
Мæ хорз хæларæн йæ хæстæг амарди Хуссар Ирыстоны. Ацыдысты зианæн йæ фæстаг фæндаг сæ къахвæллойæ срæсугъд кæнынмæ. Æвæццæгæн рагæй нал уыдис мæ хæлар Чъребайы ахæм хъуыддаджы фæдыл, æмæ куы æрыздæхт, уæд мын йæ сагъæстæ ракодта. Цымыдисаг æм фæкастысты не'гъдæутты цы бирæ хицæндзинæдтæ фæзынд, уыдон. Йæхи нымæр сын агуырдта мидис, æмæ не ссардта. Æвæццæгæн раст уыдзæн, куы уын зæгъон æз дæр мæ хъуыдытæ. Уайдзæфæн æй мачи айсæд, - мæнæн цæгатагæй хуссайрагæй хъауджы ницы ис. Нæхи мидæг цы æркæсинаг фарстатæ ис, уыдоныл дæр хъуамæ дзурæм æргом, æфсымæр æфсымæримæ куыд фæдзуры, афтæ.
Кæсын æмæ куыд дарддæр, афтæ нæ Ирон Æгъдаумæ алыгъуызон цæстæнгас дарын райдыдтам, хизæм иуварс йæ мидисæй, йæ уæлцъар та йын раив-баив кæнæм. Уæлдай тынгдæр уыцы хицæндзинæдтæ ахадынц кæстæрты хъомыладыл. Афтæмæй, дзыхæй ирон адæмы иудзинадмæ тырнгæйæ, нæ æрвылбоны царды фæйнæрдæм хæцæм, «махмæ – сымахмæ»-тæ нæм сарæх сты. Нæй иу хæдзары дыууæ æфсымæры хицæн зондахастыл хъомыл кæнæн, нæ хаттдзысты сæ буары иу туг, иу стæг. Уый у дæргъвæтин ныхас, æмæ йыл фидæны æнæмæнг иумæ æрдзурын хъæудзæн. Ныр та уал мæм ис цалдæр фиппаинаджы, нæ мард æвæрыны хицæн æгъдæутты фæдыл. Уыдон дæр хауынц иумæйаг Æгъдаумæ, æмæ сæ чидæр йæхи зондæй не’рхъуыды кодта. Адæмæн сæ дунембарынад, сæ зондахаст Хуыцаумæ кувыны бындурыл æвæрд сты, æмæ дзы ис арф мидис. Нæй сын здухæн, ивæн, æндæр адæмты æгъдæуттæм аразæн. Уæд нæ къух исæм фыдæлты Фарныл.
Фыццаджыдæр Цæгат Ирыстоны мардæвæрæн бон незамантæй нырмæ мæрддзыгой иумæ дарддзæфæй æрбацæуынц сыхбæстæн æмæ бинонтæн тæфæрфæс ракæнынмæ дыгæйттæй, кæнæ цыппæргæйттæй иу рæнхъы. Хистæр, дыууæйæ цæугæйæ, фæлæууы рахизæрдыгæй, цыппарæй куы цæуой, уæд та рахизæрдыгæй дыккаг. Иугæйттæй зианмæ цæуын не'мбæлы, хæстæг хион фæдисы цæуæг куынæ уа, уæд.
Сыхбæсты, хъæубæсты хистæртæ фæбадынц зианджынты дуармæ, галиу фарс, æмæ мардмæ æрцæуæг адæмæн лæугæйæ арфæ фæкæнынц. Зианджынтæ сæркъулæй лæууынц хистæртæм æвахс, цæмæй сын æрцæуæг адæм иумæ тæфæрфæс кæной, агургæ сæ ма кæной. Уый у уæздандзинады фæтк, ис дзы æвæрд арф мидис. Æнæ уæздандзинад та нæй Æгъдау.
Цæуыннæуал кæнæм афтæ Хуссары, кæд æй фыдæлтæ раздæр Ручъы, Дзомагъы, Къуыдаргомы æмæ иннæ кæмтты куы цардысты, уæд кодтой? Цæмæн цæуæм абон мардмæ куыд-фæндыйæ? Стæй уырдæм бацæугæйæ, сыхбæстæй, мæрдджынтæй дард куы слæууай, тæфæрфæс сын куы нæ ракæнай, уæд дæ цыды сæр цы у?
Иннæ фарста. Мард æвæрæн бон хæрнæджы фынгыл, фыдæлтæ куыд амыдтой, афтæмæй не'мбæлы æвæрын бирæ хæринæгтæ æмæ нозтытæ. Уæлдайдæр хъарм хæринæгтæ. "Æнхъæлмæ йæм нæ кастыстæм. Цы æрæййæфта, уый йын хæлар кæнæм,"- дзырдтой иу фыдæлтæ. Цæхх, дыууæ кæрдзыны, сæр, бæрзæй, дзул, фыдызгъæл, дон - æндæр фынгыл ницы æвæрдтой. Нозт уыдис уырдыглæууæджы къухы. Мæгуыр уыдысты, уый тыххæй нæ, фæлæ æмбæлгæ афтæ кодта. Зиан цы хæдзарыл æрцыди, уым иу йæ æвæрæн боны онг арт дæр нæ кодтой.
Фæстæдæр зæрæтты зианты фынгыл райдыдтой æвæрын халсартæ карстæй, плау. Уый та Ирыстонмæ æрхастой Астæуыккаг Азийæ чи здæхтис, уыцы шабашниктæ. Гуырдзы дæр нæм уыцы хъуыддаджы хорз фæкастысты. Уыдонмæ дæр кæнынц плаумæ æвахс хæринаг сæ зианты. Ныр уыдоныл райдыдтой æфтауын лобиа (хъæдур) æмæ ноджы æндæр хæрзад хъарм хæринæгтæ, халсартæ, дыргътæ, адджинæгтæ. Афтæ куы ацæуа, уæд зианы фынгыл фæзындзысты цъыс-цъысгæнгæ физонджытæ æмæ фыдджынтæ дæр, æмæ ма уæд гуыбындзæлты чи бауромдзæн.
Уый ирон æгъдау нæу, æмæ зул фæндагыл цæуын нæ хъæуы. Ирон адæм сæ зианты фынг хæрын æмæ нуазынæн не’вæрынц, фæлæ хæлар кæнынæн æмæ рухсаг зæгъынæн. Гуырдзымæ ис æндæр цæстæнгас. Уыдонмæ цас фылдæр æмæ дзадджындæр фынг сæвæрай, цас хуыздæр фæхынцай æрцæуæг адæмы, уыйас фылдæр кад кæныс, чи амарди, уымæн. Уадзæм аллы адæмæн дæр се'гъдау сæхи бар, нæхион та ма халæм.
Зианы фынгыл ирон адæммæ незамантæй нырмæ бирæ бадын уыдис худинаг. Цæгат Ирыстоны ахæм бадты хистæр фæкæны бæрцæй 8-10 рæгъы, æмæ адæм фылдæр-фылдæр сахат æмæ 'рдæгмæ сыстынц. Уыимæ аллы рæгъæн дæр ис йæхи рад, йæхи фæтк æмæ мидис. Никæйы ис хъуыддаг æндæр искæйы агуывзæимæ. Чи цы нуазы æмæ цас у алкæмæн дæр йæхи бар. Искæмæ нозтæй хатын нæ фидауы цины дæр, зианы та у стыр худинаг.
Фынджы хистæр раздæр дыууæ кæрдзынæй бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсы. Хуыцаумæ зианы кувгæ нæ кæнынц - кувын циндзинады æгъдау у. Уыцы дыууæ хъуыддаджы ирон уырнынады æмæ дунембарынады сты здæхт хицæн дунетæм. Кувгæ уæлæрвтæм кæнæм, хæлар та - мæрдты бæстæм. Нæй сын æмхæццæ кæнæн. Нæй зианы фынгыл æвæрд æртæ кæрдзынæй Хуыцауы сайæн. Куы сæ айсай скувыны фæстæ æмæ сæ бынатмæ дыууæ кæрдзыны куы рахæссын кæнай, уæддæр уыцы фынг цæмæн æвæрд у, уый нæ аивдзынæ. Цы йыл æвæрд ис, уыдон дæр хæларгонд вæййынц. Уæхимæ Хуыцауы фыдæх ма исут, уæ хорзæхæй.
Дыккаг рæгъæй чи амарди, уымæн лæугæйæ рухсаг фæзæгъынц, нуазгæ та бакæнынц бадгæйæ. Зианы лæугæйæ нæ нуазынц. Цалынмæ рухсаг зæгъынц, уæдмæ фынгыл æвæрд хойрагæй аходын не’мбæлы. Уый фæстæ цæуы рæгъ бинонты цæрæнбоны тыххæй. Дарддæр рухсаг фæзæгъынц йæ размæ уыцы бæстæм йæ бинонтæй чи ацыд, уыдонæн. Æнæмæнг рæгъытæ рауадзынц фыдæбонгæнджыты: мардмæ æрцæуæг адæм, сыхбæстæ æмæ кæстæрты тыххæй. Вæййы афтæ дæр - сæ ном сын ссарынц иу рæгъæй. Ныры рæстæг хистæр арæх ссары, Фыдыбæсты Стыр Хæсты чи фесæфт, уыдоны ном дæр. Уыцы æгъдау раджы нæ уыди, рацыди Хъæдгæронæй хæсты фæстæ, бирæтæ æбæрæгæй кæй фесæфтысты æмæ сын хист конд кæй не ‘рцыдис, уый хынцгæйæ.
Цыппар-фондз рæгъы фæстæ зианджынтæ фынгмæ иу сыхаг æмæ иу кæстæримæ рацæуынц арфæ кæнынмæ, дзидзайы хай къухы рахæсгæйæ. Нуазæнтæ нæ хæссынц æмæ нæ дæттынц, уымæн æмæ уый циндзинады æгъдау у. Æрмæстдæр ракæнынц арфæ æрцæуæг адæмæн æмæ сыхбæстæн.
Ацы хорз æгъдау дæр та нæ хъæуы хæццæ кæнын циндзинады æгъдæуттимæ. Не’мбæлы уыцы арфæйæ дæлæмæ рæгъ уадзын, кæнæ бадты адæмæн нуазын кæнын. Æгъдау æмæ уæздандзинад агуывзæйы æвæрд нæ вæйынц. Хи дарыны уаг æмæ дзыхы ныхасæй сæ хъæуы æвдисын.
Бадты кæронмæ хистæр ралыг кæнын кæны сæрæн йæ галиу хъус, цæххыл айзæрынц æмæ йæ сæрыл æрæвæрынц. Бæркады рæгъы фæстæ иууылдæр фынгæй сыстынц æмæ зианджыны кæртмæ, кæнæ уынгмæ рацæуынц. Уым æрлæууынц дыууæ фарс: хиуæттæ æмæ сыхæгтæ хæдзарырдыгæй, æрцæуæг адæм - сæ ныхмæ. Афтæмæй бадты хистæр æмæ æрцæуæг адæмы хистæр кæимæ сты, уыдоны номæй кæрæдзийæн арфæ ракæнынц. Уый дæр у ирон уæздандзинад. Æддагон адæмы дисы бафтауы йæ арф мидисæй. Уæд нæ Хуссары цæмæн ферох ис?
Чи æрхъуыды кодта кæй ранымадтон, уыцы рæгъытæй уæлдай ма ноджы 12-15 рухсаджы рæгъы фæкæныны æгъдау? Цæмæн халæм нæ фыдæлтæ хæрнæджы бадты цы арф мидис æвæрдтой, уый? Карз нозтæй 25 агуывзæйы чи бануаза зианы фынгыл, уый хъуамæ цы хуызæнæй сыста уырдыгæй?
Зианы фынгыл цы нозт æмæ хойраг æрæвæрынц, уыдон сцæттæ кæнынц сæрмагондæй чи амарди, уыцы адæймагæн. Уымæн сæ ныххæлар кæнынц, "мах раз куыд сты, афтæмæй йæм сыгъдæгæй хæццæ кæнæнт", зæгъгæ. Фынгмæ, рухсаг зæгъгæйæ, уый тыххæй артадзынц нозтæй - уымæй бабæттынц хæлар кæныны æгъдау, фынгыл цы ис æвæрд, уыдонимæ.
Уæд нын чи радта бар уыцы сæрмагонд зианæн хæларгонд хойраг æмæ нозтæй æндæр кæмæндæрты хай кæнын, уыдонæй сын рухсаг зæгъын æмæ уыдонæн фынгмæ нозтæй тадзын? Нæдæр искæйы зиантæ, нæдæр Ирыстоны хъайтартæ, нæдæр «цытджын Сталин æмæ йæ маршалтæ», цы сæрмагонд зианы фынгыл фæбадæм, уымæ ницы бар дарынц. Нæй нæм бар уыцы фынджыдзагæй уыдонæн хай кæнын. Ма кæнæм афтæ. Ма аразæм нæ зианы фынджыдзагæй цины фынгæвæрд, цæлгæнæн бынат.
Уæдæ ирон адæммæ, бинонтæ кæмæн нæма ис, ахæм æрыгон лæппутæ зианы фынгыл нæ бадтысты. Кодтой фыдæбон, æххуыс. Ныр нæ уый ферох вæййы, уымæн, æмæ нæм зианы фынг хæрæндоны фынгау кæсын райдыдта. «Мæнæ ацы лæппутæ æххормагæй ма баззайæнт, искуы сæ æрбадын кæнут», - зæгъгæ фехъусæн ис арæх. Æмæ уæд иу фынгыл фыды, кæнæ фыдыфыды, гъе фыдыфсымæры далейы сæ кæстæртæ, арæх скъоладзаутæ, æрбадынц. Ферох вæййы, уый уыцы хистæртæн стыр худинаг кæй у, уый. Кæстæр хъуамæ йæ сæрмæ цыфæнды æххормагæй дæр ахæм худинаг ма хæсса. Гæнæн нал ис, уæд æндæр ран, хистæрты фынгæй иуварс искуы иу чысыл скомдзаг кæн.
Цæгаты æрæджы дæр ма сылгоймæгтæ хæрнæджы фынгыл нæ бадтысты. Фæстаг 10-15 азы райдыдтой. Фæуæд афтæ. Фæлæ цæмæн хъæуы сылгоймæгты фынгыл водкæ æмæ æндæр карз нозтытæ æвæрын? Цæмæ сæ худинаг кæнæм? Кæй фæзмæм уымæй, хуссайраг æви цæгатаг сыхæгты? Цæмæн бабар кæнæм сылгоймæгтæн зианы лывзæ æмæ æндæр ахæм хæрзад хæринæгтæ фыцын? Хæрнæджы фынг ресторан нæу, уый нæ цæмæн рох кæны?
Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр фидарæй зæрдыл бадарын хъæуы иу тынг ахсджиаг хъуыддаг. Чи йæ нæ зоны, уый æнæмæнг рæдийы. Нæ фыдæлтæ, сæ дунембарынадмæ гæсгæ, тынг хицæн кодтой цин æмæ зианы æгъдæуттæ, кæд физикон цæстæнгасæй сæ архайд иухуызон уыдис, уæддæр. Уымæн сæм уыдис цины хонæг, зианы та - хабаргæнæг, хъæргæнæг. Цины – кусæрттаг, кусартгæнæг, зианы – æргæвдинаг, æргæвдæг. Цины – лæггæд, лæггадгæнæг, зианы та – фыдæбон, фыдæбонгæнæг. Цины кодтой кувгæ, уагътой сидтытæ, гаджидæуттæ, зианы та - æрмæстдæр рæгъытæ. Цины - æнæкъæйттæй нымад, зианы - æнæмæнг къæйттæй. Цины алцыдæр рахизырдæм, зианы та – галиуырдæм. Галиу у фыдохы, æвзæр хъуыддаджы нысан. Уырдыглæууæг дæр зианы лæууы фынгæн йæ галиу фарс. Цины кувынц худаистæй, лæугæйæ, зианы рæгъ кæнынц бадгæйæ, сæрыл худимæ.
Бирæ ахæм дæнцæджытæ ис æрхæссæн. Куыд уæм кæсы, уый дзæгъæлы афтæ у? Нæу. Нæ фыдæлтæ бирæ монон хъуыддæгтæ махæй хуыздæр зыттой. Ацы хицæндзинæдты цы арф хъуыды ис æвæрд, уый нæ нæ уадзы цин æмæ зианы æгъдæуттæ хæццæ кæнын. Уыцы фынгтæй гуыбындзæлты фæндæй иухуызон къепигæнæн бынат аразын у Хуыцауы раз стыр фыдракæнд. Æвæццæгæн ныл йæхи дæр фæстаг рæстæг уый тыххæй атигъ кодта. Раздæхæм Хуыцаумæ, ныууадзæм буары æхсызгондзинады фæдыл цæуын æмæ слæууæм фæстæмæ Ирон Æгъдауы фидар бындурыл. Уый у нæ иудзинадмæ, стæй нæ ирвæзæнмæ фæндаг.
Иры Стыр Ныхасы сæдæгай хистæртæ цалдæр азы размæ нæ адæмæн бацæттæ кодтой чысыл бæрæгуат (справочник) "Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ". Уым фыст сты не'гъдæутты сæйраг домæнтæ æмæ сæ мидис. Мах æй æрæджы рауагътам ногæй. Нæ хуссайраг æфсымæртæй æмæ хотæй кæй хъæуа ацы чиныг, уыдонæн дзы зæрдиагæй балæвар кæндзыстæм.
Ирон адæмæн сæ ирондзинад се'взаг æмæ се'гъдауы ис. Уыдонæй иу дæр куы бауадзæм сæфын, уæд ирæттæ нал уыдзыстæм, нæ уды хъару скуынæг уыдзæн. Цæмæй уæм фидар æмæ тыхджын, уый тыххæй нæм хъуамæ уа иу зонд, иу Æгъдау. Айдагъ политикты сидтытæй æмæ арæнтæ сисынæй адæмы иудзинад не стыхджын уыдзæн. Иудзинадæн хъæуы фидар иумæйаг зондахасты бындур.
Хуыцауы цæст нын æй бауарзæд!
Кучиты Руслан,
Иры Стыр Ныхасы сæрдар.