Мысинӕгтӕ
Æвӕдза, цӕй амондджын вӕййынц уыцы ныййарджытӕ, сӕ цот, сӕ бирӕ фӕдонтӕм зӕрдӕрайгӕйӕ чи фӕкӕсы, чи сын бафсӕды сӕ уынд ӕмӕ кондӕй, сӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ фӕлмӕн ныхас, сӕ аллы боны узӕлдӕй. Уыцы кӕстӕртӕн сӕ бинонты цард, сӕ ныййарджыты «'сбыд» хъарм къона вӕййынц се 'стырдӕр мулк ӕмӕ хӕзна, зӕдбадӕнау сыгъдӕг ӕмӕ уарзон. Цас фӕнды рӕстӕг куы рацӕуа, уӕддӕр сӕ уыцы, кувӕндонау цытджын, хӕдзар, гыццыл уа – стыр, ӕлвасы йӕхимӕ, уымӕн ӕмӕ ам бинонтӕ сӕ ныййарджытимӕ иумӕ фервитынц царды хуыздӕр рӕстӕджытӕ – ӕнӕсагъӕс, ӕнӕмаст сонты бонтӕ.
Ахӕм стыр, бирӕсывӕллонджын бинонты 'хсӕн схъомыл ӕмӕ байрӕзт, царды рӕсугъд фӕндагыл фидар санчьехтӕ акодта Дзӕгепбарзы хъӕугкаг, хӕрзконд ӕмӕ хӕрзӕгъдау, куыстуарзон ӕмӕ хӕдӕфсарм уд, кадджын ныййарджытӕ – Куыдзойты Георги ӕмӕ Евгены чызг, фӕстӕдӕр – Чихтисты Æмзоры фырт Тамбийы цардӕмбал Зӕринӕ. Абон РЦИ – Аланийы ахуырады скъуыхт кусӕг, Владикавказы горӕты Цӕгат-Хурыскӕсӕн районы «Стыр Ныхас» - ы Сылгоймӕгты комитеты сӕргълӕууӕг.
Чихтисты – Кудзойты Зӕринӕ райгуырдис 22 январы, 1947 азы, Цӕгат Ирыстоны АССР - ы, Æрӕфы районы, Дзӕгепбарзы хъӕуы. Нӕхи республикӕйы Паддзахадон университет ӕнтӕстджынӕй каст фӕуыны фӕстӕ йӕ куыстадон фӕндаг райдыдта Цыколайы фыццӕгӕм скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕгӕй. Фӕстӕдӕр куыста Æрӕфы районы ахуырадон – рухсадон хайады, дыууӕ азы фӕстӕ та ногӕй фыццӕгӕм скъолайы директоры хӕдивӕгӕй – фӕскъласы ӕмӕ фӕсскъолайы куыстыты хайады разамонӕгӕй, стӕй та – ахуырады хайады сӕргълӕууӕгӕй.
Æвзыгъд ӕмӕ аллы хъуыддаджы дӕр арӕхстджын сылгоймаджы уды конд ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фесты районы ӕххӕсткомы разамынд, ӕмӕ 1995 азы Зӕринӕ кусынмӕ ивд ӕрцыд Æрӕфы районы райӕххӕсткомы бӕрнон секретарӕй, дарддӕр та - райӕххӕсткомы сӕрдары хӕдивӕгӕй. Æмӕ никуы уыдис афтӕ ӕмӕ Зӕринӕйӕн йӕ куысты хӕсты тыххӕй аипп исчи скодта. Уый нӕ, фӕлӕ йын арӕх лӕвӕрд цыд алыхуызон хӕрзиуджытӕ. Фӕлӕ рӕстӕг цыдис ӕмӕ Зӕринӕйӕн иу азӕй иннӕмӕ вазыгджындӕр кодтой йӕ куысты бынӕттӕ. Афтӕ Зӕринӕ цалдӕр азы бакуыста Æрӕфы районы социалон ӕххуысады хайады хицауӕй, РЦИ – Аланийы ахуырады министрады бӕрнон бынӕтты. 2009 азы та ссис Цӕгат Ирыстоны ахуырады кусджыты квалификаци уӕлдӕр кӕнӕн институты ахуырады управленийы кафедрӕйы хистӕр ахуыргӕнӕг.
Йӕ хорз куысты тыххӕй Зӕринӕ хӕрзиуӕггонд ӕрцыд РЦИ – Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕты министрады алыхуызон грамотӕтӕй, майдан «Ленины райгуырды 100 азы кадӕн» - ӕй, Цӕгат Ирыстоны Сӕйраг Советы кадджын грамотӕйӕ, 2007 азы та йын лӕвӕрд ӕрцыдис РЦИ - Аланийы ахуырады скъуыхт кусӕджы ном. Йӕ цардӕмбал Чихтисты Тамбиимӕ (рухсаг уӕд) схъомыл кодтой хорз кӕстӕртӕ – чызг Аллӕ ӕмӕ лӕппу Аланы, ныййарджыты кад дӕлӕмӕ чи нӕ уадзы ӕхсӕнады ӕмӕ мыгкаджы мидӕг дӕр. Зӕринӕ у амондджын нана йӕ дзӕбӕх фӕдонтӕм кӕсгӕйӕ.
Зӕринӕ йе скъолайы ахуырӕй фӕстӕмӕ дӕр уыдис ӕхсӕнадон царды активондӕр архайджытӕй иу – къласы хуыздӕр ахуырдзау - разамонӕг, скъолайы профкомы сӕрдар, Æрӕфы районы партийы райдайӕн организацийы секретарь, Æрӕфы районы адӕмон депутатты Советы цалдӕр ӕвзӕрстыты депутат, Æрӕфы районы сылгоймӕгты Советы сӕрдар 15 азы дӕргъы, нӕ республикӕйы сылгоймӕгты Советы уӕнг. Ам куысты Зӕринӕйӕн йӕ зӕрдӕйы баззад бирӕ рӕсугъд мысинӕгтӕ. Советы сӕргълӕууӕг Хетӕгкаты Зарӕимӕ сӕ куыст уыдис ахадӕгджын, уыдис сын бастдзинад суанг фӕсарӕйнаг паддзахӕдтимӕ дӕр ма. 1991 азы та Совет, Зарӕйы разамындӕй, бабӕрӕг кодта Америкӕйы штат Цӕгат Каролинӕ, кӕрӕдзийы фӕлтӕрддзинадӕй хай райсыны тыххӕй. Уӕды рӕстӕджы Цӕгат Каролинӕйы сӕйраг горӕт Эшвил ӕмӕ РЦИ - Аланийы горӕт Владикавказы ӕхсӕн уыдис ахъаззаг ӕфсымӕрдзинад.
Æрӕфы районы сылгоймӕгты Советмӕ арӕх уазӕгуаты цыдысты Мӕскуыйӕ, Санкт – Петербургӕй, Сирийӕ сӕ сылгоймӕгты Советы уӕнгтӕ. Зӕринӕ архайӕг уыдис Уӕрӕсейы сылгоймӕгты Советы фыццаг съезды дӕр, куыд кадджын делегат, афтӕ. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ та, дыгкӕгӕм съезды делегат уӕвгӕйӕ, хӕрзиуӕггонд ӕрцыд майдан «Во славу женщин» - ӕй, кӕцы йын йӕхи къухтӕй радтаУӕрӕсейы Федерацийы сылгоймӕгты Советы сӕрдар Алевтинӕ Федулова. Хӕрзиуӕггонд ма уыцы съезды ӕрцыдис Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Дзасохты Алыксандр, сылгоймӕгты ӕхсӕнадон змӕлдмӕ иудадзыг уӕхск кӕй дардта, уый тыххӕй.
2005 азы, Бесланы скъолайы срӕмыгъды фӕдыл фыдбылызы бахауӕг сывӕллӕтты къордимӕ Зӕринӕ, куыд республикӕйы ахуырады министрады курдиатджындӕр кусджытӕй иу, афтӕ ӕрвыст ӕрцыд Словакимӕ, е 'стырдӕр арӕзтадон куыстуаты Генералон директор Марьян Мурины хуынды уацы фӕдыл, цӕмӕй сывӕллӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыдаид моралон ӕгъдауӕй ӕххуысад. Æмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, сывӕллӕттӕ уырдыгӕй ӕрбаздӕхтысты тынг арфиагӕй, се 'нӕниздзинадыл дӕр дзӕвгар фӕбӕрӕг хуыздӕр ӕрдӕм.
Зӕринӕ бирӕ азты дӕргъы уыдис архайӕг аллыхуызон культурон – рухсадон равдыстыты, фестивальты, ӕркастыты, уыдис адӕмон театры уӕнг, йӕ разамындӕй ӕвӕрд пъесӕтӕ ӕвдыст цыдысты республикӕйы хъӕуты – Цыколайы, Хӕзныдоны, Нарты хъӕуы, Дӕргъӕвсы ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Адӕмон театрты республикон ерысты та, Зӕринӕ Нифертитийы сӕйраг рол цы «Сызгъӕрин чындзӕхсӕвы» ахъазыд, уый бацахста 1- аг бынат.
Абон дӕр ма Зӕринӕ арфиаг куыст хӕссы, уӕлдӕр куыд загътон, афтӕ Владикавказы Цӕгат- Хурыскӕсӕн районы ӕхсӕнадон змӕлд «Стыр Ныхас» -ы сылгоймӕгты Советы сӕргълӕууӕгӕй, кӕцы йӕ сӕйраг хӕсыл нымайы ирон бинонты удварны хӕзнатӕ, культурӕ, нӕ фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс бахъхъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ кӕстӕр фӕлтӕртӕм ноджы рӕсугъддӕр ӕмӕ аивдӕрӕй фӕхӕццӕ кӕныны куыст, фӕсивӕды 'хсӕн парахат кӕнын патриотон - хъомыладон куыст.
Мӕ уацхъуыды райдайӕн хуымӕтӕджы нӕ райдыдтон бинонты, ныййарджыты кад ӕмӕ намыс бӕрзонд чи фӕхӕссы цард - цӕрӕнбонты, уыцы фӕлтӕрты койӕ.
Ахӕм бинонтӕй, фӕрнӕй, кад ӕмӕ радӕй чи фӕцыд рӕсугъд царды фӕндӕгтыл, уыдонӕй уыдысты Куыдзойты Георгийы бинонтӕ дӕр. Æртӕ чызджы ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы иуы хуызӕн схъомыл кодтой ныййарджытӕ. Алкӕйы дӕр дзы фидар ӕрлӕууын кодтой сӕ къӕхтыл, бауарзын сын кодтой куыстуарзондзинад, фыды уӕзӕг, ирон кад ӕмӕ ӕгъдау, лӕгдзинад. Æмӕ ма абон дӕр Ленӕ, Зӕринӕ, Аллӕ, Фидар, Æхсар ӕмӕ Алик цӕуынц ныййарджыты бацамынд фӕндӕгтыл. Ссардта дзы алчидӕр ӕхсӕнады мидӕг йӕ бынат. Скодтой бинонтӕ, рауагътой цот, фӕдонтӕ, уыдоны дарддӕры фӕлтӕртӕ. Фӕлӕ, уӕддӕр, ныййарӕг зӕхх, куырыхон ныййарджытӕм уарзт цӕры сӕ зӕрдӕты. Фӕлтӕрӕй - фӕлтӕрмӕ дӕдтынц нӕ ирон рӕсугъд ӕгъдӕудтӕ ӕмӕ фарны хъуыддӕгтӕ кӕстӕртӕм.
Нӕу Зӕринӕ поэт, е фыссӕг, фӕлӕ сонбонты царды аив нывтӕ ӕдзух уайынц йӕ цӕстытыл, уыны йӕ фынты ныййарджыты сурӕттӕ, кӕцытӕ йын сывзӕрын кӕнынц рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг, кӕцыты ис уарзт, нымаддзинад ивгъуыд царды бонтӕм.
Бӕргӕ, ныййарджытӕ куы уаиккой ӕнусон. Фӕлӕ Куыдзойты бинонтӕн сӕрды рӕсугъддӕр мӕйтӕ - сусӕны(июль) ӕмӕ майрӕмы (август) мӕйтӕ сты мысӕн бонты мӕйтӕ. Георги ӕмӕ Евгени сӕ цардӕй ахицӕн сты 2000 азы, 22 июль ӕмӕ 14 августы, ӕрмӕст ӕртӕ къуырийы рацыд се 'хсӕн, раст сӕ уӕлӕуон царды куыд ӕнувыд уыдысты, ӕрхъӕцмӕ куыд нӕ хъӕцыдысты кӕрӕдзийыл, афтӕ, фӕда-сура акодта Георги дӕр йӕ уарзон ӕмкъай, йӕ сызгъӕрин цардӕмбал Евгеняйы. Фӕлӕ сын сӕ фарн ӕмӕ намыс хӕссынц се 'хсӕз хъӕбулы. Ныййарджыты мысӕн боны кадӕн Зӕринӕ та зӕрды арфӕй систа рӕсугъд ныхӕстӕ ӕмӕ сӕ ӕрбарвыста нӕ редакцимӕ. Рухсаг сын зӕгъӕм мах дӕр. Рӕсугъд фӕд ныууагътой, бирӕ кӕй уарзтой, уыцы фыдӕлты зӕххыл Георги ӕмӕ Евгени. Цардаудӕн кӕнут Дзӕнӕты бӕстӕйӕ уӕ бирӕ фӕдонтӕ, зонгӕтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн!
Мады фӕдзӕхст.
Мӕ сызгъӕрин мады мысгӕйӕ, Арӕх йӕ къаммӕ кæсгӕйӕ, Цӕстытыл ауайы диссаджы сурӕт, Дӕнцӕн хӕссинаг, уымӕн йӕ хъысмӕт.
Зондджын, куырыхон уыдис мӕ мад,
Кӕцы нӕ зыдта мадӕн йӕ ад.
Дыууӕ азмӕ баззадис сидзӕрӕй,
Ӕнахъом саби, тӕригъӕдӕй.
Рӕстӕг згъордта, бонтӕ цыдысты,
Мадӕн ныфсхӕссӕг уыдысты.
Уалынмӕ сывзӕрдис фыд ӕмӕ мадӕн,
Стыр, рӕсугъд бинонтӕ, адӕмы кадӕн.
Фӕлӕ иу федтон уый арӕх ӕнкъардӕй,
Мады мысгӕйӕ, райгонд нӕ уыд йӕ цардӕй.
Зарӕг «Ныййарӕгӕй амонд» - мӕ хъусгӕйӕ,
Стыр цӕстысыг калдта иу дудгӕйӕ.
Уӕд фарстон мӕ мады, цы кӕныс?
Дӕ зӕрдӕмӕ ӕвзӕрӕй цы хӕссыс?
Ӕмӕ иу сабыргай загъта,
Уӕлӕнгай дзуапп мын радта.
Хъус ма, мӕ хъӕбул, мӕ къона,
Уадз алчи дӕр уӕ куыд зона.
Цард кӕй у диссаг, хынцинаг,
Алы бон кӕй у мысинаг.
Мӕ хуртӕ, мӕ фӕдзӕхст у ахӕм,
Бузныг куыд зӕгъой адӕм сымахӕн.
Куыд уа ӕххуыс кӕнын уӕ бон,
Цӕмӕй рӕсугъддӕр уа сомбон.
Ма бавгъау кӕнут уӕ хъару,
Мӕгуырыл иу уе уӕхск дарут.
Сидзӕрӕй макуы фӕтӕрсут,
Алкӕддӕр иу ӕм фӕкӕсут.
Дзурын уӕм, ме 'хсӕз цӕджындзы,
Ӕртӕ лӕппуйы мӕ ӕртӕ чызджы.
Макуы фехалут уӕ бастдзинад,
Уыдзӕн уӕд алкӕй ӕдасдзинад.
Фыды уӕзӕг
Исчи куы бафӕрса а зӕххыл мӕн,
Зынаргъдӕр дунейыл цы ис дӕуӕн?
«Фыды уӕзӕг», уыдзӕн мӕ дзуапп,
Ахӕм у ме стырдӕр куырдиат.
Кӕм ис дӕуӕн «Фыды уӕзӕг»,
Фӕуыдзӕн мӕн фӕрсӕг.
Сӕрыстырӕй зӕгъдзынӕн - «Дзӕгъипбарз»,
Мӕ рӕсугъд, уарзон хъӕу - «Дзӕгъипбарз».
У махӕн адджын «Фыды уӕзӕг»,
Хъыгагӕн, нал ис уым ныр цӕрӕг.
Мысын, уынын фыны нӕ рагон цард,
Куыд хъуыстис сывӕллӕтты хъӕлдзӕг зард.
Мӕ фыд бӕрзонд, хъаруджын уыд – Георги,
Мӕ мад Сатанайау, йӕ ном хуынди - Евгени.
«Фыды уӕзӕг» нын скодтой аккаг,
Хорзӕй йӕ зонынц нӕ мыгкаг.
Сызгъӕрин ныййарджыты фӕрцы абон,
Цӕрӕм мах ӕхсӕзӕй нӕ фӕндон.
Ленӕ у хотӕн сӕ хистӕр,
Дарддӕр Заринӕ, Алочкӕ та кӕстӕр.
Хотӕн фӕзындис ӕфсымӕртӕ,
Ныййарджытӕн диссаг ныфсытӕ.
Арфӕйаг мах стӕм нӕ цардӕй,
Бузныг иунӕг Стыр Хуыцауӕй.
Ӕфсымӕрты хистӕр – Фидар йӕ ном,
Ныфсджын стӕм мах уымӕй сомбон,
Астӕугкаг, цӕджындзы хуызон - Ӕхсар,
Алик та бинонтӕн буцгонд кӕстӕр.
Хотӕ, ӕфсымӕртӕ, бирӕ цӕрут.
Мад ӕмӕ фыдӕн бузныг зӕгъут.
Иумӕ рӕсугъдӕй, дзӕбӕхӕй цӕрӕм,
«Фыды уӕзӕгӕн» арфӕ кӕнӕм.
Курын уӕ абон зӕрдӕбынӕй ӕз,
Ма уадзут рохуаты фыдӕлты зӕхх.
Цӕй - ма, нӕ дыстӕ батулӕм мах,
Сфидар кӕнӕм фыдӕлты гӕнах!
3 июнь 2021 аз. Чихтисты - Куыдзоон Заринӕ
Æрмӕг мыхуырмӕ бацӕттӕ кодта
Чихтисты Риммӕ