕ, уӕдта Хуцау ци зӕгъа, е уодзӕнӕй.
Ӕхсийнӕ низзелӕнтӕ кодта ӕма ин ӕмидзаг тумбул фингӕ райаразта.
Батраз ӕхе хуарз фӕууидта, уой фӕсте ба Нарти тумугъмӕ рацудӕй. Ку рацудӕй, уӕд Нарти адӕм Хӕмицмӕ дзорунцӕ:
-Зӕгъӕ гъенур дӕ зӕгъуйнаг, -зӕгъгӕ. Батраз уой ку ӕригъуста, уӕд син загъта:
-Мӕ фиди бӕсти дзурди барӕ мӕнӕн раттетӕ, кӕд аккаг ӕй, уӕд.
Ис ин арази ӕнцӕ Нартӕ, ӕма Уацамонги сӕргъи ӕрлӕудтӕй. Ку ӕрлӕудтӕй, уӕд имӕ Хӕмиц дзоруй:
-Биццеу, зӕгъуйнаг зӕгъӕ, ӕнӕзӕгъуйнаг ма зӕгъӕ!
Цӕй зӕгъуйнаг ӕма ӕнӕзӕгъуйнаг, зӕгъгӕ, загъта Батраз, и сӕумон идаугутӕй авд куд рамардтон, уой цацӕг зӕгъун, уацӕг Уацамонгӕ мӕ фидӕн ӕ уӕраги сӕртӕмӕ исирайӕд.
Уацамонгӕ Хӕмици уӕраги сӕртӕмӕ исирадӕй. Хӕмиц бабӕй имӕ дзоруй:
-Биццеу, зӕгъуйнаг зӕгъӕ, ӕнӕзӕгъуйнаг ма зӕгъӕ!
-Мадта изӕйрон изӕдтӕй дӕр аст куд рамардтон, уой цацӕг зӕгъун, уацӕг дӕр Уацамонӕг мӕ фидӕн ӕ ронбастмӕ исирайӕд.
Уацамонгӕ Хӕмици ронбастмӕ исирадӕй ӕма бабӕй Хӕмиц дзоруй:
-Биццеу, зӕгъуйнаг зӕгъӕ, ӕнӕзӕгъуйнаг ма зӕгъӕ!

Батраз ба загъта: "Хуалердари фурт Борхуар Алийи дӕр ӕз ку рамардтон, уой цацӕг зӕгъун, уацӕг дӕр Уацамонӕгӕ мӕ зӕронд фидӕн ӕ рехӕмӕ исирайӕд ӕма си мӕ фидӕ ӕртӕʹлвӕси никкӕнӕд!"
Уацамонгӕ Хӕмицӕн ӕ рехи уӕнгӕ исирадӕй ӕма си ӕртӕʹлвӕси никкодта.
Уӕд уалдӕнги Хуалердар Уацамонги хурфи хъоппӕгъи хузи бадтӕй ӕма ӕ фурт Борхуар Алийи хабар куддӕр райгъуста, уотӕ уордиги ралӕуирдта: "Уогӕ ба Борхуар Алийи сумах рамардтайтӕ", -зӕгъгӕ, ӕма мӕнӕуи ӕфсерӕбӕл фӕххуӕстӕй, ис ӕй ӕмбурд кодта, ʹма ма си минкъий куд райзадӕй, уотӕ ба имӕ Уасгерги дзоруй:
-Уӕддӕр ма си мӕнӕн къерехуар ниууадзӕ!
Фӕсси уагъта, ӕхуӕдӕг ба хуари ӕфсерӕмӕ февналдта ӕма уой ӕфсерӕ дӕр исӕмбурд кодта. Уасгерги бабӕй имӕ дзоруй, уӕддӕр ма си мӕн бӕхӕн сайӕнхуар ниууадзӕ, зӕгъгӕ, ӕма ин ниууагъта уомӕй дӕр.
Уӕди уӕнгӕ мӕнӕуӕн дӕр ӕма хуарӕн дӕр сеʹфсертӕ сӕ едӕгти уӕнгӕ хъӕрттӕнцӕ, фал уоци бонӕй фӕстӕмӕ мӕнӕуӕ ʹма хуари ӕфсертӕ, нур цӕй ӕстӕʹнцӕ, уой ӕстӕй зайун райдӕдтонцӕ. Нарти адӕмӕн ӕхцӕуӕн кӕми адтайдӕ, фал ма син ци гӕнӕн адтӕй ӕма рахӕлеу ӕнцӕ. Батрази лӕгигъӕдтӕ Нарти адӕм уӕд базудтонцӕ.
Киунугӕ "Нартӕй" ист.