Хонхмӕ
Цалдӕр боней фӕсте Федар ӕма ӕ мадӕ саумон сатӕгбӕл ранӕхстӕр ӕнцӕ хонхмӕ. Хӕзнӕ ӕма Ирӕф кæми баеу унцӕ, уоци гъӕдин хедбӕл бахизтӕнцӕ ӕма дони билтӕ-билтӕ, игуӕрдӕнти ׳хсӕн къахвӕндагбӕл сӕ них исаразтонцӕ Дигоргоммӕ. Дессаги ирд саумӕ искодта. Дзӕбӕх зиндтӕнцӕ ардӕмӕ хуӕнхтӕ. Уазай цъопп цума хъӕбӕр хӕстæг адтӕй, уотӕ кастӕй адӕймагмӕ. Дӕлиау, бӕрзонд къӕхӕни буни, сур-сур кодта Ирӕф, ӕ бауоцифарс ба ӕрттивта цъӕхцъӕхид горцъейау рагон Кети ӕрдозӕ. Хор нӕма сбӕрзонд ӕй, уоййасӕ хъӕбӕр нӕма тавта. Бӕлццӕнттӕ, дзубандитӕгӕнгӕ, цубур кодтонцӕ сӕ фӕндаг.
Елхъабантӕбӕл исевгъудӕнцӕ, минкъий фӕстӕдӕр ба бӕлӕсти аууонӕй разиндтӕнцӕ Ӕхсӕрисӕри хӕдзӕртти гъосинӕй ӕмбӕрзт сӕртӕ. Уоми ба сӕ исӕййафта гъӕдласӕн машинӕ, исбадтӕнцӕ си ӕма цубур рӕстӕгмӕ исхъӕрттӕнцӕ Ӕрсакӕмӕ, гъӕдикустгӕнгути поселокмæ. Уӕзласӕн идарддӕр нӕбал цудӕй, ӕма бабӕй Катя ӕма Федари багъудӕй фестӕгӕй цӕун. Фал Федар ӕппундӕр нæ зийнадӕ кодта. Рагӕй нӕбал адтӕй аци фалдзостӕ ӕма ӕ алфамбулай ӕрдзӕмӕ кӕсунӕй не 'фсастӕй. Фӕндаг бахизтӕй еу арф адагӕбӕл, уӕдта иннебӕл. Арӕхӕй-арӕхдæр сӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ сауӕдӕнттӕ. Уотӕ хуӕрзадӕ адтӕнцӕ, ӕма си адӕймаг ниуазунӕй не ’фсастӕй. Сӕ рӕбун дортӕбӕл ратӕх-батӕх кодтонцӕ цӕрдӕг ӕнкъуӕлхитӕ, еу рауӕн ба Федари цӕстӕ ӕрхуӕстӕй ставд цъӕх хелагӕбæл дӕр. Бурӕг, ӕвӕдзи, ӕхе тавта сӕумон хори тунтӕмӕ уомӕл цӕфрӕбуни, фал адӕймаги згулийӕй фӕттарстӕй ӕма уайсахат арф кӕрдӕги ранигъулдӕй. Биццеу ӕй ӕ мадӕн загъта, уӕд ин Катя бауайдзӕф кодта, аци афони ами хъӕбӕр арӕх фӕуунцӕ хелӕгтӕ ӕма нӕгъӕуаги хӕмпӕлтӕмӕ хæстӕг ма цо, зӕгъгӕ. Сауӕнгӕ ма ин еу хабар дӕр радзурда.
Цӕветтонгӕ, цалдӕр анзей размӕ нӕдтӕбӕл косӕг бригадæ Тӕгӕр адаги аразтонцӕ нӕуӕг над. Ӕма и зӕронд хед ку райхалдтонцӕ, уӕд си рахаудтӕй стур къозой асӕ хелæгти къубулойнӕ. Дессагӕн ӕй дзурдтонцӕ уой фӕсте адӕн. И адагӕбӕл ба хелаггун бунати ном исбадтӕй.
Ӕцӕгӕйдӕр, Тӕгӕр адагӕмӕ ку бахъӕрттӕнцӕ, уæд Федармӕ уотӕ фӕккастӕй, цума арф коми бацудӕнцӕ. 3æронд, устур бӕлӕсти къадотӕ хори тунтӕ нӕ уагътонцæ ардӕмӕ, и уӕлдӕф адтӕй уомӕл ӕма сатӕг, адаги фӕхстæ нӕ зиндтӕнцӕ бӕзгин хъамил ӕма пъура кӕлдитӕй. Уӕхæн рауӕни бацудтӕ ӕма си неци сирд кенӕ бурӕгбӕл исцурæвӕрӕ дӕ, зӕгъгӕ, е адӕймагӕй зинтӕй байрагӕс адтайдæ.
Тӕгӕр адагӕ фӕстегӕй байзадӕй. Хуӕнхтӕ ба хӕстӕгæй-хӕстӕгдӕр кодтонцӕ. Дзӕбӕх зиннун райдӕдтонцӕ Цӕгати тӕнӕг нӕзи къохтӕ, минкъий уӕлдӕр ба - карст игуӕрдӕнти ласгути стъӕлфӕнтӕ. Рахезфарсӕй ба - уорс мегъти бунӕй бараггенӕй кастӕй дуйнемӕ Уаза.
Бӕлццӕнттӕ минкъийгай фӕллайун райдӕдтонцӕ. Федар фестӕгӕй цӕунбӕл ахур адтӕй, фӕразта ма, фал ӕ мади мӕтӕ кодта - уой размӕ Катя ӕ къах цӕбӕлдӕр бакъуӕрдта, æма ’й нур хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр гъигӕ дардта. Уӕдмӕ, куд Хуцау хуарз, ӕрбайгъустӕй матори гув-гув, фӕстӕдӕр ба ӕрбазиндтӕй машинӕ ӕхуӕдӕг дӕр. Уӕзласӕн идзаг адтӕй алли алцӕмӕй - цидӕр голлӕгутӕ, агоритӕ, уӕрдуни цӕлхитӕ кӕрӕдзебӕл цурхтӕй. Сӕ сӕрбӕл ба ма - адӕн. Фал син уӕддӕр шофер бауорӕдта. Исбадтӕнцӕ, куддӕрти-муддӕрти сӕхецӕн бунат искодтонцӕ.
Ци ма рацудӕй, уӕдта уӕзласӕн фӕммедӕг ӕй коми. Ӕхсинттӕ райдӕдтонцӕ. Рахезӕрдиги райзадӕнцӕ Дидинати ӕрдозӕмӕ хед, галеуӕрдиги ба Цӕгати игуӕрдӕнтӕмӕ над. Нарӕг хуӕнхаг фӕндагбӕл ӕ цуд фӕссабурдӕр кодта машинӕ дӕр. Бӕлццӕнттӕ нигъгъос ӕнцӕ, бӕрӕг адтӕй, кӕд дзоргӕ неци кодтонцӕ, уӕддӕр бустӕги ӕдас ке н’ адтӕнцӕ, сӕ устурдӕр мӕтӕ дзӕбӕхӕй бахъӕртунбӕл ке адтӕй, е.
Берӕ хӕттити фегъуста Федар, ами ци фидбилизтӕ ӕрцӕуидӕ, уой туххӕй. Уӕхӕн мӕйӕ н’адтӕй, ӕма, коми машинӕ, уӕрдун кенӕ фестӕгӕй цӕуӕг рахаудтӕй, зӕгъгӕ, нӕ рахабар адтайдӕ. Федар галеуӕрдӕмӕ ку бакӕсидӕ, уӕд си цидӕр нифс бацӕуидӕ - еци-еу ӕмир къӕдзӕхтӕ кӕрӕй-кӕронмӕ. Рахезӕрдӕмӕ ку разелидӕ ӕ сӕр, уӕдта барӕ-ӕнӕбари ӕ цӕститӕ ницъцъундӕ кӕнидӕ - дӕлиау кӕмидӕр коми нарӕги ирадӕй ӕма гур-гур кодта Ирӕф. Уӕхӕн нарӕг рауӕнтӕ, фӕззелӕнтӕ си адтӕй нади, ӕма еуӕй-еу хатт уӕзласӕни кӕройнаг цалх ауиндзӕгӕй райзаидӕ хауӕни сӕрмӕ. Уӕд Федар ниххуӕцидӕ ӕ мади къохбӕл. Катя ӕхуӕдӕг дӕр куд нӕ тарстӕй, фал уӕддӕр зӕрдитӕ ивардта биццеуӕн: «Ма тӕрсӕ, аци шофери ӕз зонун, уӕллагкоймаг ӕй, рагӕй косуй машинӕбӕл, фиццаг хатт нӕ цӕуй абӕлти...».
Уасгергий дори рази ӕрлӕудтӕнцӕ. Лӕгтӕ ӕрфестӕг æнцӕ, кӕмӕ ци адтӕй фӕндаггаг, ниуӕзтӕ, уони исистонцӕ, Уасгергий ном иссердтонцӕ. Федар дӕр, ӕ мадӕ ’ймӕ ке равардта, еци нисайнаги ӕхца ниггӕлста дори зихъири.
Ами еу усмӕ радзебӕл ӕнцӕ, уӕдта машинӕ рараст ӕй изолдӕр. Минкъий фӕстӕдӕр ба ком урухӕй-урухдӕр кӕнун райдӕдта. Бӕрзонд къӕдзӕхтӕ фӕйнердӕмӕ фӕццудӕнцӕ, цума дуйней рохсӕн, хори тунтӕн фулдӕр бунат лӕвардтонцӕ, уоййау. Разиндтӕнцӕ гъӕутӕ, рагон мӕсгутӕ, хумтӕ, игуӕрдӕнтӕ. Къадатӕмӕ фӕззелӕни рахизтӕнцӕ машинӕй, фӕндараст загътонцӕ шоферӕн, иннӕ бӕлццӕнттӕн ӕма гъӕуӕрдӕмӕ исхӕрд кодтонцӕ.
Хæмицати Морис