Мӕ райгурӕн гъӕу
Райгурдтӕн ӕз Дигоргоми
Мӕ минкъий гъӕу Ӕхсӕуи.
Билӕги дон ӕ дӕлбунти
Сур-сур кӕнуй ӕхсӕви
Гъуди кӕнун и гъӕунгтӕ,
Къӕдзтӕ-мӕдзтӕ урдгутӕ.
Мӕ цӕститӕбӕл гъазунцӕ
Мӕ сувӕллони бӕндтӕ.
Гъӕуи сӕри и къубусбӕл
Нӕ фиддӕлти фӕлтӕрӕн
Къохӕй амад мӕсгутӕбӕл
Устур дессаг фӕкӕнӕн.
Куд лигъдтӕн еу бӕгъӕмбадӕй,
Сабур цӕун нӕ зудтон.
Бауайинӕ цӕхуарӕбӕл,
Мӕ къелтӕмӕ лӕбурдтон.
Нӕ син ес иронх гӕнӕн,
Райгурӕн гъӕу хъазар ӕй.
Фембӕлгӕй дӕр мӕ фӕлтӕн
Салам дӕдтун ӕз зӕрдӕй.
Сакъити Сергей 2002-аг анз