Новости

Адæймаги цард куд цубур æй...

Номерæн

                             

      Рацудæй æгас анз, кæдæй еци æнæхайраг пандемийæ, адæмти цард æгас зæнхи уæлцъарæбæл æнæвгъауæй ка æскъунуй абони дæр ма, е æ уарзон бийнонтæ, мугкаг æма хеуæнттæй, зонгитæй тухтона ракодта æригон лæг Тауасити Рамазани (Ромикки) домбай уод.

    Аци уæззау хабар, уæларвæй дор æрхауæгау, нинкъусун кодта берæ адæмти зæрдитæ, зæрдхъурмæ æма цæстисуг калгæ хъонц кодтонцæ зæрдрист бийнонти хæццæ. Тухуаст берæ дзиллити цæстисуг бахаста Рамазан еци бон е ΄носон дуйнемæ банæхстæр уогæй, уомæн, æма, е æ лигъз цъухи дзурд æма зæрдхæлардзийнади фæрци балхæдта берæ зæрдитæ, ирдта сæмæ над. Хаста бæрзонд Тауасити устур мугкаги кадгин ном, гъæуи медæгæ дæр адтæй кадгиндæр адæмти рæнгъити.  Имонауæй æй хонгæ дæр кодтонцæ Ромик.

тавасиев

Ромик райгурдæй 1952 анзи, 22 июни, Тауасити Омарбиййи бийнонти кæстæр сувæллонæй. Уæд, фæстугъд æнзти, еугур адæм дæр æмхузон гъæуагæ цард кодтонцæ. Фал уæддæр сæ меддуйней ба рæсугъд адтæй, кæрæдзей берæ уарзтонцæ. Æмдухæ æма æмзундæй архайдтонцæ цард хуæздæр кæнунбæл. Ромик дæр исирæзтæй адæмуарзон æма зæрдхæлар  адæймагæй, æма ниййергути дæр се ΄нгъæл нæ фæссайдта. Куд фиди хæдзари байзайæг, уотæ фулдæр уæзæ ба алкæддæр адтæй Ромикки усхъитæбæл. Æ фидæ, Фидибæсти тугъди ветеран, ку фæззиан æй, уæдта Ромик хæдзари медæгæ федар æрлæудтæй фиди бунати æ мадæ Салихати фарсмæ. Бацудæй изæйрон скъоламæ, бонæй ба ахур кодта шофирти къурсити. Сæ фæууни фæсте ба е ΄рух рахатта кустмæ. Æма, цидæр кустуати бакосидæ, уоми ин фæууидæ устур кадæ æ ездондзийнадæ æма æнæхийнæ фæллойни туххæй. Кадгинæй бафиста паддзахади ихæс дæр. Фал, кæд æ размæ ихæстæ Ромик аллихузи дæр рахъæртун кæнидæ кæронмæ, уæддæр, гъулæггагæн, æ бийнонти цæрæн уавæртæ фæххуæздæр кæнунæн ци уæладзугон хæдзарæ æхе арæхстгин къохтæй исамадта, уой рæвдзæй ба нæбал фæууидта.

 Баууæндун дæр зин æй бийнонтæн Ромикки царди фæндагбæл евгъуд рæстæги дзоргæй, ке нæбал æрбайгон кæндзæнæй  дуар хæдзари федауцæ æма фарнæ, æ федар цæгиндзæ Ромик. Фал, ци кæнæн ес? Уæхæн цæрдгъон лæг нурма гъæуама цардайдæ адæмти фарнæн, фал ин æгъатæр хъисмæт æндæр унаффæ рахаста, рахецæн æй кодта æ уарзон цардæмбал Тайсаон Индирæй, сæрустур кæмæй адтæй, еци бæдæлдтæй – хори хузæн хуæрзтог æма хуæрзæгъдау æртæ кизги æма биццеуæй, мугкагæй. Ци зин æй уонæн æнæ Ромик исахур ун.

 Ромикки царди фæндаг кæд цубур адтæй, уæддæр æ фæсте ниууагъта рæсугъд фæд æма æрмæст хуарз имисуйнæгтæ, кади ном. Æма, кæд æвзаг нæ тасуй, уæддæр, куд фæндий зинæй дæр кæнгæ æй нæ рагфиддæлти рæсугъд æгъдау æма зæгъæн рохсаг Ромиккæн. Е носон дуйнеййи хуæрзти хæццæ уæд æ бунат!

                   

                                 Зæрдрист мугкаг, бийнонтæ, хæстæгутæ æма зонгитæ.