Поэзий къум
Зумӕг, ӕрхезӕ!
Кӕдмӕ хелдзӕй зӕрдӕрхъезӕй
Нӕ дзилагӕ, нӕ ахил?..
Ду уӕддӕр, зумӕг, ӕрхезӕ,
Ӕрцӕйуадзӕ дӕ тъӕфил.
Ком, гъӕрӕнгти ниццӕйхауӕ,
Барӕвдауӕ уод-дивил,-
Салд бауӕрбӕл ӕритауӕ
Фӕлмӕн уӕргъунау, уорс фил.
Кем ка хӕссуй нӕ фалдзосмӕ,
Фӕттогтарст уӕд ӕ йʹахил,-
Фӕццӕйледзӕд ни ӕносмӕ
Ӕ дзахӕнамӕ ивил.

Зуймон фун
Ци цъемос ӕй, нигъгъӕдӕг дӕн,
Ӕнсури мет - мӕ хуӕрнӕг,
И цайуаг дӕр мӕхуӕдӕг,
И цавддор дӕр - мӕхуӕдӕг.
Никъкъозо дӕн, ниццӕйгубур,
Фӕххуаста мӕ ӕнӕуаг
Соцъа бурдӕн, итигъд будур-
Ӕнӕкӕрон, ӕвӕндаг.
Цазӕ мегъӕ, ци гъӕуй дӕ
Мӕ тухст уодӕй, ци хуӕрзӕг?..
Дзӕбӕхӕй - ма, тӕходуйтӕ,
Ехх, иссерӕ дӕ уӕзӕг!..
Мамукъати Хъазбег
«Ирӕф» журналӕй ист, 2023 анз.