• Главная
  • Цалдæр къахдзæфи ма дæ ку гъудæй…

Новости

Цалдæр къахдзæфи ма дæ ку гъудæй…

Номерæн

 

О, дуйне рафæлдесаг! Ци дин загъдæуа! Адæми еци æмхузонæй ку рафæлдеси аци дуйнемæ, уæд фæстæдæр ба еуети мади армау дæ фæлмæн рони рæвдаугæ ци фæццæрун кæни, иннетæмæ ба сирдау лæборунтæ ци райдайи.

Еске хуарзбæл зæрдибунæй ка цийнæ кæнидæ алкæддæр, дзилли маст, дзилли цийнæй æхе ка некæд рартаста, адæмæн ести хуарздзийнадæ исаразунбæл æ уод ка фæгъгъартта, нæ еци хуарз æма курухон хестæр, нæ еци зундамонæг фидæ, Амурхан! Хори ферттивдау фæззиндтæ аци дуйнемæ æма арви цæхæрау æрбатар дæ!

тамаев

Ци берæ зæрдитæ нин æвардтай, ци берæ хуарз гъуддæгутæмæ ма дæмæ æнгъæл кастæнцæ адæм æма сæ фиццаг хатт куд фæссайдтай? Цума цæмæн? Сайун, мæнгæттæ дзорун дæ тоги ку некад адтæй. Ци зæгъисæ, уой раст æма аргом, дæ зæрди уагæ ку некæд æййивтай, уæд дæбæл ци æрцудæй нур ба?

Цард адзалмæ ку некæд тагъд кæнуй, уæд адзал цардмæ æппун æдзохдæр цæмæн фæддогъ кæнуй?

Дæ хæдзарæмæ, дæ бийнонтæмæ, дæ синхæнттæмæ ку тагъд кодтай æма сæмæ еугур æрæгæмæ ку бакодтай? Цæмæн сæбæл уотæ исæййивтай  дæ зæрдæ? Хуарз æй ку лæдæрдтæ, етæ дæ уиндæмæ алкæддæр бæлгæ ку кодтонцæ, дæ царайæй ку цардæнцæ, сæ устурдæр нифс ду ку адтæ, уæд… Куд нæ ниффæдес кодтай дæ гъæлæсидзаг адзалбæл еци уоми:

-Барæн, раеуварс бал уо! Мæ адæми хуæрзтæ нæма бафистон, нерæнгæ ма си ихæс дарун…

О, Амурхан Тамати Азийхани фурт!

Ду бæргæ де хæстæ бафистай адæми рази, фал мах ба æносмæ ихæсгин æма къæндзæстугæй байзадæн дæ цори…

Рохсаг уо, Амурхан! Уæлæбæл дæ зæрдæ куд фæлмæн адтæй, уотæ фæлмæн дин фæууæд цирти дæ мæрæ. Махæн ба не носи имисуйнаг уодзæнæ! Фал уæддæр уотæ цæмæн рауадæй дæ хъисмæт? Ке бафарстæуа, дзуапп кæмæй бадæмæн? Нæ фарстатæ нæ сæри гъунæй фулдæр…

Адæммæ уой бæрцæбæл уарзт дин ку хъæрттæй, уæд дин еци цалдæр къахдзæфи куд нæбал исфагæ æнцæ!

Æви сæ барæй ниууагътай, фæццæуæн кумæ ес, æрæздæхæн ба кæцæй нæбал ес, еци æносондзийнадæн…

Колити Витали