ТАХЪАЗТИ Федар ДИГОРИ ИСТОРИ ТАУӔРӔХЪТӔМӔ ГӔСГӔ
(Идарддæр. Райдайæн № 43, №45, № 48-49, №93)
Сахи ӕфсӕдти фӕсте хъириймаг тӕтӕйрӕгтӕ дӕр ӕрбахизтӕнцӕ Дигоргоммӕ, фал етӕ дӕр персайнӕгти хузӕн састи бунати байзадӕнцӕ Уӕллагкоми. Уӕллагкоми цӕргутӕ Узи бӕрзонд ӕма Нӕлизӕди бӕрзондбӕл сӕхе ӕрцӕттӕ кодтонцӕ тӕтӕйраг ӕфсӕдтӕн нихкъуӕрд раттунмӕ. Дзӕвгарӕ рӕстӕг тӕтӕйрæгти къохи неци фтудӕй, ӕма уӕд исфӕндӕ кодтонцӕ хийнӕй рацæун: исмийнæвар кодтонцæ Узи адӕнмӕ. Зӕрдӕ син байвардтонцæ, уӕхемӕ, дан, нӕ бавналдзинан, фал нин иннети сӕттунмæ ку фӕййагъаз кӕнайтӕ, уӕд, нурмӕ кӕми ӕма куд цардайтӕ, уотæ цӕрдзинайтӕ, уӕ хъаурæ ма никки тухгиндӕр фӕууодзæнæй, уотемӕй. Узи хестӕртӕ исарази ӕнцӕ ӕма тӕтӕйраг ӕфсӕдтæн, Нӕлизӕди бӕрзондмӕ сикъатӕй конд хӕтӕлбӕл ци дон уадæй, уой байамудтонцӕ. Нӕлизӕди адӕн ӕнӕ донӕй ку байзадзенцæ, уӕд сӕхе тӕтӕри æфсӕдти къохи бакӕнуни бӕсти баунаффæ кодтонцӕ, Узи бӕрзондбаел ка тухтаей, уонаемӕ байуазæг кæнун. Тегътӕ Сонгути коммæ ниццудӕнцæ ӕма фæстети Узи бæрзондмæ исхизтӕнцӕ. Дууӕ къуари уоми ку исеу æнцæ, уæд æндухæй ранцадӕнцӕ Хъӕрӕми ӕфсӕдтӕбӕл ӕма сæ фæссурдтонцæ.
Хонхӕй Хъалмухъи уӕнгӕ будуртæ Ногъай дæлбарæ адтӕнцӕ. Фал еминӕ ралӕудтӕй ӕма Ногъай фæццæгъдуни æй. Ка ма райервазтӕй, етӕ сӕхе хонхрӕбунтæй Хъуми будурмæ райстонцӕ. Ногъаййи ӕхсӕн ма, таурӕхътӕмæ гӕсгӕ, Дигорæй дæр берӕ цардӕй. Емини тасӕй Дигорӕй Ногъаййи хӕццæ берæ фӕллигъдӕй. Ӕрмӕст ма байзадӕй Лескени коми ӕртӕ гъӕуи. Уогӕ, таурӕхътӕмӕ гӕсгӕ, Лескени коми ӕхсӕз гъӕуи адтæй, фал, дан, фесавдӕнцӕ. Нури Лескени гъӕу ба, дан, ӕвдӕймаг фӕлтӕр ӕнцӕ. Фал Лескени коми ци гъӕутӕ адтӕй, уонӕй ӕртей кой байзадӕй уруссаг анзфинстити.
Ногъаййи фӕсте ци будуртӕ байзадӕнцӕ, уордаемӕ иссудӕнцӕ Кӕсӕг. Кӕсӕг нийвулдӕнцӕ ӕма 17-аг ӕноси хъаурӕгин адӕн иссӕнцӕ. 1643 анзи ба Кӕсӕг сӕхе бакодтонцӕ Уӕрӕсей паддзахи бӕгъдауонд. 17-аг ӕноси ӕмбеси, Уӕрӕсей паддзах Иван IV (Грозный) ку адтӕй, уӕд Кӕсӕги сӕйраг ӕлдар адтӕй Темурухъ (Темрюк). Темурухъӕн ӕ кизгӕ адтӕй Иван Грозныйи уосӕ. Цӕмӕй ӕ тухтӕ фӕффулдӕр адтайуонцӕ, уой туххӕй Темурухъи фӕндадтӕй байахӕссун хонхӕй Ӕрги унгӕги уӕнгӕ будуртӕ. Фал ӕй еци гъуддаги къулумпи кодтонцӕ Лескени коми ӕртӕ гъӕуи. Ӕма уӕд Темурухъ ӕ сиахс Иванӕй ракурдта ӕфсӕдтӕ. Иван Грозный ин равардта 500 салдати, уӕдта цалдӕр дзармадзани. Еци рӕстӕг Цӕгат Кавкази дзармадзан ци адтӕй, уой зонгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ. Темурухъӕн бантӕстӕй и ӕртӕ гъӕуи дӕр ниппурхӕ кӕнун. Дууӕ си бунисӕфт фӕцӕнцӕ, еу ба ма си, Хъабанти гъӕу, зӕгъгӕ, райервазтӕй. Дигорӕ хонхӕй ледзун ку райдӕдтонцӕ, уӕд уордӕмӕ дӕр берӕ ралигъдӕй. Фӕстӕдӕр ба, ХХ-аг ӕноси 20-аг ӕнзти, Хъабани цӕргутӕ фӕллигъдӕнцӕ Озрекмӕ. Нур дӕр ма, ци рауӕн адтӕй и гъӕу, еци синх нури кæсгон гъӕу Ерохъи цӕргутӕ хонунцӕ «Хъабантӕ».
Лескени коми ӕртӕ гъӕуей фесавди фӕсте будури нӕбал байзадӕй дигорон гъӕутӕ.
Кӕсӕг истухгин ӕй, фал хуӕнхаг адӕнти хӕццае 17-аг ӕноси цардӕнцӕ лимӕнтӕй. Арӕх кӕрӕдземӕн анхос кодтонцæ еумӕйаг знаги нихмӕ. Сӕ еумӕйаг знаг ба адтӕй Хъӕрӕми хан. Е арæх ислӕборидӕ Кӕсӕгмӕ. Хъалон сӕбӕл ӕривæридӕ, сæ циййес син ратӕлӕт кӕнидӕ. Тухсун кодтонцæ хуӕнхти цæргути дӕр. Дигорӕмӕ дӕр ӕрбалӕбориуонцӕ. Уотӕ, еу таурӕхъи («Хъӕрӕм-Кермени ӕфсад Морги») байзадӕй сӕ кой. Уогæ, таурӕхъмӕ гӕсгӕ, еци хатт Хъӕрæми ӕфсӕдтӕ Морги цори ӕрфусун кодтонцӕ къӕдзӕхрӕбун ӕма сӕбӕл фӕсуарун хонх ракалдӕй. Ӕфсад зӕйи буни фесавдӕй.
(Уодзæнæй ма)