Новости

Арфæ

Ӕхсӕнади медӕгӕ цӕргӕй, хуарз адӕймаги ном ӕнцон райсӕн нӕй. Фал Хӕзнидони минкъий гъӕуи ба еунӕг Хуцау уӕлдайгунтӕй фӕххайгин кодта уӕхӕн хуарз гъуддагӕй, ӕма нӕмӕ исӕнтӕсун кодта, абони нӕ сӕр бӕрзӕндти кӕмӕй хӕссӕн, уӕхӕн разагъди адӕмтӕ. Сӕ фарнӕй ба ӕрмӕст хестӕртӕ нӕ, фал нӕ кӕстӕртӕ дӕр, алли рӕуӕнтти, фӕуунцӕ устур хайгин. Се ʾнхуси къох ӕгириддӕр не ʾвгъау кӕнунцӕ ирӕзгӕ фӕлтӕртӕн дӕр.

   Мӕнӕ бабӕй нин нур дӕр еци хуарз адӕмтӕй еу къуар – Дамбегти Риммӕ, Боллоти Алик, Хъамболти Марат ӕма Хӕтӕгти Алан нӕ аци анзи рауагъдонтӕн искодтонцӕ рӕсугъд ӕгъдау. Нуртӕгки алцӕй хъазарӕй хатдзӕгтӕ кӕнгӕй, уони бафӕндадтӕй ниййергути уаргъ сӕхемӕ райсун ӕма син ци ӕхцай фӕрӕзнӕ балӕвар кодтонцӕ, уонӕй рӕсугъд бӕрӕгбон искӕнун, сӕ номӕй ба сӕ сӕ даргъ рӕсугъд фӕндагмӕ рафӕндараст кӕнун. Уӕхӕн хуарз адӕмӕн куд нӕ уӕн арфиаг мах, ниййергутӕ дӕр ӕма сӕ берӕ ӕнзти раст нӕдтӕбӕл ка фӕххудта, еци ахургӕнгутӕ ӕма рауагъдонтӕ.

     Уӕ цӕрӕнбон берӕ, нӕ сугъзӕрийнӕ ӕмгъӕуггӕгтӕ! Уӕ хъаурӕбӕл ӕфтуйӕд хъаурӕ, ӕнӕнез ӕма ӕнӕфидбилиз уогӕй. Раттаги къох райсагӕ фӕууй, фӕззӕгъунцӕ, ӕма уӕ ирисхъӕ ивулӕд алкӕддӕр! Мӕх уи куд арази ан, еунӕг Хуцау ба уи уомӕй дӕс хатти аразидӕр уӕд цард -цӕрӕнбонти!

                                                                 Хӕзнидони гъӕуи астугкаг скъолай    

                                                     рауагъдонти ниййергутӕ ӕма рауагъдонтӕ.