Новости

Мади фарнæ

Мæ минкъий нез дæр

Зæрдæмæ есгæй,

Æ фæлмæн къохтæ

Нæ адгин мадæ,

Сæрбæл радаугæй,

Ку разæгъидæ:

«Ра — мин дзæбæх уо,

Мæбони радæ!

Ку фæццæуинæ

Идард балцимæ,

Аллихатт мæнбæл

Нæ дзилли кадæ

Ку фæдзæхсидæ:

«Ма ’й феронх кæнæ,

Цидæр æрцæуа,

Мæ бони радæ!..

мади фарнаY

Куд феронх кæнон

Æ фæстаг ракаст,

Æ фæстаг дзурдтæ

Мæ фæлмæн мадæн.

Æ фæлорс билтæ

Сæ фæстаг тухтæй

Бафæразтонцæ:

«Мæ бони радæ».

Мæ сабийтæн нур

Арæх имисун

Æз еци дзурдтæ:

«Мæ бони радæ».

Уони фарнæн нин,

Зинаргъ хæзнатау,

Уони ниууагъта

Уæ фиди мадæ.

Исати Мæхæмæт