Новости

Фӕстон хъал

Ци уарзон мин дæ, ме׳мгарӕ,

Уой дӕхуӕдӕг дӕр зонис.

Ку рацардан еу дзӕвгарӕ,

Нур ба «бон хуарз» нӕ зӕгъӕн.

Кӕрӕдзебӕл ку нӕ бухстан,

Ӕхсӕвӕ бон не ׳ртасгӕй,

Гъе уотемӕй исиризтан,

Не ׳взонг бонтӕй лимӕнӕй

Кӕрӕдземæн не ʹвгъау кодтан,

«Дӕу мӕн» зӕгъун нӕ зудтан,

Къӕбӕр-цӕнхӕ еумӕ хуардтан,

Еу листӕни фӕххустан.

Абони ба дӕ фур хъалӕй

Фӕрсӕрдӕмӕ нӕ кӕсис,

Фӕссӕйгӕ дӕ зудӕ незӕй

Ӕма «бон хуарз» нӕ зӕгъис.

Феронх кодтан не׳взонг бонтӕ,

Мулки фӕдбӕл рахуӕстан.

Цума ма кӕдмӕ цӕрдзинан,

Мӕрдтӕ мӕ си ци хӕсдзинан?

Байзадӕй ма нӕ фиддӕлтӕй

Уӕхӕн хабар таурӕхъӕй,

Ку тӕрсай, уӕд фӕстон хъалӕй,

Ка сгъӕздуг уа мӕгурӕй.

Е ба дин мӕ хуарз лимӕн,

Мӕ хуарз гъӕуккаг, мӕ бӕстон,

Фӕссӕйгӕ ӕй зудӕ незӕй.

Рамӕлдзӕнӕ кӕрӕфӕй.