ТАХЪАЗТИ Федар ДИГОРИ ИСТОРИ ТАУӔРӔХЪТӔМӔ ГӔСГӔ
(Идарддæр. Райдайæн № 43, №45, № 48-49, №93, №96)
18-аг ӕноси райдайӕни райеудагъ ӕй тох Уӕрӕсе ӕма Турки ӕхсӕн Цӕгат Кавказбӕл. Турк Уӕрӕсей нихмӕ архайдта Хъӕрæми тӕтӕйрӕгти къохтӕй. Ӕгас Цӕгат Кавказ сӕ дӕлбарӕ бакӕнунмӕ Турки къулумпи кодта Кӕсӕг. Ӕма уой туххӕй ба Хъӕрæми ӕфсӕдтӕ бампурсиуонцӕ Кӕсӕгмӕ. Бустӕги ба, Кӕсӕг Уӕрӕсей ӕрдӕмӕ ке раздахта е 'ргом, уой туххӕй дӕр ма архайдтонцӕ Кӕсӕги басæттунбæл. Дигорон таурæхъти байзадӕнцӕ еци цаути туххӕй хабӕрттӕ. Зӕгъӕн, уӕхæн таурæхтӕй еуеми («Хъӕрӕми хан») дзубанди цӕуй, - дигорон фиййау ци фаст равардта кӕсгон ӕлдар Биасланти Аслӕнбегӕн. Е ‘мбал фиййауӕн ӕлдари рази уотӕ бакодта: «Биасланти Аслӕнбег ку адтайнӕ, уӕд Бибертмӕ фӕццудайнӕ ӕма ин загтайнӕ: «Цӕттӕ уо!». Мӕхуӕдӕг ба Хъӕрæми ӕфсӕдтӕмӕ фӕдздзурдтайнӕ ӕма сӕ Ӕхсӕвеуати коммӕ басайдтайнӕ, ӕрӕмбурд кодтайнӕ нӕ адӕн ӕма хъӕриймӕгтӕбӕл никкалдаййанӕ ӕма сӕ ӕхсӕвигон ниццагътаййанӕ». Еци дзубандитӕ фегъосгӕй, кӕсгон ӕлдар уотӕ бакодта. Уӕдӕй ардӕмӕ, куд загъд цӕуй таурӕхъи, уомӕ гӕсгӕ тӕтӕйрӕггӕ сӕхе райстонцӕ аци рауӕнтӕй, адӕн ба, дан, хъалон федун райдӕдтонцӕ Биаслантӕн.
Таурӕхъи ци гъуддагбӕл дзурд цӕуй, етӕ историй ӕцӕгӕйдӕр ӕрцудӕнцӕ. Таурӕхъгӕнӕг Биберт ке хонуй, еци адӕймаг ӕцӕгæй адтӕй. Е ӕй абазийнаг ӕлдар Биберди-фурт. Аци муггаг фиццагхатт документти ӕмбӕлуй 1643 анзи, абазийнаг ӕма кӕсгон ӕлдӕрттæ сӕхе Уӕрӕсей бӕрни ку бакодтонцӕ, уӕд. Дигорон фиййау Биаслани - фурти ба Бибертмӕ уой туххӕй аервиста, ӕма еци рӕстӕги кæсгон ӕма абазийнаг ӕлдӕрттӕ кӕрӕдзей хӕццӕ нӕ федудтонцæ. Ӕма ин фиййау уой балӕдӕрун кодта, ӕма Хъӕрӕми 'фсадбӕл ӕрмæст еумӕйаг тухтӕй фæууӕлахез уӕн ес. Дзурд ба цӕуй 1708 анзи Кӕсӕги, Баксан ӕма Малкӕ цӕугӕдӕнтти астӕу ци Хъандзал хонх ес, уой цори ци тугъд райеудагъ ӕй, еци цауи туххаей. Аци цауи туххæй берае ӕвдесӕнтӕ байзадæй Уӕрӕсей, Турки æма Европи паддзахти документти. Ӕма æгас документти дӕр, дигорон таурæхъти куд загъд цӕуй, уотӕ ӕвдист ӕрцудӕй Хъӕрӕми хан ӕма Кæсæги ӕфсӕдти буцӕу. Кӕсæг сӕ басайдта коммӕ, ӕма унгæг коми ку æрӕхсӕвеуат кодтонцӕ Тӕтӕри ӕфсад, уӕдта сӕбӕл кæсгон æфсӕдтӕ никкалдӕнцӕ ӕма сӕ ниццагътонцӕ.
Аци тугъди кой уой туххӕй ракодтон, ӕма ӕ фӕстеугутæ Дигорӕбӕл дӕр бамбалдӕнцӕ.
Фӕйнӕхузи ӕвдесӕнтӕмӕ гӕсгӕ Хъӕрæми ӕфсæдтæ адтӕнцӕ 30-100 миней бӕрцӕ. Се ‘хсӕн адтӕй турккӕгтæ, ногъайӕгтӕ, хъалмухъӕгтӕ, уӕдта кӕсгӕнттӕ дӕр. Ӕхсӕвигон сӕ кӕсгӕнттӕ ку ниддӕрӕн кодтонцӕ, уӕд сӕ раздзӕуӕг хан Каплан-Гирей ӕ гъӕуайгӕнӕг гвардионти хӕццӕ ралигъдӕй ӕма ин бантӕстӕй Ногъаймӕ фӕлледзун. Хъӕрӕми ӕфсад алли 'рдӕмӕ ледзӕг фӕцӕй. Устур хъаун си ӕрбаервазтӕй Черекдон æрдӕмӕ ӕма сӕ них исаразтонцӕ Дигоргоммӕ. Сӕ раздзӕуӕг адтӕй кӕсгон ӕлдар Тасолтанти Аслӕнбек, еу вариантмӕ гӕсгӕ, иннӕ вариантмӕ гӕсгӕ ба - Тасолтанти Елбердухъ. Тасолтани - фурт адтӕй Дигори енцег. Исирӕзтӕй Дигоргоми, фал бацудӕй Хъӕрӕми ханмӕ косунмӕ, ӕма разамунд лӕвардта хани ӕфсади къуарӕн.
(Уодзæнæй ма)