Маддӕлон ӕвзаг иронхи бунати ма уӕд
21 феврали æгас дуйней дæр бæрæггонд цæуй маддæлон æвзаги бон. Аци бæрæгбон уотæ раги нæ фæззиндтæй, бæрæг кæнун æй райдæдтонцæ 2000 анзи. Æвзаг æй адæми устурдæр хæзна, кæцимæй сæрустур гъæуама уа алли адæмихатт дæр. Йе ´взаги фæрци адæймаг аргъ кæнун кæнуй æхецæн, æ истори æма æ культурæн, йе ´гъдæуттæ æма æ традицитæн, се ´гас ратæдзӕнтæ æма хецæндзийнæдти хæццæ.

Ахургæндти официалон бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ дуйнебæл ци æвзæгтæ ес, уони нимæдзæ хъæртуй 6 – 8 минемæ. Уонæй 40% бæрцæ исæфти къахбæл лæуд æнцæ. Æрмæст Уæрæсей уæхæн æвзæгти нимæдзæ æй 136 уæнгæ. Ма хъæбæр гъулæггаг æма ходуйнаг куд нæй Иристони цæргутæн, аци æвзæгти æхсæн ирон - дигорон æвзӕгтæ дæр ке æнцæ, еци гъуддаг. Цæгат Иристони цæргути нимæдзæ хъæртуй 693 449 адæймагемæ. Уонæн сæ 75 % сæхе хонунцæ ирæнттæ. Фал, дессаг, анзæй - анзмæ ба æ маддæлон æвзаг ка зонуй, ма си ка пайда кæнуй, етæ минкъийдæр кæнгæ цæунцæ. Уомæ гæсгæ, не ´взаг арæх кæмæй пайдагонд цæуй, æма кæбæл дзорунцæ æ адæм, еци номхигъдæй гæлст æрцудæй, исæфти къахбæл ка лæууй, уони номхигъдмæ. Уогæ ба Республикæ Цæгат Иристон – Аланий Конституцимæ гæсгæ ирон æма дигорон диалекттæ уруссаг æвзаги рæнгъæбæл нимад цæунцæ паддзахадонбæл.
Кæд Иристони цæргутæй беретæ зонгæ нæ ´нцæ уæхæн нæмтти хæццæ, куд: немуцаг ориенталист Юлиус фон Клаперт, уæрæсейаг ертасæг, Финляндийæй рацæуæг, Андрей Шегрен, Всеволод Миллер æма академик Абайти Васо, кæцити сгарæн - ертасæн наукон куститæ ирон æвзагзонунади фæдбæл иссæнцæ зундгонд æгас дуйнебæл, уæддæр Хетæгкати Къоста ма Малити Геуæргий ба зонуниау æй алкедæр. Ма етæ ци дессаги аййев исфæлдистадæ ниууагътонцæ дигорон - ирон литератури, етæ ци дессаг зæлланггæнгæ æвзагæй низзардтонцæ се ´мдзæвгити, уой гъæуама исæфун куд бауадзæн. Туркмæ ци адæм фæллигъдæнцæ 19-маг ӕноси 50 – 70 æнзти, сайт сæбæл рауайгæй хуæздæр цард æнгъæл, етæ идард бæстæбæл нæ байронх æнцæ сæ маддæлон æвзаг, байгъæуай кодтонцæ ма ибæл сæ сæрмæ хæссунцæ дзорун. Ирон æвзаг ахур кæнунцæ Англий университетти куд алайнаг æвзаг. Махӕй ба беретӕ, Иристони цæргæй, сæ сæрмæ нæбал хæссунцæ сæ маддæлон æвзаг.
Æгас дуйнеон маддӕлон æвзаги бæрæгбони хуæдразмæ Ирæфи райони скъолати ахурдзаутæ æма маддæлон æвзаги ахургæнгутæ бабæрæг кодтонцæ Иристони цитгин фурттæ, нæ сæртæ бæрзæндти кæмæй хæссæн, еци ирон литератури бундорæвæрæг Хетæгкати Къоста æма дигорон литератури бундорæвæрæг Малити Геуæргий циртдзæвæнтæ райони культури Галауани тургъи. Байвардтонцæ сæбæл деденгутæ, куд ирон æма дигорон адæми æносон арфæ. Радзурдтонцæ маддæлон æвзагбæл æмдзæвгитæ.
Бæрæгбони архайгутæ: Ирӕфи райони ахуради управлений сæргълæууæг Хъæбæлоти Залим, нӕ райони «Стур Нихас»-и сæрдар Гуæцæлти Агубе, Хуасдзаути Тазӕрет сæ ранихаси дзурдтонцæ æвзаги устур нисанбæл, æ багъæуай кæнун æма æй кæдзосæй нæ иннæ фæлтæртæн ниууадзуни фарстатæбæл.
Нæ цард уоци уагбæл арæзт ку цæуа, не ´взагбæл ку ауодæн, алайнаг æвзаг цæмæй фæстæмæ æ бунат дуйнеон æвзæгти æхсæн æрахæсса, уобæл ку архайæн, уæд нæ исони бон уодзæй гъæздуг, рæсугъд æма æвæсмон.
Бабочити Э.