• Главная
  • Нӕ батухсти нӕ фарсмӕ цурд ӕрбалӕудтӕнцӕ

Новости

Нӕ батухсти нӕ фарсмӕ цурд ӕрбалӕудтӕнцӕ

 

    Толдзгуни гъӕуи скъолай куд алли анз, уотӕ ӕнтӕстгинӕй рацудӕнцӕ нӕуӕг ахури анзмӕ бацӕттӕ кӕнуни куститӕ. Боз адтан алцӕмӕй дӕр, фал нин нӕ цийнӕ, гъулӕггагӕн, ӕнӕнгъӕлти гъуддаг ӕрцуд фехалдта. Нӕ рӕсугъд бӕрӕгбонӕй еу къуӕре раздӕр скъолай фалдзос истудта скъоламӕ уагъд сӕйрагдӕр донуайӕн хӕтӕл. Бӕрӕг адтӕй хумӕтӕги кустӕй гъуддаг ке нӕ раевгъуйдзӕнӕй. Сувӕллӕнтти ӕрӕмбурд ба куд уодзӕнӕй ауӕхӕн уавӕри, зӕгъгӕ, катаййи бацудан. Ӕма, ӕндӕр ци? Нӕ фӕдеси уац уайтагъд фегъосун кодтан нӕ райони кустуат ГУП "Водоканал"- и сӕргълӕууӕг Цорити Русланмӕ.

Толдзгун

     Ӕвӕдзи уи газзеткӕсгутӕ ӕруагӕс дӕр нӕ бауодзӕнӕй, нӕ телефони бадзурдӕй Цорий - фурти хӕццӕ косгути сӕрмагонд бригади ӕрбахъӕрдтӕй, гъӕугӕ техники хӕццӕ, ка фӕрраздӕр ӕй, уой нӕ тухстӕй лӕдӕргӕ дӕр нӕбал бакодтан. Лӕмбунӕг ӕркӕститӕ кӕнгӕй ӕма куст куд хуӕздӕр хӕсгӕʹй уобӕл раунафӕ кӕнгӕй "дусфӕлдӕгъдӕй", зӕгъгӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, уотемӕй бригади иуӕнгтӕ Цӕрикъати Ермак, Пъинти Максим, Абазти Вовӕ, Тауасити Арсен, Хъарати Алик, Кертанти Зураб ӕма Бетрозти Эльбрус еци тӕвдӕ бони, ӕнӕзийнадӕй февналдтонцӕ рӕстӕг фӕстауӕрцӕ кӕнгӕй, кустмӕ. Алли специалистӕн дӕр бӕрӕг адтӕй ӕ кусти ихӕс - ка куста эксковаторбӕл, ка косӕн аллихузон агрегаттӕбӕл, ка ӕндадзӕги куст, ка ба кодта хумӕтӕги къохӕй куститӕ, уотемӕй, искъахтонцӕ дзӕвгарӕ "траншея" - 30 метри дӕргъцӕн. Сӕхе кустӕн гъӕугӕ ӕрмӕгутӕй, сӕумӕй изӕрмӕ еци уӕззау куст бакӕнгӕй баиивтонцӕ сӕйраг донуайӕн хӕтӕл. Уотӕ зӕрддагон ӕма цурдӕй, Ӕнгъӕл дӕр куд на ʹдтан, уотӕ цурд ӕма арӕхстгинӕй еци бон еуварсгонд ӕрцудӕй нӕ "проблемӕ" ӕма мах ӕнцон уолӕвд искодтан. Гъеуӕхӕн дессаги хуарз ӕнхус нин бакодта ГУП "Водоканал" ӕ хъӕппӕресгун разамонӕг Цорий-фурт ӕма арӕхстгин, зӕрдхӕлар косгути хӕццӕ. Абони син ку ракӕсӕн сӕ кустмӕ, уӕд син алкедӕр ракоруй Хуцауӕй ӕнӕнездзийнадӕ, "дони арахӕн" ба сӕ цард. Сӕ фӕрци зӕрдӕрохсӕй, ӕнӕкъулумпийӕй исӕмбӕлдзинан нӕ цитгин радон ахури анзи райдӕди фӕдбӕл бӕрӕгбонбӕл. Хуцау уи исарази уӕд хуарз адӕм!

Хӕмицати - Гегкити Фатимӕ.

               Толдзгуни гъӕуи скъолай хӕдзарадон  

хайади сӕргълӕууӕг

Хузисти:  ГУП "Водоканал"- и косгутӕ дони хӕтӕл ӕййевгӕй