• Главная
  • «Аци бон дæр ма ʹй райагорæн е ʹмгæртти ʹхсæн…»

Новости

«Аци бон дæр ма ʹй райагорæн е ʹмгæртти ʹхсæн…»

Номерæн

 

Æрхъæрттæнцæ æ дууинсæй бони Суанти Черменæн. Куд зин зæгъæн æнцæ аци дзурдтæ æвзонг сувæллони туххæй. Арви  цæфау райгъустай æверхъау хабар сæумæ раги нæ минкъий Шекери гъæубæл. Ци уæбæл æй баримæхсæн, сæумæй скъолай дуарæй æрбахезгæй, ахургæнгутæй дæр æма сувæллæнттæй дæр беретæ ка æргом кудтæй, ка ба сосæггай. Адæймагæй не ʹруагæс кæнуй, уотæ цубурбæл, финддæс анземæ, куд раскъудæй æ цард.

чермен

Чермен адтæй сабур, ездон, æмгаруарзон биццеу. Æ гъæр дзурд дæр некæд райгъустæй, куд фæззæгъунцæ, æхецæй дæр æфсæрми кодта. Ахургæнгути уайдзæф кæнун дæр некæд багъудæй уомæн. Ахури дæр адтæй фиццæгти хæццæ. Фараст къласи каст фæцæй хъæбар хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Бацудæй ахурмæ хуæнхон металургон колледжмæ. Уоми дæр æхе равдиста æновуд, фæнзуйнаг ахурдзау æма хуарз лимæнæй.

Аци бон дæр ма ʹй райагорæн е ʹмгæртти ʹхсæн, кæд ходæзмолæгæнгæ фæззинидæ. Фал, гъулæггагæн, еци бæстæй раздæхæн нæбал ес.

Нæ уарзон, нæ уæздан, нæ рæсугъд Чермен. Рохсаг уо.

Суанти бийнонтæ ба арфæ кæнунцæ еци еугур адæмæн, хеуæнттæн, синхæнттæн, сæ зинæй син хай кадæр райста, æма игъосун кæнунцæ, Чермени 40 боней хист ке уодзæнæй 21 январи Шекери гъæуи.

Гъигæзæрдæй, Шекери скъолай ахургæнгутæ.