Æ рохс ном цæрдзæнæй нæ зæрдити
Тагъд æнхæст кæнуй 40 бони, кæдæй нин æгъатæр мæлæт, æнафони, 58 анздзудæй, не ΄хсæнæй фæгъгъæун кодта нæ уарзон цардæмбал æма фидæ, уарзæгой баба æма æнсувæр, хуарз æмгарæ, æмгъæуггаг, хæзнидойнаг Дæгуйти Тазрети фурт Цæраййи.
Цæрай исгъомбæл æй хумæтæг косæг бийнонти астæу кустуарзон æма æгъдаугин кæстæрæй. Зудта хестæрæн балæггадæ кæнун, æмбалмæ багъæуаги усхъæ бадарун. Скъола каст фæууни фæсте ба æй берæ гъуди кæнун нæ багъудæй дæсниадæ равзарунмæ, уомæн æма æ минкъиййæй фæстæмæ уарзта аразæги професси, æма ин е æнтæсгæ дæр бакодта нæхе горæти арæзтадон техникуми исахур кæнгæй. Уæдта ин, аразæги дæсниадæн, æ царди кæронмæ дæр разиндтæй еузæрдиуон.
Паддзахади размæ дæр Цæрай бафиста æ цитгин граждайнаг ихæс, æхе æцæг дигорон бухсон æма фæразон, дæнцæнæн бæзгæ æфсæддонæй бавдесгæй.
Æ райгурæн гъæумæ исæздæхгæй ба Дæгуй - фурт куста æ дæсниадæбæл совхоз «Победи», царди уагмæ гæсгæ кодта арæзтадон куститæ гъæуи цæргутæн дæр. Æма æ кæдзос, рæдау уоди хъиамæт æма арæхстгин къохти фæрци бакуста адæми уарзт æма нимаддзийнадæ. Фæстаг рæстæги ба куста гъæуи Боллой-фурт ци хуйгути цех искодта, уоми. Æма, кæмидæр адтайдæ, æ архайд, фæууидæ æрмæст арфи агкаг. Алке агкаг ун дæр адтæй æ бон фæлмæнзæрдæ Цæраййæн. Æрмæст е ΄носон фæндагбæл фæндараст кæнунмæ ци адæм æрæмбурд æй тургъæмæ, ци цæстисуг бахаста мæрдтæмæ, уомæй дæр бæрæг адтæй, æ цубур цард хумæтæги ке нæ адтæй Дæгуй - фуртæн.
Зин æй, хъæбæр зин æ цардæмбал Беллæ æма æ еунæг кизгæ Элитæн хъисмæти карз тæрхонбæл исахур ун, фал æнæмæлгæ дуйней нæййес, фæззæгъунцæ, æма ин еугур хеуæнттæ, кадæр æй фæсмардта, етæ корунцæ еунæг Хуцауæй рохс дзенет.
Бийнонтæ ба арфæ кæнунцæ Дæгуйти цуппар сиахси (хуæртæ æрдæги) Хæмицати Аркадийæн, Дрети Рамазанæн, Дзоблати Валерийæн æма Мидов Батырæн сæ каййеси зини бони гъуддæгтæ сæхемæ ка райстонцæ, уæдта кадæр сæ фарсмæ балæудтæй сæ зини, уонæн, æма игъосун кæнунцæ Цæраййи 40 боней садахъа ке уодзæнæй сабати, 16 октябри, Хæзнидони гъæуи. Рохсаг уо, Цæрай!
Гъигæзæрдæ бийнонти номæй
Чихтисти Р.