Мӕ ахургӕнӕг
Радзорун мӕ фӕндуй мӕ ахургӕнӕги туххӕй. Елджарти Хазбий Фидари фурт мӕнӕн ӕдтӕй мæ ахургӕнӕг авд анзей медӕгӕ. Хаста уӕхӕн предмет, куд математикӕ. Мӕ бон уой зӕгъун ӕй, ма Хазби ке ӕй сӕрӕн ӕма курухон, зундгин ахургӕнӕг.

Кӕстӕртӕн амонуй берӕ, хъиамӕт кӕнуй, архайуй ӕхебӕл, цӕмӕй уа нигки хуӕздӕр математик, ахид фӕууй ахургӕнгути къурсити дӕр. Ӕз нӕ лӕдӕрун, куд æмбӕлуй нæ уарзун Хазби Фидари фурти хузӕн ахургӕнӕги хӕццӕ математикӕ. Баамонуй нӕуӕг темӕ, ӕрмӕг ниффедар кӕнуй, фарстатӕ бахезуй ахурдзаутӕй, удта син сӕхе рахонуй доскъамӕ хинцуйнӕгтӕ хинцунмӕ. Ӕма ахурдзау уайтагъд фӕццӕфсуй ӕрмӕгбӕл.
Хазби берӕ ӕнзти косуй Мӕцути скъолай – интернати. Мӕ фидӕ дӕр ӕй фӕххонуй Хазби Фидари фурт, уомӕн ӕма уомӕн дӕр ахургӕнӕг адтӕй. Ӕма кӕд нæ синхон ӕй, уӕддӕр ӕй хонуй нур дӕр ма ном ӕма фиди номи хӕццӕ, уомӕн ӕма ӕй кадгин ахургӕнӕг. Берӕ цӕрӕ, мӕ дзӕбӕх ахургӕнӕг, хуарз ахурдзаутӕ дин уӕд кӕддӕриддӕр.
Сакъити Миленӕ, ЦИПУ-й журналистики факультети студенткӕ.