• Главная
  • «Ӕрфӕни фӕд»-ау зӕнхӕбӕл цӕргӕ байзадӕй ӕ кади ном

Новости

«Ӕрфӕни фӕд»-ау зӕнхӕбӕл цӕргӕ байзадӕй ӕ кади ном

Нӕ кади мӕсгутӕ

«Ӕрфӕни фӕд»-ау зӕнхӕбӕл цӕргӕ байзадӕй ӕ кади ном

     Алли нӕуӕг догӕ дӕр зӕнхӕбӕл равзурун кӕнуй уӕхӕн хуӕрзигурд адӕмтӕ, кӕцитӕ устур пайдайаг исунцӕ дзиллити царди сӕ федар зунд, сӕ лӕгигъӕдтӕ, сӕ уодиконди берӕ хуарз менеугути фӕрци.Бӕргӕ, Хуцауӕрдӕги ӕносон цард лӕвӕрд ку цудайдӕ уӕхӕн уоди хецӕуттӕн... Фал, гъулӕггагӕн, куд зин нин ма уа, уӕддӕр етӕ дӕр фӕгъгъӕунцӕ не ’хсӕнӕй, ӕрмӕст ма сӕ фӕсте зӕнхӕбӕл кади ном ӕма ӕрттевгӕ фӕд ниууадзгӕй.Еци адӕмтӕй адтӕй не ʾмзӕнхон, сурх-дигойраг Хӕмицати Цӕрай Хакъиасси фурт дӕр.

    Аци бон, 28 ноябри,Уӕрӕсей Федераций ӕма Цӕгат Иристон – Аланий адӕмон ахуради скъухт косӕг, зундгонд драматург, искурдиадгун адӕмон финсӕг, ирон дзурди хъаурӕгин,дӕсгай  пьеситӕ ниффинсӕг ирон ӕма уруссаг театрти кустӕн, радио ӕма телеуинунади бакастити автор, ирон литерӕтурӕ ӕма ӕвзаги ирӕзтмӕ устур байвӕрд бахӕссӕг  Хӕмицай- фуртбӕл гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ 90 анзи.

IMG 20231127 WA0025

  Цӕрай бустӕги раги фӕсседзӕр ӕй ӕ ниййергутӕ Хакъиассӕ ӕма Цопанон Гиданнӕй,фал ӕй седзӕрхуз ун некӕд бауагътонцӕ ӕ хестӕр хуӕрӕ Уарзетӕ ӕма ӕ фиди ӕнсувӕр Ахурбеги цардӕмбал Габеон Дзафи. Уой нӕ, фалӕвзигъд, ӕрдзӕй хуӕдигурд??? ке фӕххонунцӕ, еци биццеу е ʾмгӕрдти астӕу ӕ минкъиййӕй фӕстӕмӕ дӕр зӕнхӕбӕл цудӕй федар къахдзӕфтӕй. Скъолай адтӕй зӕрдӕргъӕвд, фӕнзуйнаг,куд ахури, уотӕ ӕгъдауи дӕр. Бустӕги разӕнгардӕй цудӕйуруссаг ӕвзаг ӕма литератури ахургӕнӕг Бузойти Тъохи кизгӕ Уарзети уроктӕмӕ. Ӕ зӕрдӕмӕ арф райста уруссаг ӕвзаги классиктӕ Толстой, Горький ӕма Тургеневи уацмистӕ. Скъолай фӕсте ба ӕнӕдузӕрдугӕй бацудӕй РЦИ педагогон институти филологон факультетмӕ. Бустӕги хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ каст фӕууогӕй ба, 1961 анзи Цӕрай ӕ дӕсниадӕбӕл косун райдӕдта Цӕгат Иристони медицинон училищей ахургӕнӕгӕй. Ами ракодта Хӕмицай - фурт драматургий медӕгӕ фиццаг къахдзӕфтӕ.Ӕ сӕйраг гъуддаг – уруссаг ӕвзаг ӕма литерӕтури ахургӕнӕгӕй уӕлдай ма райдӕдта финсун пьеситӕ ӕма уадзимистӕ. 1964 анзи ба нӕ горӕти музыкалон театри адтӕй Хӕмицати Цӕраййи дууӕ актон пьесӕ «Усхъуммӕ уарзтӕн» премьерӕ, раст автори райгурӕн бони. Уомӕ гӕсгӕ ноябри мӕйӕ Цӕрай алкӕддӕр нимадта е ҆сфӕлдистади игурӕн бонбӕл дӕр. Спектакли режиссер адтӕй Цӕликкати Маирбек, музыкӕ ба ин ниффинста Кокойти Аслан.

    Адтӕй ин триумф. Уӕд Цӕраййи спектакльтӕ ӕвдистонцӕ алли театрти дӕр. «Саби», паддзахадон театр зӕгъӕ, алкӕми дӕр гъудӕнцӕ е спектакльтӕ, уомӕн ӕма си бӕрзонд иста фӕсевӕди гъомбӕлади проблемитӕ.

Театрӕн ӕ бундор ӕй пьесӕ, кӕци райгуруй драматурги фӕрци. Уӕхӕн драматург ба, ирон ӕма дигорон театртӕ ниввӕруни иссӕй ирон дзурди хъаурӕгин, Хуцауӕй лӕвӕрд искурдиадгун адӕймаг -Хӕмицати Цӕрай Хакъиасси фурт.

 Алли драматург дӕр устур нивӕдзийнадӕ ӕма ӕнтӕстбӕл банимайуй е спектакльтӕ сценӕбӕл ӕвӕрд ку ӕрцӕунцӕ, уой. Е ӕргъуди кӕнуй ӕ пьеси хъайтарти ӕма син радтуй цард дӕр. Еци амондӕй устур хайгин фӕцӕй Хӕмицати Цӕрай дӕр. Ӕма куд нӕ? Цӕрай финста ӕ зӕрдӕ цӕбӕл ристӕй, еци темитӕбӕл ӕма етӕ ба агайдтонцӕ адӕми зӕрдитӕ. Уидтонцӕ си берӕ ӕцӕг гъуддӕгутӕ ӕма цаутӕ ӕма сӕмӕ цӕугӕ дӕр кодтонцӕ хъӕбӕр зӕрдӕй.

Цӕраййи пьеситӕбӕл спектакльтӕ ӕвӕрд ӕрцудӕнцӕ ӕрмӕст нӕхе республики театрти сценӕбӕл нӕ, фал ма ӕндӕр республикити дӕр. Пьеситӕ «Уарзӕдты кадӕг», «Чи у аххосджын?», «Паддзахы чызг», «Фӕтых у мӕлӕтыл», комедитӕ «Уарзӕдтӕ», «Дыууӕ усгуры», «Уый дын хабар» ӕма ӕндӕртӕ.Аллипьеси дӕр си тох цӕуй раст ӕма сайд, фӕливд адӕмти ӕхсӕн. Ӕма цард ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ӕй. Ес си уарзондзийнадӕ, растӕй ка цӕруй, уӕдта гадзирахаттӕй ка цӕуй, уӕхӕндтӕ. Ӕманӕ Цӕраййихузӕн финсгутӕ ба ӕууӕндун кӕнунцӕ царди уарзондзийнадӕ дӕр, рӕсугъддзийнадӕ дӕр, зӕрдхӕлардзийнадӕ дӕр ке ес, уобӕл.

 Цӕрай мӕнӕ нури рӕстӕги драматургтӕн ӕй сӕ фиццаг. Финста уруссагау, иронау, дигоронау. Арӕх фӕууиуонцӕ ӕ фембӕлдтитӕ нӕ республики скъолати, училищети ахурдзаути хӕццӕ. Устур ӕхцӕуӕн ин алкӕддӕр фӕууиуонцӕ етӕ ӕ райгурӕн гъӕу Сурх – Дигори цӕргути хӕццӕ. Мадта нӕхе «Дигорон театр» - бӕл дӕр ӕ хуӕст некӕд исуагъта. Тӕлмацигӕнӕг дӕр ин фӕууидӕ еудадзуг, уой ба лӕвар, еу къапекк дӕр некӕд байагурдта.

   Медицинон колледжи медӕгӕ Цӕрай адтӕй студентти тӕгкӕ уарзондӕр ӕма кадгиндӕр ахургӕнгутӕн сӕ фиццаг. Абони дӕр ма ӕй е ’мкосгутӕ, ӕ ахурдзаутӕй беретӕ ӕримисунцӕ ӕрмӕст уарзон дзурдтӕй, куд зӕрдхӕлар, адӕми зӕрдитӕбӕл рохситауӕг, изӕди хузӕн адӕймаг.Цалдӕр анзей разӕй ба Цӕраййӕн мухури рацудӕнцӕ ӕ еуактон пьеситӕ, уордӕмӕ автор бахаста еума нӕуӕг еуактон пьесӕ «Мӕ сӕрӕй дин ниллӕг ковун», зӕгъгӕ. Аци пъесӕ ниффинста 83-анздзудӕй. Ӕй автобиографион, еуактон, ниффинста ӕй ӕхе хъисмӕтбӕл. Ӕ фур ездонӕй, ӕ фур уарзтӕй куд нӕ бафӕразта ӕ уоди бӕрцӕ ке уарзта, еци кизгӕн тӕссӕй, ку нӕ мин радта аразий дзуапп, зӕгъгӕ, ӕ уарзт раргом кӕнун ӕмаӕй уӕдмӕ ӕндӕр лӕхъуӕн куд ракурдта. Гъеуӕд ниццавта ӕ тухстӕй Цӕрай финсунбӕл. Цал хаттиуидта сӕумӕ рагити сӕуӕхседти хори тунтӕ Цӕрай, уӕдмӕ си уидта еци кизги рӕсугъд сорӕт. Уӕддӕр Цӕрай ӕхе ӕнамонд некӕд исхудта.

Ӕ дессаги фӕллойни туххӕй Хӕмицай - фуртӕн 1972 анзи лӕвӕрд ӕрцудӕй нӕ республики Сӕйраг Совети Кади грамотӕ, 1983 анзи ба ин УФ рохсади министрадӕ исагкаг кодта рохсади дӕсни косӕги ном, 1990 анзи Хӕмицай - фуртӕн Сӕйраг Совети Указмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд ӕрцудӕй Цӕгат Иристони ахуради дӕсний кадгин ном. Уӕдта ма берӕ аллихузон хуӕрзеугутӕ, Кади нисантӕ.

  2009 анзи ба Цӕрай медицинон училищейӕй устур кади хӕццӕ рацудӕй пенсимӕ. «Фал мӕ зӕрдӕ, мӕ гъудитӕ, мӕ уарзт – еугурӕйдӕр байзадӕнцӕ уоми», - уотӕ фӕззӕгъидӕ Цӕрай еудадзуг ӕхуӕдӕг арф ниууолӕфгӕй ӕма идард гъудити ранигъулгӕй.

   Ирон фарнӕ хестӕртӕй кӕстӕртӕмӕ цӕуй ӕнӕмӕнгӕ. Ӕма Цӕрай боз адтӕй е ’нсувӕри фурт Геуӕрги ӕма уой цардӕмбал, Миндзайти Александри кизгӕ Маринæй, кӕци ин лӕдӕрдтӕй ӕ алли гъуддаг дӕр – ӕ тухст, ӕ цийнӕ, ӕ сагъӕс. «Кӕд цӕрунгъон адтӕн ӕз мӕ зӕруай, уӕд е адтӕй Миндзаон Маринифӕрци. Мӕ сӕрӕй ин ниллӕг ковун. Е ке хӕдзари багъомбӕл ӕй, уонӕн ба мӕ зӕрдӕ зӕгъуй устур хуарздзийнӕдтӕ ӕма цийнӕдзийнӕдтӕ» финста Цӕрай ӕ фӕстаг уадзимиси.

      Цӕрай иссӕй нӕ национ театри истори, ирон литератури, ирон драматургий фӕстаг романтик. Фал…. Цард дӕр ӕма мӕлӕт дӕр еунӕг Хуцауи лӕвӕрд гъуддӕгтӕ ӕнцӕ, ӕма 19 октябри 2021 анзи ӕ кустӕй банцадӕй Хӕмицати Цӕраййи урух зӕрдӕ. Иристон бабӕй радон хатт фӕммӕгур ӕй ӕ курухон, ӕ кадгин, ӕгъдаугин ӕма лӕгигъӕдгун хестӕртӕй, ӕ цард ирон драматурги, ирон театр ӕма фӕсевӕди гъомбӕладӕн ка исагкаг кодта, еци Хӕмицати Цӕраййӕй. Рохсаг уо, нӕ кади мӕсгутӕй еу! Рохс дзенет уӕд де ʹносон бунат!

Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта

                                                             Чихтисти Риммӕ