Ахургӕнӕг. Куд кадгин æй дæ ном!
Ахургӕнӕг... Нӕ исони бони фӕлтӕр гъомбӕлгӕнӕг, федӕни ӕхсӕнадӕ ци сауӕдонӕй ниуаззӕнцӕ, уой рӕсоггӕнӕг. Зин, фал кадгин ӕй ахургӕнӕги куст. Уотӕ ку зӕгъӕн, ахургӕнӕги куст искурдиадӕ ӕй, Хуцауӕй ратгӕ курдиадӕ, уӕддӕр нӕ фӕррӕдуйдзинан. Гъо, ес, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ахургӕнӕги дӕсниадӕ ка райсуй, берӕ ӕнзти дӕргъи ибӕл ка фӕккосуй, фал ӕцӕг ахургӕнӕг ба ка нӕ исуй, ӕрмӕстдӕр уодхарӕй фӕммаруй ӕхе дӕр ӕма сувӕллӕнтти дӕр, неке зӕрдӕмӕ си иссеруй над, ӕ зӕрди гъар си некӕмӕн раттуй, ӕцӕг лӕг исунмӕ син нӕ байамонуй фӕндаг. Сувӕллӕнттӕмӕ имӕ нӕ разиннуй ӕцӕг уарзондзийнадӕ, уотемӕй ибӕл евгъуйуй ӕ рӕстӕг, зӕгъгӕ, уӕхӕн ахургӕнгутӕ дӕр. Фал мӕ дзубанди ӕй, ӕ дӕсниадӕ ӕнӕкӕрон уарзтӕй ка уарзуй, ӕ куст цийнӕдзийнадӕ ӕма амонд кӕмӕн хӕссуй, сувӕллӕнттӕн ӕнӕвгъауӕй ӕ зонундзийнӕдтӕ, ӕ уоди хъаурӕ ка дӕттуй, уӕхӕн ахургӕнӕги туххӕй.
Хъамболти – Махъоти Светланӕ Темболати кизгӕ райгурдӕй Хӕзнидони гъӕуи, синхбӕсти дӕр ӕма гъӕубӕсти дӕр адӕмуарзон, косӕг бийнонти ӕхсӕн. Астӕуккаг скъолай ма ахургӕнгӕй, ӕхецӕн исбӕлвурд кодта, ӕ идарддӕри царди ӕй ци дӕсниадӕ райсун фӕндӕ адтӕй, уой. Ӕнӕгурусхӕй ӕ цард иснивонд кодта сувӕллӕнтти гъомбӕлкӕнунадӕн. Ма нӕ фӕррӕдудӕй. Ейӕ бӕрӕг ӕй ӕ уодуӕлдай фӕллойнӕбӕл.
Светӕ косуй Хӕзнидони астӕуккаг скъолай райдайӕн кълӕсти ахургӕнӕгӕй. Еудадзугдӕр архайуй, ӕ уроктӕ методикон ӕгъдауӕй раст арӕзт куд уонцӕ, нуриккон домӕнтӕмӕ гӕсгӕ, уобӕл. Пайда кӕнуй алли хузи мадзӕлттӕй, цӕстуингӕ ӕрмӕгӕй, цӕмӕй ӕ алли урок дӕр сувӕллӕнттӕмӕ ӕвзурун кӕна цӕмӕдесдзийнадӕ, фӕрӕтӕй ӕркъуӕруни хузӕн нӕ, фал сӕ алливӕрсугдзийнадӕй...
Ӕ устурдӕр мӕтӕ ӕй, ӕ къохмӕ ци сувӕллӕнттӕ бафтуйуй, уони, скъолай меддуармӕ сӕ фиццаг ӕрбакъахдзӕф кӕнунӕй хестӕр кълӕстӕмӕ бахезуни уӕнгӕ, исахур кӕнун, фиццагидӕр син финсун ӕма нимайун байамонун. Фал ӕрмӕст уобӕл нӕ лух кӕнуй ӕ ахурдзаути рази йе ‘хӕс. Фӕндуй ӕй, цӕмӕй си алке дӕр исуа федӕни бони ӕцӕг лӕг, ӕ адӕмӕн дӕр, ӕ райгурӕн бӕстӕн дӕр кадӕ ка искӕна, ӕ фиддӕлти ӕгъдау сӕрбӕрзондӕй ка хӕсса, уӕхӕн. Дзоруй син нӕ культурӕбӕл, традицитӕ ӕма царди ӕндӕр гъӕугӕ фарстатӕбӕл.
Светӕмӕ цӕуй мӕ фурти фурт Ортабайти Рамазан. Уомӕ гӕсгӕ ӕй зонун, ци устур куст кӕнуй сувӕллӕтти хӕццӕ, уой. Урокти фӕсте дӕр ниууорамуй, ӕнхӕст ка нӕ балӕдӕруй нӕуӕг ӕрмӕг, еци ахурдзаути, ма сӕ хӕццӕ бакосуй уӕлӕмхастӕй. Кӕд ма райдайӕн кълӕсти ахурдзаутӕ ӕнцӕ, уӕддӕр зӕрдиуагӕй фегъосунцӕ сӕ ахургӕнӕгмӕ, сӕ зӕрди ин ӕ амундтитӕ арф ниввӕрунцӕ.
Светӕ урокки медӕгӕ дӕр ӕма ӕнӕ уой дӕр дессаги фӕлмӕн цъухӕй дзоруй ӕ сувӕллӕнттӕмӕ. Урок амонгӕй, ӕ дзубандитӕ уотӕ аййев фӕуунцӕ, ӕма, цӕугӕ дони зардау, азӕлунцӕ гъоси. Лӕдӕруй сувӕллӕнтти рист, сӕ минкъий уодти мӕтӕ син ӕхемӕ арф есуй, ма ибӕл етӕ дӕр еузӕрдион ӕнцӕ. Урокти ӕхсӕн ци уолӕфти рӕстӕг лӕвӕрд цӕуй, уоми дӕр ибӕл ӕртумбул унцӕ ӕма ин сӕ зӕрди хабӕрттӕ кӕнунцӕ. Дессаг куд нӕ фӕууй уонӕмӕ бакӕсун еци рӕстӕг! Устур ӕргом ӕздахуй фӕсурокти кустмӕ дӕр. Арӕх бацӕттӕ кӕнуй сӕ хӕццӕ бӕрӕгбонтӕмӕ равдиститӕ, кӕцитӕмӕ цӕмӕдесӕй бакӕсунцӕ ниййергутӕ дӕр ӕма скъоладзаутӕ дӕр. Амонуй син кафун, ӕмдзӕвгитӕ аййев дзорун.
Ци рӕстӕг фӕуунцӕ ӕ къохи райдайӕн кълӕсти ахурдзаутӕ, еци рӕстӕгмӕ син исуй дуккаг мадӕ. Нӕй феронх кӕнунцӕ хестӕр кълӕсти дӕр, арӕх имӕ уайунцӕ. Ма уӕд ӕ зӕрди исӕвзуруй цидӕр ӕхцӕуӕндзийнадӕ, ӕрмӕст ӕхуӕдӕг ке фӕллӕдӕруй, уӕхӕн. Ӕхуӕдӕг дӕр сӕбӕл нӕ кӕнуй устурзӕрдӕ. Ӕ гъос даруй сӕ ӕнтӕстдзийнӕдтӕмӕ.
Ӕцӕг ахургӕнӕг берӕ цӕмӕйдӕрти рабӕрӕг уй. Уонӕй еу гъуддаг ӕй сувӕллӕнттӕмӕ ӕмхузон цӕстингас дарун, хуӕрзтӕ ӕма сӕ лӕгъузтӕбӕл нӕ дех кӕнун. Ма уогӕдӕр лӕгъуз сувӕллонӕн уӕн куд ес? Ӕрмӕст дӕр ӕй балӕдӕрун гъӕуй, ӕ зӕрдӕмӕ ин никкӕсун. Уӕхӕн ахургӕнӕг ӕй Светӕ дӕр. Нӕ имӕ ес а сау, а уорс. Ӕгасӕй дӕр исунцӕ ӕ бӕдӕлттӕ, бӕдолӕ уӕлдай ба нӕййес, ӕхуӕдӕг куд фӕззӕгъуй, уотӕ.
Светӕ ӕрмӕст куд ахургӕнӕг уотӕ нӕ, фал куд адӕймаг, уотӕ ӕй ӕгъдаугин, хуарз адӕймаг, ӕмбалӕн баанхос кӕнунмӕ цӕттӕ, хестӕрӕн ӕгъдаудӕттӕг. Ес ин ӕртӕ фурти, кӕцити дӕр исгъомбӕл кодта адӕмуарзонӕй, кустуарзонӕй, ес сӕмӕ ӕгъдау, хъаурӕ. Ӕ хестӕр фурт Хетӕгӕн дӕр мӕ фӕндуй раарфӕ кӕнун. Нӕуӕг анзи дессаги лӕвӕрдтӕ искодта ӕхе хъаурӕй сувӕллӕнттӕн, ма си Хуцау исарази уӕд. Ӕ къох идзаг уӕд, ӕ хъаурӕ берӕ.
Светæ æ размӕ ци нисан ӕрӕвӕруй, уой архайуй банхӕст кӕнунбӕл. Ес имӕ разӕнгарддзийнадӕ.Мӕ зӕрдӕ ин зӕгъуй нӕуӕг ӕскъухтдзийнӕдтӕ ӕ кусти. Ӕ царди имӕ ци рӕсугъд бӕллецтӕ ес, етӕ ӕ къохи бафтуйӕнтӕ. Ӕ зӕнӕги хортӕй ӕфсӕст уӕд алкӕддӕр.
Гобети Нинӕ