Новости

«Хуцауи хуæрзтæй хайгин уотæ»

Финсунцæ нæмæ

 

Цифæнди хуæрзеугути æхсæн дæр алцæмæй устæрдæр æма хъазардæр хуæрзеуæг æй адæми зæрддагон арфитæй хайгин ун. Уомæн нецæй хæццæ ес рабарæн. Æма Устур Хуцауæй арази нæ цард уæхæн дзиллæй еппæрд ке нæй уæхæн хуæрзтог адæмтæй, ка лæдæруй тæрегъæд, уарзт, æгъдау, хуæст æй нæ рагфиддæлти æгъдæуттæбæл, кæцитæмæ хауй гъæуагæ адæймагмæ æ тухст рæстæги усхъæ бадарун.

Нури рæстæги цард уотæ иссæй, ма кæд æ кæцидæр фæззелæнтæ технологон мадзæлтти фæрци рæуæгдæр æнцæ, уæд иннердæги ба берæ адæм тухст уавæри бахаудтæнцæ экономикон æма царди æгъдауи. Æмцуд кæнун син исзин æй нуриккон доги домæнти хæццæ аллихузи фадуæттæмæ гæсгæ. Ма уотæ ку уайдæ, адæймаги косун нæ фæндуй, алцидæр æй цæттæй гъæуй, зæгъгæ. Фал ес уæхæнттæ, кæцитæ се ΄гас цард сæ уоди хъаурæ, сæ хедвæллойнæй фæххастонцæ сæ бийнонтæ, нур ба нимад цæунцæ, нæхъæртон бийнонтæ ке хонунцæ, уонæбæл.

   Уæхæн адæмæн нæ паддзахадæ баагъаз кæнунæн еруй мадзæлттæ арæзт æма цардмæ хаст æрцæунцæ федералон программитæ. Уонæй еу æй паддзахадон социалон æнхусадæ нæхъæртонтæн (малоимущие) сæ царди уаг фæххуæздæр кæнуни фæдбæл ци æхцай фæрæзнитæ дæттуй 250 000 сомей бæрцæ, е. Курдиадæ бадæттæг адæми уавæрмæ кæсуй сæрмагонд къамис, кæцимæ æхе бахатта Тегати Людæ дæр. Аци æригон силгоймаг æй æнæ куст. Косун æй фæндуй, зийнадæ нæ кæнуй, фал… Гъомбæл кæнуй еунæгæй сувæллон. Уомæй рахезгæй, æ бæрнæхсти ес зæронд хъиамæтгун фидæ, кæци е ʹгас цард фæккуста колхози фонси хæццæ.

Некæцирдæмæ хъæртунцæ аци бийнонтæ. Хуæрун æма дарун еу гъуддаг æй, фал гъæуи цæргæй ба æндæмæ агъдау кæнун дæр куд нæ гъæуй. Ци къаппеккитæ бахауй хæдзарæмæ, йетæ нецæй фагæ кæнунцæ. Æма Люда фиццагидæр нæ райони администраций сæргълæууæг Лагкути Омармæ бацудæй æ курдиади хæццæ. Куд æй зонæн, уотемæй аци лæг лæмбунæг байгъосуй алкæмæдæр ма хатдзæгтæ искæнуй, басагъæс кæнуй, цæмæй ин баанхос кæна, уобæл. Людæн дæр барæ лæвæрд æрцудæй æ гæгъæдитæ социалон контрактти фæдбæл бадæттун къамисмæ. Æркастæнцæ ин сæмæ, рæстæги фæсте ба ин равардтонцæ бæлвурдгонд æхца. Ай - тæ ма ой- тæ нæ фæккодта Людæ, фал си балхæдта сторфонс æртæ сæри. Уонæй еу æй хуарз доцгæ гъог. Йе бийнонтæн цæйбæрцæбæл æнцондзийнадæ фæцæй æма нифс.

   Абони Людæ хъæбæр зæрдиуагæй арфæ кæнуй Лагкути Омар, Саккати Эммæ, Гæмости Аллæ, Дедегкати Мæринæ æма Тускъати Артурæн, сæ фарс имæ ке фæддардтонцæ, æ уавæри ин ке бацудæнцæ æма ин устур агъаз ке бакодтонцæ, уой фæдбæл. «Нур мæ бон æй зæгъун, æма мæ исони бонмæ рæуæгдæр цæстæй кæссæн аци адæми фæрци. Уæ хæдзæрттæ хуарздзийнадæй хайгин уæнтæ, амонд æма фæрнæйдзаг уæнтæ уæ къæсæртæ. Мæнæн ци нифс равардтайтæ, е берæ гъæздугдзийнæдти аргъ æй, æма алкæддæр уæ къох идзаг уæд. Арфиаг уотæ кæддæриддæр уæ царди медæгæ, Хуцауи хуæрзтæй ба хайгин», - зæгъуй Людæ.

                                                                   Бабочити Э.