Новости

Нæ мæсугæй дор рахаудтæй

Номерæн

 Нæ еумæйаг мæсугæй бабæй еу дор рахаудтæй, агъазиау дор æма цæйдæр бæрцæ дæр фæнниллæгдæр æй, фæттæссонддæр æй рауæзунмæ. Æ бæсти си æндæр дор байвæрун бæргæ гъæуй, фал дуккаг уæхæн гъама - гъотæй нæ раердзинан. Нæ фарни еумæйаг бæласæн æ цæнгти устурдæртæй сæ еуей æркиндæй æма нæ нифс фæкъкъаббил æй, не’фсарæй рахаудтæй æнæгъæнæ хъуæл æма не’гъдау фæкъкъодадæр æй, ци гахæ ни ивæрд ес, е фæмминкъийдæр æй...

Цориев Таймураз

Æма куд нæ? Анзи размæ æ уæлиуон цардæй рахецæн æй нæ кадгиндæр, нæ дзурддзæугæдæр хестæртæй еу - Цорити Таймураз Мæхæмæти фурт. Рохсаггаги амонун некæмæн гъæуй, Ирæфи райони цæрæг адæм æй хъæбæр хуарз зудтонцæ. Райгурдæй 1950 -аг анзи Чиколай гъæуи. Фæцæй каст астæуккаг скъола. Адтæй æфсади рæнгъити. Фæллойни фæндагбæл ниллæудтæй 1974 -аг анзи. Райдæдта хумæтæг тургътæмæ кæсæгæй Ирæфи райони Цардиуаги домæнтæ æнхæстгæнæг управлений. Цалдæр мæйей фæсте нисангонд æрцудæй байамунд кустуати скълади сæргълæууæгæй, идарддæр ба æ сæйраг инженерæй. Райста уæлдæр ахурдзийнадæ

Уотæ тагъд æй ке ракодтонцæ бæрнон кустмæ, уомæн адтæй еунæг æфсон. Рохсаггаг цубур рæстæгмæ æхе бавдиста кустуарзон æма сæргин, уездон æма хъæппæресгун адæймагæй. Нæ ин адтæй хъозæнттæ - размæтæргутæ, кенæ ба фæххуæцгутæ, «гъунтъузкъох» хæстæгутæ нæдæр æхе муккагæй, нæдæр ба æ мадирваддæлти æрдиги. Цидæриддæр ин бантæстæй æ царди медæги, етæ - æхе уоди хъаурæй. Æнтæсгæ ба ин минкъий нæ бакодта.

Уæлдай ирддæрæй рабæрæг æнцæ Таймурази хуæздæр менеугутæ, Царди домæнтæ æнхæстгæнæг управлений сæргъи ку æрлæудтæй, уæд. Адæми хæццæ косунмæ куд дæсни адтæй, исразæнгард кæнунмæ сæ куд арæхстæй, косæг адæймагæн куд устур аргъ кодта, рæстдзийнадæ имæ куд бæрзонд ивæрд адтæй, етæ исгъæр æнцæ. Æ еци лæгигъæдтæ равдесунæн ин фæцæй еума фадуат дæр, партион-советон оргæнти унаффæмæ гæсгæ Ирæфи райони коммуналон хæдзаради управлений разамонæгæй ивæрд ку’рцудæй, уæд. Ами дæр æхе бауарзун кодта кустадон коллективæн, адтæй ин си устур кадæ. Таймураз хецауæй ци рæстæги куста, еци æнзти, ци дууæ кустуатей хабар ракодтан, етæ нимад цудæнцæ райони раззагдæртæбæл. Рохсаггагæн ма косгæ рауадæй æндæр бунатти дæр. Райони гъæууон хæдзаради управлений сæргълæууæги хуæдæййевæгæй, Фæндæгтæ аразæн - цалцæггæнæн управлений хестæр прорабæй, Чиколай æрдзон гази участокки хестæр мастерæй, Муниципалон унитарон кустуат «Благо» æма Æнæнхæст баргин æхсæнади кустуат «Гранит»-и директортæй.

Таймураз берæ хæттити æвзурст æрцудæй Ирæфи райони мийнæвæрдти Æмбурди депутатæй. Зæрдиуагæй архайдта, ка ибæл исгъæлæс кæнидæ, еци адæми домæнтæ æнхæст кæнунбæл. Адтæй æмбалгин æма æнгаргин. Ци æнæкæрон берæ лимæнтæ дардта æхецæн, уони хæццæ æ фæстаг бони уæнгæ æнсувæри цард фæккодта. Неке си рагæлста, æхе зæрдихудт дæр ин неке æрхаста. Æмхузæн хуарз цардæй, куд хестæрти, уотæ кæстæрти хæццæ дæр. Æгъдау раттунмæ ин æ раз неке райстайдæ. Æвæдзи, ефстагæй уæлдай, ке цийнæдзийнади нæ райарфæ кодта æма ке зиани нæ рахъонц кодта, уæхæн хæдзарæ устур Чиколай зин иссерæн æй.

Таймураз бафæнзуйнаг берæ гъуддæгти адтæй, фал Цорити муккагмæ ци зæрдæ дардта, е ба дæнцæнæн байзайдзæнæй. Зудта сæ егурей дæр кæрæй-кæронггаги уæнгæ. Кæрæдзебæл сæ баста, сæ цийнæ, сæ зиан фæткæбæл рацæуа, зæгъгæ, уобæл архайдта. Ирон Цоратæ æма дигорон Цоритæ еу муккаг ке’нцæ, кæрæдземæн син æгъдау дæтгæ ке’й, уобæл дзурдта. Сауæнгæ ма Туркмæ ка бафтудæй Цоритæй, уони байзаддæгти хæццæ дæр исаразта федар бастдзийнæдтæ.Уотæ ку зæгъæн, рохсаггаг Цоритæн сæ сæрбонс адтæй, сæ уоли æма сæ сæргъузой, уæд æгириддæр нæ фæррæдуйдзинан.

Таймураз бæзтæй хуарз синхонæн дæр. Æ фæрстæмæ ка цардæй, уони уарзта, бæлдтæй син сæ хуарздзийнадæмæ, сæ еумæйаг гъуддæгтæй æхе некæд рæуварс кодта æма ин етæ дæр аргъ кодтонцæ. Адтæй фæлмæн фидæ æма фæлмæн баба, ауодагæ цардимбал. Тамати Алуми кизгæ Алети хæццæ фæццардæй кæрæдзей уарзгæй æма нимайгæй. Се’хсæн цæстисау некæд адтæй, усхъæздзурд æма фудконд гъуддаг. Рохсаггагæн байзадæй дууæ фурти æма дууæ кизги. Æнцæ бунæтти, фæллойнæ кæнунцæ фæйнæ рауæнеми, алке дæр си цæруй бийнонтæй, гъомбæл кæнуй æ цæуæти. Ес сæмæ адæми тог, уездондзийнадæ, дигорон æгъдау.

Хуарз лæги, хуарз ниййергути цæуæтæн зиндæр цæрæн фæууй, фулдæр ихæстæ ивæрд сæбæл рауайуй иннетæй, уомæн, æма сæмæ адæм лæмбунæгдæр фæккæсунцæ, фулдæр си фæххезунцæ. Æма си еци гъуддаг макæд феронх уæд. Фиди фарнæ мæрдтæмæ ке нæ цæуй, уой æцæгдзийнадæ бавдесун син бантæсæд...

Адзалæн æхецæй æ хезун бæлахдæр æй. Таймураз хуарз зудта, ци уæззау нез имæ исгъæр æй, уой. Æстæн хаттæй уæлдай си ервæзæн ке нæййес, е дæр ин нæуæг хабар н’адтæй, фал имæ разиндтæй лæгдзийнадæ æма æхе не’руагъта. Æ руни хæццæ дæр адæмæй нæ рартæстæй, цудæй цийнæмæ дæр, зианмæ дæр. Цийнон æма табедзæнагæй байзадæй, æ  цардуарзондзийнади фæрци æхебæл фæууæлахез æй, æхемæ игъосунбæл нæ фæцæй. Еунæг Хуцауæй некæд рагъаст кодта, атæ цæмæ рауадæй мæ гъуддаг, зæгъгæ. Уоми ци устур уоди хъаурæ гъæуй, ейæ, гъулæггагæн, еугуремæ нæ разиннуй... Айдагъ еци лæгдзийнади туххæй дæр Таймуразæн кадæ кæнун æмбæлуй мæрдтæмæ дæр...

Уæхæн хатдзæг искæнун æнгъезуй - Цорити Мæхæмæти фурт Таймураз адтæй, дигорон лæги ном кадæ - радæй рахæссун ке бон иссæй, еци адæмтæй сæ еу. Æма ин еумæйагæй уотæ ракорæн: «Дуйнетæ æнæуогæй Ка исфæлдиста æма æмбал Кæмæн нæййес, Еци еунæг Хуцау, табу Дæхецæн!  Де’сфæлдесæг адæмтæй аци мæнгæ дуйнейæй æцæг дуйнемæ ка бацудæй,   уонæй Дæ фæлмæн зæрдæй кæмæн ниххатир кæндзæнæ Хъиамæти бони, цирти гъазаббæй ке бахизтай æма джаханамани артæй ке багъæуай кæндзæнæ, рохс дзенети ахил ке фæккæндзæнæ, уонæн æмбал фæккæнæ Цорити Мæхæмæти фурт Таймурази дæр! Аминь». Рохсаг уо, мæ хъазар мадирвадæ...

Цорити хуæрифуртти номæй

Бабочити  Руслан.