Рохсаг дин зæгъæн, цæстисуг калгæй, дæ уæздан сорæт, хъурмæй имисгæй
Номерæн
Гъо нæ, фалæ, ци дессаги фæлдесонд æй ниййерæг мадæ! Ци берæ лæгигъæдтæ, ци берæ хъаурæ æма ин уарзт бауадзуй еунæг Хуцау æ минкъий уодиконди. Мадæ! Хуæрз цубур дзурд, фал си, æвæдзи, æгас дуйней дæр бацæудзæнæй. Уой уарзт, уой фæлмæн къохæмбæлди, æ рæсугъд авдæни зартæ æма гъар гъæбеси базонуй бӕдолӕ, цард ӕма амонд ци æнцæ, уони. Ци берæ æнæхуссæг æхсæвтæ рарветуй е, катайтæ кæнгæ, æ бæдоли æрбанæфæразги. Цума ци хузи тæразæбæл рабарун æнгъезуй еци еугур хъиамæттæ æма фудæбæндтæ ниййерæг мадæн?
Гъе, фал…. Куд нæ фестуй дор бæдоли зæрдæ, ниййерæг мади сæргъи ма фӕстаг хатт ку ӕрлӕууй, «рохсаг» исдзорунмӕ ӕвзаг тасгӕ дӕр ку нӕ фӕккӕнуй, уотемӕй ӕй «фӕццо ӕмӕ ма ’рцой» фӕндагмӕ ку рафӕндараст кӕнуй. Хъисмӕт, мӕлӕт… Хуцауи дзурдӕй нӕййес уонӕй некумӕ фӕлледзӕн, зонуй ни алкедӕр, фал еуӕй - еу хатт ба адӕмти зӕрдитӕ искъахуй фидбилиз ӕрцуди хабар.

Сабати, 25 июни æнхæст кæнуй 40 бони, кӕдӕй Чиколай гъæубæл дӕр райгъустӕй ӕверхъау, «хор бони арв ӕрдзӕфау» куд фӕззӕгъунцӕ, уӕхӕн фӕдеси хабар – зинг бацæфсти бӕлахӕй ӕ дуйнеййи рохсæй рахецæн æй Сæбанти – Дзийрати Заретæ Налухъи кизгæ. Бӕргӕ ма ӕ уарзон бийнонтӕ аразтонцӕ мадзӕлдтӕ, агурдтонцӕ ӕма имӕ худтонцӕ хуӕздӕр дохтиртӕ. Уӕддӕр нӕбал бантӕстӕй хъиамӕтгун мади, уарзон ӕфсийни, ӕ минкъий хори тунтӕбӕл бухст ка нӕ фӕразта, еци нанай мӕлӕти дзӕмбутӕй ратонун.
Кӕлуй цӕстисуг, зӕрдӕй нӕ цох кӕнуй ӕ тӕрегъӕддаг байсӕвд ӕрмӕст ӕ бӕдӕлдтӕн нӕ, фал ма мади хузӕн фӕлмӕн ци киндзитӕн адтӕй, уарзонӕй ци синхбӕсти фӕццардӕй, ке хӕццӕ бахӕстӕгутӕ ӕнцӕ Сӕбанти бийнонтӕ, ӕ къӕбӕр-цӕнхӕ рӕдауӕй ке хӕццӕ дех кодта, уонӕн, ӕррӕстӕ хумӕтӕг зонгитӕн дӕр ма. Фал, ци гӕнӕн ес? Хъисмӕт ӕгъатӕр ӕй, нӕдӕр кӕстӕр – хестӕр, нӕдӕр тӕрегъӕд нӕ зонуй. Зӕнхон адӕймагӕн ба ма ӕ бон фӕууй ӕрмӕст рохс дзенет корун рамӕлӕг уодӕн. Ӕма рохсаг уӕд хъиамӕтгун мадӕ, уарзӕгой ӕфсийнӕ ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ нана, хуарз ӕма кадгин синхон, ӕмгъӕуггаг Сӕбанти Дзийраон Заретӕ!
Ниййерӕг мадӕ ци хъазар ӕй,
Нӕййес ин цъухӕй зӕгъӕн.
Ӕнӕ дӕу хӕдзарӕ ци уазал ӕй,
Дӕубӕл дзиназӕн ’ма кӕуӕн.
Ӕносон цардӕй ку цудтӕ,
Фӕстаг уолӕвд ку кодтай.
Нӕ мӕтӕй нидӕн искудтӕ,
Уарзгӕй нин уӕд фӕдзахстай:
«Фӕцӕнцӕ мӕнӕн мӕ бӕнттӕ,
Мӕнбӕл тар кӕнуй мӕ рохс.
Сумахӕн фӕдзӕхсун, бӕдӕлдтӕ,
Дзӕгъӕл ма фӕккӕнтӕ бундор.
Уӕ фиди размӕ ӕрфестӕг дӕн,
Рист, фӕллад ма ӕнкъардӕй».
Барӕвдауӕд царди ӕмбал
Нур Зарети Дзенетӕй.
Бийнонтӕ ба арфӕ кӕнунцӕ еци еугур адӕмӕн, кадӕр сӕ фарсмӕ ӕрбалӕудтӕй сӕ устур зини рӕстӕги, уонӕн, ӕма игъосун кӕнунцӕ Зарети 40 боней садахъа ке уодзӕнӕй сабати, 25 июни.
Гъигӕзӕрдӕ бийнонтӕ, хеуӕнтти номӕй
хӕдзари киндзӕ – Сӕбанти - Медойти Зӕлинӕ