Адтæй фæлмæнзæрдæ æма адæмуарзон
Номерæн
Адæймагæн фæууй еунæг царди барæ. Уой рæсугъдæй бацæрунбæл ка фæййархайдта, æ ездон æма хæларзæрдæдзийнади фæрци гъæуи цæргути уарзт æма нимаддзийнадæ ка бакуста, уонæй еу адтæй Цъугкити Кудзиййи фурт Максим дæр.
Максим райгурдæй 1940 анзæн æ рæсугъддæр мæйтæй еуеми - 25 маййи, Æхсæрисæри гъæуи.

Скъола каст фæууни фæсте исахур кодта шофербæл, æма, сауæнгæ пенсимæ рацæуни уæнгæ, еудадзуг фæккуста, фиццаг Чиколай гъæуи Ленини номбæл колхози, уой фæсте - Æхсæрисæри колхоз «Ирæф»-и. Æма, кæмидæр нæ кустайдæ, æрмæст кади хæццæ фæууидæ æ архайд. Нимад фæууидæ раззагдæр косгути хæццæ.
Цардæмбалæн равзурста Толдзгуйнаг Хæмицати Къансауи кизгæ Зои. Кæрæдзей нимайгæй, æмзæрдæ æма кæрæдзæмæ усхъæ даргæй, кæрæдземæн тæрсгæй, фæццардæнцæ 58 анзи. Еуи хузæн исхастонцæ дууæ кизги æма биццеу, раст надбæл сæ ниввардтонцæ царди медæгæ. Æнхусадæ син равардтонцæ сæ зæнæги син бунæтти бакæнуни гъуддаги дæр.
Фал мæлæт æгъатæр æй. Не взаруй хуарз, лæгъуз, æригон, е сувæллон. Æма æрæги, 25 августи, раст æ райгурæн бони нимæдзи, арвæй дор æрхауæгау, æнæнгъæлти Æхсæрисæри гъæубæл райгъустæй æверхъау хабар - æ кустæй банцадæй Максими урух æма уарзæгой зæрдæ, кæций абони уæнгæ дæр хæссун нæ фæразунцæ бийнонтæ.
Тагъд, 2 октябри, æнхæст кæнуй дууинсæй бони, кæдæй е носон дуйнемæ бацудæй бийнонти хъиамæтгун æма æгъдаугин фидæ, фæлмæн баба. Æгъзалуй æнæ исусгæй æ цæстисуг, Максим алкæд кæмæн тарстæй, еци цардæмбал Зоян, æ бæдæлттæн æма, æ уодæй фулдæр ке уарзта, æ еци хори тунтæн.
Фал ци кæнæн ес? Адзалæн мадзал нæййес, фæззæгъунцæ. Уодесæг тæрегъæд нæ зонуй. Æма уæд Максим не носи имисуйнаг, æ хуæрззæрдæ дарæд бийнонтæмæ, хеонтæ, гъæубæстæмæ. Æ хуарз уоди гъæди фæрци ин еунæг Хуцау исагкаг кæнæд рохс дзенет.
Цъугкити бийнонтæ ба арфæ кæнунцæ еци еугур адæмæн, сæ устур зинæй син хай ка райста, æма игъосун кæнунцæ Максими 40 боней садахъа ке уодзæй 2 октябри Æхсæрисæри гъæуи.
Чихтисти Р.