Сӕ арӕхстдзийнадӕн – дӕргъвӕтийнӕ къохӕмдзӕгъд
Культурон цардӕй
Ирӕфи райони Культури галауани хуӕдахур артистити сфӕлдистадон къуӕрдти концерттӕ ӕма гъастизӕртӕ а фӕстаг рӕстӕги устур ӕнхус ӕнцӕ нӕ республики рапарахат уогӕ националон проект «Семья»-й раирӕзтӕн. Урух ӕмвӕзади сӕ аллихузон равдиститӕ, фестивальтӕ ӕма еристи архайд дӕр фадуат радтуй еци проект нигки ахадӕггундӕр, цӕмӕдессагдӕр ӕма федардӕр кӕнунӕн. Нигки ба ма нӕ рагфиддӕлтӕй нӕмӕ сугъзӕрийни ивӕрӕнтау ци рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕма фӕткитӕ фарнӕ ӕма намуси хӕццӕ рацудӕнцӕ, уони дӕр ӕнӕййивд ирӕзгӕ фӕлтӕртӕмӕ раттунӕн дӕр ӕнцӕ сӕ устур рахуӕцӕнтӕ.
Ӕрӕги бабӕй, 22 сентябри, Чиколай Культури галауанӕй адӕмон сфӕлдистади курдиадгун къуӕрдтӕ устур концертон программи хӕццӕ бабӕрӕг кодтонцӕ Дигоргоми рӕсугъд ӕрдзи гъӕбеси ӕрӕнцайӕг туристон базӕ «Порог небо» - мӕ нӕ берӕнацион бӕсти алли къумтӕй уолӕфунмӕ ӕма ин ӕ ӕрдзи рӕсугъддзийнӕдтӕ фӕууинунмӕ, нӕ культури хӕццӕ базонгӕ унмӕ ка ӕрцудӕй, еци иуазгути.
Концерти архайгутӕ син ӕрмӕст сӕ аййев «Ӕгас нӕмӕ ӕрцо» - тӕй нӕ райгон кодтонцӕ сӕ зӕрди дуӕрдтӕ. Нӕ хуӕдахур артиститӕ сӕ кавдӕй, зардӕй ӕма аллихузон музыкалон инструменттӕбӕл цагъдӕй зонгӕ кодтонцӕ нӕ националон уодварни хӕзнати – не ﹸфсар, не ﹸгъдӕуттӕ ӕма фӕткити хӕццӕ. Цӕмӕдесӕй син сӕ алли фезмӕдмӕ дӕр бакасти фӕсте ба исаразиуонцӕ дӕргъвӕтийнӕ къохӕмдзӕгъд бӕрзонд бӕрӕггӕнӕн ин
дӕдтуни ӕвдесӕндарӕнӕн. Беретӕ ба си, сӕхе нӕбал ниууорамгӕй сценӕмӕ дӕр рацӕуиуонцӕ ирон кавди сӕхе бавдесунмӕ.

Концерт рахаста дзӕвгаӕ рӕстӕг ӕма ӕвдесгӕ дӕр бакодта нӕ адӕмихатти цардарӕзти культурӕ, адӕмуарзондзийнадӕ, уодварни хӕзнатӕ, бийнонти кадӕ, адӕмихӕттити хӕццӕ ӕнсувӕрон ӕма сабур цард нӕмӕ куд цитгин ивӕрди ӕнцӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Аци хузи фембӕлдӕй ба еугур архайгутӕ дӕр баизадӕнцӕ устур арфиаг ӕма аразийӕй.
Чихтисти Риммӕ.
Хузистити: концертон программи номертӕ туристон базӕ «Порог неби»