Новости

Поэзий къум

 

Мухур кæнæн, Исати Мæхæмæт æригонæй ци æмдзæвгитæ ниффинста, уонæй еу хай. Æвæдзи, беретæ нæ зонунцæ, нæ номдзуд ахургонд еци ацъагъуæй дæр хайгин ке адтæй, уой.

Мадæмæ

Зæрди ку ’рбафтуис, мæ мадæ...

Цæстити размæ æвеппайди

Хорау ку ’рбастуй дæ сорæт,

Нæбал рауинун уæд рæстæгмæ

Мæхе, гъæунгтæ ма хæдзæрттæ,

Адæми ма егъау горæт.

И сау цæститæ сæ ирд касти

Ку фæккæнунцæ дæу мæнгуиндæ

Идзулд, æнкъардæй, е кæугæй...

Зæрдæ байгъæлдзæг уй де ’дзулдмæ,

Æхе æрбалвасуй де ’нкъардмæ,

Кенæ байзайун сахлæугæй...

«Æмбаргæ уо, мæ хор, мæ радæ!

Ма уо де ’нгæртти ’хсæн æгадæ!»

Райгъосун дин æдзох дæ дзурд.

Фæззæгъун мæ дзуаппи

Некæд байзайуй нæ гъуддаги

Фæстаг, æгадæй дæ фурт!

Ленинград, 1947 анз.

***

Тæходуйтæ, зæрди хурфæ,

Уинун фæтгæ ку фæцайдæ!

Уæд абони мæн финсунтæ

Турхъæ-мурхъæй нæ гъудайдæ,

Нæ гъудайдæ

Дзурдæвзарæ —

Æнарæхсгæ куст равзарæ —

Зæрди хурфæн æ хузист

Æрцæйцудайдæ æрвист!

***

Æфсад æзнагмæ ку æмпурса,

Фæууй нифсхаст æма гъæддух.

Æрмæст фесафгæй æ туруса,

Никкæндзæнæй æзнаг уой пурх.

Уойаулæг дæр æ царди бонти

Не ’ронх кæнуй некæд бунтон

Е ’гъдау, фæллæнттæ, фудæбæнттæ,

Кæцитæ ’нцæ уомæн æ ном.

***

Нурданти ма и дуйнебæл,

Уæхæн фæтгæ ку фæцайдæ:

Зæрди фæндон æнæдзебæл

Æ нисанмæ ку тахтайдæ!

Ку тахтайдæ!

Тæхгæ маргъау!

Уæд абони мæ даргъ аргъау,

Фæрресунгæнгæй мæ сæр,

Нæ багъудайдæ мæн дæр.

Газет «Дигорæ», 2011 анзи 5 июль