Новости

НÆХЕ АМÆТТАГ

 

Еу уалдзигон хор бони галтӕбӕл мӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Созури хӕццӕ фагус стойнӕй хумӕмӕ ластан. Цалдӕр уӕрдуни ку раластан ӕма фӕстӕмӕ хӕдзари тургъӕмӕ ку ӕрбахъӕрттан, уӕд нӕ кӕркитӕ, нихъхъуӕдат кӕнгӕй, ӕмхузонӕй дӕлбунтӕй хурдаст горени сӕрти тургъӕмӕ истахтӕнцӕ. Нӕ баст куй ба, минкъий ма, уӕд ӕ рӕхис дӕр ратудтайдӕ, уотӕ хъӕбӕр ӕхе цӕмӕдӕр тардта.

Ци хабар ӕй, — зӕгъгӕ, ӕз горени сӕрти рагӕп кодтон ӕма уинун — еу устур цӕргӕс карк зӕнхӕй ӕ дзӕмбутӕй куд исиста ӕма ин ӕ хъури буни фӕлмӕн зӕбӕлттӕ тӕхгӕ-тӕхун ӕ биринкъӕй куд тудта.

Æз устур дор зӕнхӕй фелвастон ӕма ибӕл ӕй фехстон, фал ӕй нӕ раргъавтон. Цӕргӕс идарддӕр кӕнун ке райдӕдта, уомӕ гӕсгӕ ӕй минкъийдӕр дорӕй фехстон. И дор цӕргӕсӕн ӕ тӕгкӕ сӕрбӕл исуадӕй ӕма карки хӕццӕ зӕнхӕмӕ ӕрхаудтӕй.

Æз Созурмӕ дзорун:

- Кард радавӕ, ӕз ба карк райахӕссон ӕма ’й равгӕрдӕн.

Цӕргӕси размӕ ку нихъхъӕрттӕн, уӕдмӕ карк дзӕмбутӕй исуӕгъдӕ ӕй ӕма кӕд тог калгӕ сонт гӕппитӕ кодта, уӕддӕр ӕй ниййахӕстон. Созур кард ку рахаста, уӕд карки нивгарстан ӕма ӕй хӕдзарӕмӕ исхастан. Фӕсарӕфтӕ, нӕ мадӕ кустӕй ку иссудӕй, уӕд ин Созур уотӕ зӕгъуй:

  • — Де ’ссудмӕ дин кустаг ӕрцӕттӕ кодтан, — ӕма ин каркмӕ байамудта.
    • — Аги дзаг си фунх фид ку ес, уӕд таунӕггор карк цӕмӕ нивгарстайтӕ? Кӕд уӕ зӕрдӕ карки фид агурдта, уӕд и уасӕнгитӕй нивгарстаййайтӕ, — загъта ин Батий.

Созур ин карки хабар ку радзурдта, уӕд ни фӕббоз ӕй ӕма нин загъта:

  • — Хъӕбӕр хуарз! Æгайти ма уӕ лӕгдзийнади фӕрци нӕ карк нӕхе амӕттаг фӕцӕй.

Тамати Таймураз