• Главная
  • Фӕззегӕндӕ мӕнӕуи тиллӕгӕрзад лӕгъуз нӕ рауадӕй

Новости

Фӕззегӕндӕ мӕнӕуи тиллӕгӕрзад лӕгъуз нӕ рауадӕй

Сӕрдигон будурти

           

     Сӕрдӕ ӕ тӕгкӕ тӕмӕни бацудӕй. Ирӕфи райони  аграрон сектори зӕнхикустгӕнӕг хӕдзарӕдти баконд раггӕндӕ культуртӕ нурма сӕ цӕтти ӕрдӕги нӕма ӕнцӕ, фал фермерон  хӕдзарадӕ КФХ «Соскиев» ӕма ООО «Чико» ба июли мӕйи кӕрони карст фӕцӕнцӕ раздӕр ӕнзти райони алли хӕдзаради дӕр ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕбӕл ке нимадтонцӕ ӕма ке тудтонцӕ, фал нур 15 анзей дӕргъи берӕ объективон анхосӕгти фудӕй конд ка нӕбал ӕрцудӕй, еци фӕззегӕндӕ мӕнӕуи хумтӕ.

    Дууӕ кустуатей ӕригон хъӕппӕресгун разамонгей фарӕ фӕззӕги бафӕндадтӕй аци культурӕ конд цӕмӕннӕбал цӕуй, уой базонун, ӕма си, уой туххӕй ба, раздӕри совхоз «Урух»-и хумзӕнхити эксперементалон хузи еу цӕйбӕрцӕдӕр фӕзуат батаун бавзарун. Куд исбӕрӕг ӕй, уотемӕй си КФХ «Соскиев» батудта тӕгкӕ хуӕздӕр элитон сорт «Стиль -18», ООО «Чико» ба фӕлмастдӕр хумӕтӕг сорт.

    Куд рауадӕй сӕ гъуддаг, зӕгъгӕ, уой туххӕн нин райони гъӕууонхӕдзарадон управлений агроном Махъоти Олег куд радзурдта, уотемӕй аци рауӕни хумзӕнхитӕ сӕ дуйней дӕр донгъӕуагӕ ӕвзурстонцӕ. Фал советтон рӕстӕги органикон гъӕцӕнтӕ берӕ гъуддӕгутӕ ӕййивтонцӕ, уӕдта климатон уавӕртӕ дӕр ӕндӕрхузи адтӕнцӕ. Нур зумӕги дӕр мет нӕбал уаруй ӕма зӕнхитӕ уалдзӕги донӕй нӕ бафсӕдунцӕ. Е ба, сухӕ зӕнхӕ,  тиллӕгӕрзадӕн минкъий зӕран нӕй. Ӕма нур дӕр, раст зӕгъгӕй, ООО «Чико» минкъийдӕр тиллӕгӕрзад райста ӕ фӕлмастдӕр муггаги фудӕй, фал КФХ «Соскиев» ба ӕ хуарз муггаг ӕма хумтӕ хуарз багъуди фӕрци лӕгъуз тиллӕгӕрзад нӕ райста – 82 центнери еу гектари хигъдмӕ. Еци бӕрӕггӕнӕн, кӕд гектарӕй 10 тонни республики хуарзбӕл нимад цӕуй, уӕд иннӕ районти тиллӕгӕрзӕдтити хӕццӕ рабаргӕй (рӕстӕмбес нимадӕй) мах райони бӕрӕггӕнӕн ӕй еугуремӕй хуӕздӕр.

    

    Ӕфтуйӕггадӕ ма хӕдзарӕдтӕн  ратдзӕнӕй мӕнӕуӕн ӕ гъӕмпӕ  дӕр, кӕцимӕй, хуарз рӕстӕгӕй пайда кӕнгӕй, фонсдарӕг хӕдзарӕдтӕн цӕуй конд бӕститӕ - рулонтӕ ӕма цуппӕрдегъон тюктӕ.

солома

     Зумӕгмӕ фонсӕн дирзӕг хуаллӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни куст парахаттӕй цӕуй райони иннӕ фонсдарӕн хӕдзарӕдтӕ – ООО «Калух», КФХ «Казимов», «Царикаев», «Тамаев», «Скодтаев» ӕма ӕндӕрти, уӕдта адӕми хе хӕдзарӕдти (ЛПХ) дӕр. Фал, ӕрдзон игуӕрдӕнти кӕрдӕг уоййасӕбӕл хиццаг ке нӕй аци анзи тӕвдити, уомӕ гӕсгӕ ба ивӕрӕнтӕмӕ фулдӕр ласт цӕуй гъӕмпи бӕститӕ - тугъдонтӕ. Нуридӕгӕн бал хуасӕ ӕма гъӕмпӕ райони фонсӕн ӕфснайд ӕрцудӕй 2000 тонни. Статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕ куд ӕвдесунцӕ, уотемӕй ба сӕ ӕфсес зумӕгеуатӕн гъӕуй ӕрцӕттӕ кӕнун тӕгкӕ минкъийдӕр 21 000 тонни. Куст ибӕл цӕуй идарддӕр дӕр.

     Чихтисти Риммӕ.

Хузистити:  ООО «Соскиеви» хумзӕнхити хуӕрзгъӕдӕ гъӕмпи тухтонтӕ мӕнӕуӕй рауӕгъдӕ будури.