Кæстæрты бæрæгбон - "Ирон дæн æз".
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы ´взæгтæ,
Нæ дзы ´взары хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг.
Ирыстон... Фыдыбæстæ... Райгуырæн бæстæ... О, куыд диссаг дæ, Райгуырæн бæстæ, куыд не ´фсæды адæймаджы цæст дæ уындæй, куыд нæ комы зæрдæ дæуæй атонын! Дард æцæгæлон бæстæйы уæвгæйæ дæр дæуимæ сты адæймаджы хъуыдытæ, дæумæ тырны йæ бæллицты.
Цæмæй райдайы Райгуырæн бæстæ? Ацы фарстайæн алчи æмхуызон дзуапп нæ фæдæтты, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, æппæты растдæр у мæнæ ацы хъуыды: "Райгуырæн бæстæ райдайы авдæны зарæгæй, мадæлон æвзагыл цы авдæны зарæг вæййы, уымæй". Зæгъæн ис, Ирыстон райдайы ирон æвзагæй. Махæн Хуыцау радта ахæм амонд, æмæ Ирыстоны зæххыл райгуырдыстæм иронæй. Нæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ царды уидæгтæ сты æмæ нæ хæс у, уыдонæй цы рæсугъд æгъдæуттæ быззад, уыдоны цæсты гагуыйау бахъахъхъæнын, иузæрдион сыл уæвын. Уымæн, æмæ нæ фыдæлтæ сæфæн кæмæн нæй, уыцы ирон фарн семæ нæ ахастой, махæн, сæ байзæддæгтæн, æй ныууагътой кæрæдзи уарзынæн, рæсугъддæр цæрынæн а - зæххыл. Мах сæрбæрзонд стæм, ирон кæй стæм, уымæй.

Стыр цæстдард дарынц ацы хъуыддагмæ Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы уæнгтæ. Сæ конкурс - æркаст "Ирон дæн æз" сси традицион, республикæйы царды нымад æрцыд ахсджиаг фæзындыл. Ацы аз дæр та арæзт æрцыд ӕхсӕнадон змӕлд «Иудзинад» ӕмӕ Ӕрӕфы районы ахуырады управленийы хъӕппӕрисӕй Цыколайы 1-æм скъолайы. Архайдтой дзы районы сæрæндæр чызджытæ, нæртон Сатанайы фæдонтæ. Æркасты архайджытæ уыдысты хистæр кълæсты ахуырдзаутæ. Сæ арæхстдзинад æвдыстой: Мӕрзойты Дзерассӕ (Цыколайы 1-æм астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Гъуцъунаты Альбинӕ), Хъӕбӕлоты Фатимӕ (Цыколайы 3-аг астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Хуасдзауты Мӕдинӕ), Хохты Самирӕ (Советтоны астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Дзабайты Аллæ), Дегъуаты Кристинӕ (Сечеры астӕуккаг скъола, ахуыргӕнӕг Дреты Тамарӕ), Рӕмонты Заринӕ (Сырх – Дыгуры астӕуккаг скъола, ахуыргӕнӕг Годзойты Анжелӕ), Чибиты Иринӕ (Хæзныдоны астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Дзоблаты Аллӕ) ӕмӕ Малхъарты Виктория (Ахсæрысæры астæуккаг скъола, ахуыргæнæг Катауты Татьянæ).
Конкурсы амонæг, Цыколайы 3-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Увжыхъоты Зæлинæ, йæ разныхас райдыдта тынг рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæй нæ ирон фарн æмæ æгъдау, нæ традицитæ æмæ нæ аивады тыххæй. Фæбæрæг кодта, тынг æхсызгон кæй у, фæсивæд фылдæр æргом æздахын кæй райдыдтой ирондзинадмæ. Уый фæстæ æхсæнадон змæлд "Иудзинад"-ы уæнгтæн арфæйы ныхæстæ цы стыр куыст кæнынц нæ фарн, не ´гъдæуттæ, нæ традицитæ æмæ не ´взаг бахъахъхъæныны фæдыл, уый тыххæй. Архайджытæм дæр йæхи бахадта тынг рæсугъд разныхасимæ æмæ арфӕтимӕ.
Архайджыты размæ цы хæслæвæрдтæ æвæрд æрцыд, уыдон фæрсæрдыгæй куыд æнцон кастысты, бынтон афтæ нæ уыдысты. Фыццаг хæслæвæрд уыд хæдзармæ куыст. Архайджытæ хъуамæ ныффыстаиккой æмæ бакастаиккой сæ нывæцæнтæ "Ирон дæн æз", зæгъгæ. Алчидæр дзы хъуамæ райхæлдтаид йæ хъуыды, йæхи ирон кæй хоны, уымæй сæрыстыр цæмæй у, куыд æххæст кæны йæ фыдæлты фæдзæхстытæ.
Дарддæр чызджытæ бафæлвæрдтой, нæ адæмы удварны æнусон хæзнатæ - ирон бæрæгбæттæ куыд зонынц, уымæй. Хæлттæ сæппаргæйæ сæ алчидæр радзырдта, цы бæрæгбон æм æрхаудта, уый тыххæй. Уыдон нæ адæмы æнусон хæзнатæ сты. Уыдон сты царды скъола, ирдæй дзы зыны нæ адæмы удысконд, сæ фарн, æмæ сæ хъуамæ хъахъхъæнæм цæсты гагуыйау. Фидæны фæлтæртæм сæ раттæм сыгъдæг æмæ æнаиппæй. Уый у æркаст расидæг æхсæнады уæнгты хæсты сæйрагдæртæй иу, æмæ йыл æнæрынцойæ кусынц.

Уæдæ æркасты ерысдзаутæ - сомбоны кæйдæр бинойнæгтæ. Чындзы размæ та бирæ хæстæ æвæрд вæййы, æмæ сæ хъуамæ алы чызг дæр рагацау зона. Уымæ гæсгæ æртыккаг фæлварæны чызджытæ равдыстой чындзæхсæвы æгъдæуттæ куыд зонынц, уый.
Ирон адæмы ´хсæн магусайæн кад никуы уыди. Нæ фыдæлтæ кæдфæндыдæр уыдысты кусаг, нæ зыдтой зивæг, стæй ма уæззау зондыл хæст æмæ къухæй дæсны. Алы ирон хæдзары дæр кусæнгæрзтæ уыдис дзæвгар, уымæн æмæ кусын хъуыдис цæхæрадоны, быдыры, цуаны, хæдзары... Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдис хи конд, хи арæзт. Бирæтæй ма дзы абон дæр пайда кæнæм. Абоны чызджыты, райсомы хæдзары æфсинтæ, сæ куыд зонынц, уый сбæрæг ерысы цыппæрæм хайы. Ам дæр та хæлттæ сæппæрстой, æмæ чи цы кусæнгарз систа, уый цæмæн хъуыд æмæ дзы цы архайдтой, уый тыххæй радзырдта.
Тыхджын æмæ фæрнджын мыггаг уидагджын æмæ бирæкъабазджын бæлæсы хуызæн у. Аллы мыггагæн дæр ис йæхи истори, йæхи ном, йæхи бынат иннæ мыггæгты æхсæн. Йæ мыггаджы равзæрды историйы тыххæй радзырдта алы конкурсы архайæг дæр. Æхсызгон у, алчидæр дзы афтæ хорз кæй зоны йæ мыггаджы равзæрд, уый.
Уæдæ ирон сылгоймаг хъуамæ арæхса аивадмæ дæр. Сæ дæсныдзинад кафынмæ, зарынмæ, ирон музыкалон инструменттæй цæгъдынмæ, аив дзурынмæ равдыстой архайджытæ конкурсы фæстаг хайы.
Архайджытæ уыдысты хорз цæттæгонд. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кодтой: ӕхсӕнадон змӕлд "Иудзинад"-ы ӕвзӕрст лӕг Туаты Алан, «Иудзинад»-ы уӕнг Засеты Сослан, Æрæфы районы культурæйы Галуаны методист, адæмон театры архайæг Пъинты Фатимӕ, районы ахуырады управленийы информацион хайады сӕргълӕууӕг Темырты Светланӕ ӕмӕ райони бынӕттон хиунаффӕйады фӕсивӕдимӕ куысты хайады сӕргълӕууӕг Цориты Цӕрай.
Жюрийы уæнгтæн æнцон нæ уыди хуыздæрты рартасын. Æркаст - конкурсы къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фыццаг бынат бацахста Хохты Самирӕ, дыккаг – Дегъуаты Кристинӕ, æртыккаг та Рӕмонты Зӕринӕ. Уæлахиздзауты сæ ахуыргæнджытимæ схорзæхджын кодтой Кады гæххæттытæй, æхцайы премитæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Иннæ архайджытæн дæр лæвæрд æрцыд Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Зæрдæмæдзæугæ рауад, бæрæгбоны архайджыты разæнгард кæнынæн цы концерт æвдыст æрцыд, уый дæр. Цæмæй бæрæгбон хъæугæ уагыл æххæстгонд æрцæуа, ууыл та зæрдиагæй бацархайдта районы ахуырады управленийы методист Бесолты Алан.
Ацы аз æхсызгон уыд уый дæр, æмæ архайджытæ уыдысты иннæ азтæй фылдæр. Семæ æрцыди лæмбынæг куыст. Уый бæрæг уыдис, куыд хорз цæттæ уыдысты, уымæй. Уымæ гæсгæ "Иудзинад"-ы уæнгтæ диссаджы рæсугъд арфæтæ ракодтой архайджытæн æмæ сæ ахуыргæнджытæн.
Ацы конкурс хынцы абоны рæстæджы зæгъинæгтæ, нæ сагъæстæ, нæ риссаг фарстатæ, кæцытæ баст сты нæ ирондзинадимæ, не ´гъдæуттимæ, не ´взагимæ, нæ культурæимæ. "Иудзинад"-ы уæнгтæ сæхимæ райстой ахсджиаг хъуыддаг æмæ йыл архайынц. Фæсивæды разæнгард кæнынц æркасты архайынмæ æмæ сын афтæмæй сæ зæрдæты тауынц фыдæлты æгъдæуттæм уарзондзинад. Уый у стыр арфæйаг хъуыддаг!
Кæронбæттæны – æхсызгон хабар: конкурс "Ирон дæн æз"-ы республикон этапы архайдта æмæ бацахста 2 бынат Хохты Самирæ. Арфатæ дын кæнæм, Самирæ!
Бабочити Э.