Боллоти Инали фурт Хъазбеги номбӕл.
Фидибӕстӕ, фуртау, зӕрдӕй уарзгӕй.
Фудӕзнаг ӕнсӕндгӕй ӕдзӕстхез.
Устур тугъди зинтӕн ниффӕразгӕй,
Дӕ тогӕй ӕлхӕдтай уӕлахез.
Некӕд хастай дӕ сӕрмӕ ӕгадӕ,
Дӕу хӕссунцӕ гъӕубӕстӕ дӕнцӕн.
Ду дзиллӕн искодтай устур кадӕ,
Нур дин кадӕ кӕнӕн дӕхецӕн!
Кӕстӕр фӕлтӕр, Хъазбег, нӕ исуйнаг!
Кӕрӕдзебӕл хуӕцунцӕ ӕнгом.
Ӕностӕмӕ нин уо - имисуйнаг,
Ӕностӕмӕ цӕрӕд нин дӕ ном.
Колити Витали.