Новости

Мадæн

Мæ бон мæбæл нитталингæй,                                                                                             

Мæ дуйней рохс бахустæй.

Устур зин мæбæл æрцудæй,

Мæ цæугæ хонх рахьан æй.

Ниууазал æй нæ хæдзарæ,

Сау бон нæбæл никкодта.

Нæ адгин, ездон, нæ мадæ,

Æ фæлмæн уод исиста.

Мæ зæрди зин куд истонон,

Мæ зунд мæмæ нæ игьосуй….

Мæ цæстити рохсдзийнадæ,

Уайтагьддæр ку 'рбайсавдæй.

Нæ зæронд фидæн фур зинæй,

Æ уод нæбал фæразуй.

Æ цæститæ ис уорс æнцæ,

Кьуар бонемæ кæунæй.

Некæдбал ссæудзæй нур уомæн,

И зæрди рист æ хурфæй.

Æ царди хьазардæр стъалу,

Уомæн нур ку ниххустæй.

Куд ма цæрон æнæ мадæй,

Мæ бæдæлдтæн куд зæгьон.

Сæ уарзон нана рамардæй,

Некæдбал сæ фæууиндзæй.

IMG 20220209 WA0014 1

Нæбал барæвдаудзæй е бæдæлдти,

Нæбал фегьоссæй сæ дзурд.

Агордзæнцæ дæ идæрдти,

Куд кæндзæнцæ етæ уæд?

Ниууагъта мæнгæ дуйней æгæр раги,

И зин цардæй бауæгæй.

Догьи уаиун нæбал иссæй,

Уомæй фулдæр æ хьаурæй.

Мæ фæлмæн мадæ, мæ зæрдæ,

Куд нæ тонуй мæ зинæй.

Устур Хуцау нæ ку взаруй,

Дуйней устурдæр зинæй.

Чи ма кæнæн? Куд ма цæрæн?

Æнæ мадæй ци зин æй...!

О, Устур Хуцау, корун ди,

Устур хьæурæ æма нифс...

                                              

                                               Æрхунзæрдæ бæдолæ Дедегкати Викæ,

                                        Æ зингхуст мадæ Тагьати Зои имисгæй.