Имисуйнæгтæ
Мæ радзурди хъайтар (уотæй хондзинан) 16-аг æноси æмбеси цардæй Къамати гъæуи Дигоргоми. Адтæй Нигкотæй. Етæ æрбафтудæнцæ Тъæпæн Дигорæмæ Хонсар Иристонæй. Сæ рагфиддæл Наскар фæтоггин æй æма, æхе æфснайгæй, цалдæр æфцæгебæл æрбахизтæй Мæхчески сæри Сау хонхи рæбунмæ. Бæрзонд рауæн, рафæлгæсгæй, æгас ком дæр арми тъæпæнау дзæбæх зиндтæй, знагæй æдас. Æ бийнойнаги хæццæ уоми æрцардæнцæ. Рантæстæй син фурт Дзанхъæлиц. Уомæн ба - Цайрон, Къобал æма Къама. Цайрони номбæл нури уæнгæ Саргъирагъи хонхбæл игуæрдæнтæ, кæцитæ хуннунцæ Цæройнатæ. Раги куд зæгъиуонцæ, уотæ, Цайрон бабунæй – неке ин байзадæй. Къобалæн адтæй цæуæт, фал Дигори не ʼрсабур æнцæ. Ири гъæутæмæ рафтудæнцæ. Къама æрцардæй, нури Къаматæ кæми æнцæ, уоми. Адтæй ин фурт – Нигко. Уомæй рацудæй Нигкоти мугкаг. Иннæ фурт ба хундтæй Саумæкъур, нæ таурæхъи сæйраг архайæг.
Раги дзамани хонхи адæн цардæнцæ æлхъивд уавæрти. Надтæй фæндон хумзæнхитæ, тиллæг уидæ гæзæмæ. Мадта фонсдаруни æгъдау дæр уотæ. Медбæсти архайдтонцæ, сæ бон цæйбæрцæ адтæй, уой. Ескумæ ракæсæ ма ести пайда æрхæссæ, е адтæй æхгæд. Еуæй еу хатт ка снифс кæнидæ будуртæмæ, кенæ бæ æндæр коми æ амонд байагорунмæ, е фидбилизи бахауидæ, сауæнгæ мард дæр ма æрцæуидæ.
Фал разиннидæ уæхæн игурдтитæ, нифсхаст, лæгигъæдгун, хъаурæгин. Цифæндий знагæн дæр радтитæ нихкъуæрд. Хаттæй-хатт уæхæнттæ баеу уионцæ ма иннæ кæмтти, кенæ Кæсæги, Мæхъæли, Цæцæни бавзариуонцæ сæ лæгдзийнадæ. Раскъæриуонцæ бæхæргъæуттæ, ставд фонс. Раст зæгъгæй, фулдæр адæн уой нимадтонцæ устур лæгдзийнадæбæл. Нигкой-фурт дæр адтæй уæхæн игурд.
Таурæхъи куд байзадæй, уотемæй æ еу уæхæн балциæй Цæцæнæй исхастæ дууæ сувæллони - кизгæ ма биццеу, æ ном – Геца, кæци, ку ислæгæй, уæд адтæй курдон, лæгигъæдгун. Саумæкъур ин бийнонти гъуддаг бакодта, байурстонцæ ма Геца Мæхчески сæрмæ хецæн хæдзарæ искодта. Уомæй рацудæй мугкаги еу аул.
Саумæкъурæн, Къамати цæргæй, исæнтæстæй фурт Бидзо. Нур дæр ма Къамати Сау хонхи билæбæл сæ хæдзари ихæлæнтæ æгас æнцæ.
Адтæй дзаман ма Тъæпæн Дигорæ хъалон фистонцæ Уæллагирæн. Еу уæхæни, уалдзигон, хумтæ куд райрæзтæнцæ, уотæ, Уæллагирæй дууадæс гæрзефтонг бæхгинемæй гъæутæбæл зелгæ рацудæнцæ ма алкæми дæр рафæдзæхсиуонцæ: «Нæ фæстæмæ исæздæхтмæ уæ хъалон рæвдзæ куд уа, уотæ». Уæхъæцæбæл ку æрбаевгъудæнцæ, уæд надбæл нæ цудæнцæ, фал хумтæ æмпурсгæ Мæхческæрдæмæ. Адæм ку фæууидтонцæ еци уавæр, уæд æй балæдæрдтæнцæ – знаг фидбилиз ке хæссуй, уой, æма катай кодтонцæ.
Саумæкъур дæлæ-уæлæ нæбал фæккодта, фал, идард ма адтæнцæ хъалонесгутæ, уотемæй син сæ рæздзæуæги бæх топпæй æрæхста. Бæх фæхъхъан æй. Уæллагирæгтæ балæдæрдтæнцæ, ке фат сæбæл исæмбалдæй, уой, ма фæстæмæ æнæ хъалонæй раздахдæнцæ тæрæг бæхгинæй. Тъæпæн Дигорæ хъалонæй ке исуæгъдæй, æма Саумæкъур уæхæн бæгъатæрдзийнадæ ке бавдиста, уой туххæй ибæл искодтонцæ зар.
Саумæкъурæн адтæй æхехузæн æрдхуард, еумæ ке хæццæ адтæй сæ балци, иннæ бæститæмæ ниллæбурдитæ ке хæццæ исаразиуонцæ, уæхæн - хæзнидойнаг Хъарадзаути Мисирбий. Еу уæхæни Мисирбий бийнонти гъуддаг бакодта. Еци доги ба адтæй уæхæн æгъдау, æма цалдæр боней фæстæ нæуæг уосгин лæг цудæй афæй балци. Уæхæн хъæурæ алкæмæ нæ адтæй. Мисирбий анзи фæсте æрбаздагъдæй хæдзарæмæ. Дууæ - æртæ боней фæсте фæззиндтæнцæ ехе хузæн æрдхуæрттæ æртемæй æма ин рахабар кодтонцæ - Уæллаг Ири гъæутæй фонс раскъæрун æнгъезуй. Мисирбиййи нæ фæндадтæй, загъта: «Мæ бæх хъæбæр уæззау нæдтæбæл фæццудæй майбæл мæ зæрдæ æнхæст нæ дарун, удта балций фæсте тохæн дзаумауæй æнхæст рæвдзæ нæ дæн».
Хæдзари хестæрти зæрдæмæ дæр нæ цудæй иуазгути унаффæ. Æрбацæугутæ ба уотæ: «Лæдæрæн дæ, дæ æригон уоси фарсæй дæ дæ къах нæ хæссуй». Уæхæн уайдзæф æфхуæрди хузи адтæй ма уой ба Мисирбий æ сæрмæ не ʼрхаста. Исарази æй. Æхе исрæвдзæ кодта, фал ин хестæртæ ба федарæй ниффæдзахстонцæ: «Къаматæбæл цо æма Сæумæкъури уæ хæццæ райсетæ». Иссудæнцæ Къаматæбæл.
Згиди хезнитæй Гъевони ʼфцæгбæл фонс раскъардтонцæ. Къадзелти къахнæдтæбæл ку фæуурдуг æнцæ, уæд сæмæ цæгатæй фæдесонтæй еу гъæр кæнуй: «Саумæкъур, фагæ дин уæд, кенæ ба дæ мæкъур сурхæй фæххæсдзæнæ!» Уæд Саумæкъур Мисирбиймæ дзоруй: «Куй рæйуй, берæгъ ба æ куст кæнуй». Кæрæдзей æхсун райдæдтонцæ. Мисирбиййи уæраг фæппурхæй. Саумæкъур дæр фæццæфæй. Сеʼмбæлттæ фæттарстæнцæ ма фæллигъдæнцæ.
Саумæкъур еʼмбали бæхбæл исивардта æмаʹй Къаматæмæ рахаста Мисирбиййи мади ʼрвадтæлтæмæ. Уордиги æй раластонцæ Хæзнидонмæ. Æхсæрисæрмæ ку рахъæрттæнцæ, уæд Мисирбий, æвæдзи, æ кæрон балæдæрттæй ма ниффæдзахста: «Кæми рамæлон, уоми мæ байвæрдзинайтæ». Берæ нæбал рацудæй ма Елхъабанти æ уод исиста. Мард баластонцæ Хæзнидонмæ. Мæрдæгъдæуттæ искодтонцæ, æвæргæ баʹй бакодтонцæ, кæми рамардæй, еци рауæн. Цирти фарсмæ æрзадæй кæрдту бæласæ. Хонунцæй Мисирбиййи бæласæ.
Саумæкъур дæр берæ нæбал фæццардæй. Рамæлуни размæ ниффæдзахста, цæмæй æй байвæронцæ Мæхчески сæрмæ еци уæлмæрдти. Æ фæдзæхст ин исæнхæст кодтонцæ.
Гъе уæхæн хабæрттæ æрцудæй берæ æнзти размæ. Хъайтардзийнадæ ка бавдесидæ, уони туххæй таурæхътæ фидæй фуртмæ цудæнцæ. Неци кæнуй, нæ фиддæлти цардиуаг кæстæртæ дæр ку зононцæ, уæд.
Нигкоти Кермен, фæллойнæ æма ахуради ветеран.

