Сæхе амондгун хонунцæ сæ кæстæртæй
8 июль - бийнонтæ æма уарзондзийнади бон Уæрæсей
Алли адæймаг дæр ни бæллуй нивгун, амондгун унмæ. Фал, алкæмæн, гъулæггагæн, еци хуарздзийнадæ лæвæрд не ׳рцæуй. Ци гъæуй, цæмæй бийнонтæ нимад уонцæ нивгун, амондгунбæл? Фиццагидæр царди медæгæ кæрæдзей нимайун, кæрæдземæн æгъдау дæттун æма лæггадæ кæнун, хе фæллойнæй цæрун. Уомæй рахезгæй, адæми æхсæн лимæнæй цæрун, алкæддæр фенхусмæ цæттæ ун багъæуаги сахатти, нæ рæсугъд æгъдæуттæ сæрбæрзондæй хæссун æма сæ кæстæртæн дæр амонун. Алке дæр си æ размæ ивæрд ихæстæ гъæуама æнхæст кæна. Еу загъдæй, усхъæзæй гъæуама архайа са еумæйаг кадæбæл.
Уæхæн бийнонтæбæл нимад æнцæ Чиколай цæрæг Агъузарти Сланбеги фурт Цӕрай æма æ цардæмбал Озити Сослӕнбеги кизгӕ Асиат дæр. 50 анзи рацудæй, сæ цард ку баеу кодтонцæ, уæдæй ардæмæ. Бӕрӕг кӕнунцӕ сугъзӕринӕ киндзӕхсӕвӕр. А æма О-йæй фæццардæнцæ уал анзей дæргъи. Уæдæй абони уæнгæ æмзæрдæй архайунцæ бийнонти кадгин номбæл. Берæ æнзти дæргъи сæ хедвæллойнæй дардтонцæ сæ бийнонтæ. Синхбæсти дæр æма гъæубæсти дæр нимад æнцæ æгъдаугин, фæлмæнзæрдæ, рæдаукъох адæмбæл. Устур аргъ син кæнунцæ зонгитæ æма хеуæнттæ дæр. Цӕрай адтæй æма æй нимади лæг, кæций алкæддæр фарстонцæ зундæй, агурдтонцæй агъдауи цæунмæ, баунаффӕ кӕнунмӕ.

Цӕрай райста дӕндаггӕнӕги дӕсниадӕ æма ибӕл берӕ ӕнзти дӕргъи куста райони сӕйгӕдони поликлиники. Фӕстагмӕ ба ӕ куст идарддӕр хӕссуй хӕдзари. Адӕмӕн хуарзи бацӕунбӕл архайуй. Асиат экономисти дӕсниадӕ райста ма 42 анзей бӕрцӕ фӕккуста райпой бухгалтерӕй. Уой фӕсте ба тукангӕсӕй. Цӕрай ӕма Асиатӕн исæнтæстæй дууӕ кæстæри: фурт Аслан æма кизгæ Зӕлинӕ. Байархайдтонцæ, цæмæй си æнæ уæлдæр ахургонддзийнадæ райсгæ маке байзайа, макæмæй дæлдæр уонцæ. Сӕ дууӕ дӕр каст фӕцӕнцӕ астӕуккаг скъола майданти хӕццӕ. Аслан бацудæй Хуӕнхон-металлургон институти менеджменти факультетмæ. Уой фӕсте ба каст фӕцӕй юридикон факультет Армавири институтти. Зӕлинӕ дæр каст фæцæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университет. Косуй уруссаг ӕвзаги ахургӕнӕгӕй.
Царди хуарздзийнадæй цидæр ес, уони син балæвар кодтонцæ сæ ниййергутæ. Æма абони сæрбæрзонд æнцæ сæ кæстæртæ æма уони кæстæртæй. Алке дæр си иссæй хецæн бийнонтæ. Цӕрай ӕма Асиатӕн сæ кæстæрти кæстæртæ æнцæ цуппар. Сæ киндзӕ Дедегкати Марицӕ, хæдзарæмæ фарни къах æрбайвæргæй, йе ʹфсийни хæццæ æмзунд иссæй, бийнонти хæццæ кæрæдзей балæдæрдтӕй. Йе ’гъдау, æ уодиконд æма лæгигъæдтæмæ гæсгæ æхе бауарзун кодта бийнонтӕн. Æма æрмæст хæдзари медæгæ нæ, фал сæ рæсугъд зæрди дуæрттæ æнæвгъау байгом кодта æгас муггагæн дæр æма синхбæстæн дæр. Агъузарти Цӕрай ӕма Асиат хъæбæр арфиаг æнцæ сæ сиахс Плити Александрӕй дæр. Хуцау син хуарз хæстæгутæй бахай кодта.
Мадæ æма фидæ хонунцæ сæхе амондгун сæ кæстæртæй. Сæ хъаурæ, сæ нифс берæ æй сæ фæдонтæй, кæд сæ кари бацудæнцæ, уæддæр. Ес сæмæ æнæбæрцæ хъаурæ аци бийнонтæмæ цард рæсугъд хæссунмæ, æма амондæй, нивæй хайгин уæнтæ берæ æнзти. Сæ зæрдæ макæд фæрресæд сæ кæстæртæй.
Бабочити Э.