Новости

Хæнæзон таурæхъ

 

Æносæй - æносмæ адæни цард дессаги æййивдтитæ ракæнуй. Уогæ ба ци хузи æхе нæ бавдиста. Цагъайрадæй æлдареуæги уæнгæ, сабур цард æверхъау тугъдтитæй æййевгæ. Цудæй берæ аллихузон фидбилизтæ, адæймагæй арæзт. Нури дзамани дæр ма адæни нихмæ ранæй-рауæнти знаггадæ конд цæуй.

   Ци таурæхъ ракæнуйнаг дæн, уоми дæр адæймаг хаттæй-хатт сирдæй фуддæр минеугутæ неʹвдиста.

   Цæветтонгæ, хабар æрцудæй раги дзамани, цалдæр сæдæ анзей размæ.   Адæни астæу адтæй уæхæндтæ, кæцитæ еске мулк ратæлæт кæнунæн æверхъау миутæ бакæнионцæ. Кæрæдземæн тухæ кæнунбæл нæ аурстонцæ.

   Еу уæхæни Кæсæгæй хъал фæсевæд Стур-Дигори балæудтæнцæ хъалон есунмæ. Медбæсти кæсгонау неке зудта, абæргутæй ба - дигоронау. Уæхæн лæг разиндтæй Хæнæзи - Беркъасти Бæлæу. Стур-Дигорæй рарвистонцæ Хæнæзæмæ. Беркъаси - фурт æхе исрæвдзæ кодта. Æ ефсæ бæхæн адтæй байраг æма уой ба бауорæдта хæдзари. Стур-Дигорæмæ берæ нæбал гъудæй, уотемæй æ бæх ракеуидæ, æ къах къуæрун райдæдта, æппунфæстаг ба рахъанæй æма ниммардæй. Ци гæнæн ма адтæй Бæлæуæн -саргъ æма идонæ рафтудта, æ рагъи сæ багæлста ʼма Стур-Дигорæмæ схъæрдтæй.

   Зунд æма дзурди хъаурæй стурдигорæнттæ ʼма тухгæнгутæ бафедаун кодта Беркъасти Бæлæу. Хæдзарæмæ ку ʼрæздагъдæй, уæд байраг цуппар уæриккей хæццæ рахецæн кодта. Бæлæуæн адтæй цуппар фурти. Сæ кæстæр адтæй финддæсанздзуд, хундтæй Къæхæн. Байраг æма уæрити гъуд уомæ æрхаудтæй. Бустæги уæлдай каст адтæй байрагмæ. Афойнадæбæл æй кæдзос кодта, хуæруйнаг æма дон дæр уотæ. Байраг биццеубæл хъæбæр исахур æй.

Еу анзи фæсте хæдзари хецау уæриккитæй еу нивгарста. Исфунхи фæсте къах басаста æма фæууидта - хъанз тæнæг, стæг ба нæма æрфедарæй. Дугкаг, æртигкаг æма цуппæрæймаг æнзти дæр уотæ бакодта. Фæстаг тохъулий стæг адтæй æмир, хъанз ба техалуги нарæгæн. Уой ку фæууидта, уæд æ фурттæн загъта: «Байраг исцæттæй саргъ æвæрунмæ».

Хестæр æнсувæртæ равзурстонцæ бæхбæл саргъ æвæрун, фал сæ хæстæг неʼруагъта. Уæд кæстæр æнсувæр æхуæдæг баздагъдæй æма бæхбæл саргъ дæр исивардта, бадгæ дæр ибæл ракодта. Кæстæр æнсувæр сабургай бæх исахур кодта æма е иссæй барæуадзæ догъон. Идæрдтæбæл æ хабар райгъустæй Дигоргоми, сауæнгæ Кæсæгмæ дæр. Беркъасти кæстæр лæхъуæнæй рауадæй гъæйт бæхбадæг, бæхи фарсмæ уайгæ-уайгæ, саргъмæ цъеусорау истæхидæ, алли хузти бæхбæл æргъазидæ. Æхуæдæг дæр гурведауцæ, бакастгин. Адæймаги цæстæ сæмæ кæсунæй неʼфсастæй.

Уалинмæ Кæсæги Хъардантæ исфæндæ кодтонцæ устур догъ рауадзун. Цардæнцæ Баксани. Хъардантæ устур мугкаг адтæнцæ - Ирæ, Дигорæ, Кæсæги астæу зундгонд. Сæхуæдтæ дæр исфæндæ кодтонцæ догъи архайун æма агурдтонцæ догъон бæх Цæцæни, Мæхъæли, Ирæ ʼма Дигори. Фегъустонцæ Хæнæзи Беркъасти бæхи хабар, æма æртæ бæхгинемæй корæг æрбацудæнцæ. Исаразиæй фидæ бæх радтунмæ, фал бæх æхемæ хæстæгдæр неке ʼруагъта. Гæнæн нæбал адтæй æма Хъарданти минæвæрттæ фидæй ракурдтонцæ, цæмæй син Къæхæни бæхбæл рауадзонцæ сæ хæццæ. Исарази æй фидæ. Лæхъуæн æхе исрæвдзæ кодта нæуæг фæлустæй – цохъа, цулухътæ æма уотæ. Цæуни размæ фидæ фуртæн амонуй: «Догъи цæудзинайтæ Баксанæй Черекки донмæ. Æмбеснадбæл бæх баорамдзæнæ æма, дони хулуй ку ракæна, уæдтай æхе фæндон рауаддзæнæ». Рандæнцæ бæхгинтæ Баксанмæ.

Догъмæ ма гъудæй авд бони. Еци рæстæг хæнæзон лæхъуæн бийнонти хæццæ базонгæй. Хæдзари адтæй æвзонг рæсугъд кизгæ. Дууæ æригони кæрæдзей бауарзтонцæ.

     Догъи бон аллирдигæй – Цæцæнæй, Мæхъæлæй, Кæсæгæй, амæй хуæздæр догъонбæх нæбал байзадæй, етæ рарæнгъæнцæ. Догъ ниййагайтта. Беркъасти лæхъуæн дзæвгарæ раздæр цудæй. Черекмæ ку бахъæрттæй, уæд ин æ фидæ куд ниффæдзахста, уотæ бакодта. Цалдæнгæ бæхи хизта Къæхæн, уæдмæ иннæ бæхгинтæ фæрразæй æнцæ. Фал æй берæ рæстæг нæ багъудæй, уотемæй сæ разæй фæцæй. Хъардантæ догъи хæнæзони фæрци рамулдтонцæ.

Цалдæр бони ма фæцæй Беркъаси-фурт Баксани. Устур æгъдæуттæ ʼма ин лæвæрттæ искодтонцæ. Лæхъуæн æма кизгæ фембæлионцæ. Цæуни размæ ин кизгæ æ уарзондзийнади нисанæн къохти къохмæрзæн балæвар кодта, лæхъуæн ба-къохдарæн.

   Хъарданти кæстæртæ сæ иуазæги сауæнгæ Хæзнидонмæ бахъæртун кодтонцæ. Идарддæр гъуддаг уотæ рауадæй ма Кети рæбун уолæфти рæстæг, сæ фæдбæл сосæггай ка фæццудæй, уæхæн   кæсгон æнамонд игурд Къæхæни рамардта. Æ цохъа ʼма ин цулухътæ раласта æмаʹй уотемæй и бæх бадун бауагъта. Мард пихситæ ʼма цъалати буни никкодта еу къæхæни рæбун.

Лæхъуæн æрæгæмæ ку зиндтæй, уæд фидæ ʼма æнсувæртæ Хъардантæмæ фæдеси рацудæнцæ. Баксанæй сæ фæд-фæд, кæбæлти рафæндараст кодтонцæ Беркъаси-фурти, уотæ Хъарадзаути гъæумæ æрбахъæрдтæнцæ. Кети алфамбулай агорун байдæдтонцæ æма мард иссирдтонцæ. Хъардантæ балæдæрдтæнцæ фудгæнæг ка адтæй уой, æмаʹй сæхецæн тоггинбæл банимадтонцæ. Дууæ мугкаги марди æгъдæуттæ искодтонцæ, æвæргæ баʹй бакодтонцæ Кети уæлмæрдти. Лæгмар æма бæхдав кæсгон гъæумæ нæбал æрхæстæгæй, гъæдтæ ʼма хуæнхти æхе римахста Кæсæг æма Дигори астæу.

Еу уæхæн бон, анзмæ хæстæг рацудайдæ, уæд рæстæг анахур нифхалдæй. Арв æма зæнхæ кæрæдзей хуастонцæ. Карз уарун æма думгæ бæстæ изæзманстонцæ, мæйдари ци фæцайдæ и æнамонд игурд, уой нæбал æргъавта. Гæнæн ин нæбал адтæй æма бæх æхе бæрагæ рауагъта. Бæх æхсæви талинги Хæнæзи Беркъасти тургъи балæудтæй ʼма ниууаста. Бийнонтæ гъæдин цирæгъти хæццæ рауадæнцæ ʼма кæсунцæ - сæ бæх, бадгæ ба ибæл кæнуй сеʼнсувæри цохъа ʼма цулухъти æнахур бæхбадæг. Байлæдæрдтæнцæ, сеʼзнаг æхе къахæй сæ тургъæмæ ке æрфестæгæй, уой. Æнсувæртæ февналдтонцæ, раймарæн, зæгъгæ. Фидæ сæ бауорæдта: «Иуазæг Хуцауи иуазæг. Барвæндонæй неʼрбацудæй, тухст уавæртæй æрбахастонцæ». Ци зин син адтæй, фал фиди унаффи сæрти нæ рахизтæнцæ. Иуазæгæн дуггаг бон цохъа æма цулухътæ нæбал равардтонцæ, бæх дæр ин баййивтонцæ. Фидæ фурттæн загъта: «Райуагътæ, Хуцау ин истæрхон кæндзæй». Æцæгæйдæр уотæ рауадæй. Фудгæнæг коми думæгмæ нæма рахъæрдтæй, уотемæй æ уод исиста.

   Таурæхъ уобæл нæ фæцæй. Хъардантæ Хъарадзаути хæццæ хæстæг разагътонцæ æма худтонцæ киндзæ. Киндзхонти ранæхстæри размæ фæсевæд Хъарданти кизгæ, хæнæзон лæхъуæни ка бауарзта, уой худтонцæ сæ хæццæ, фал син нæ кумдта. Хъæбæр имæ ку ниллæудтæнцæ, уæдта син уотæ зæгъуй: «Цæун, кæд мин Беркъасти лæхъуæни цирт байамондзинайтæ, уæд». Фæсевæд сæ дзурд нæ фæссайдтонцæ. Ку ʼрбацудæнцæ Хъарадзаути гъæумæ, уæд æй фæххудтонцæ Кетæмæ цирти размæ. Кизгæ баздагъдæй æма æ рони римæхст кæрдæнæй æхе рамардта. Байивардтонцæ, æ зæрдæ кæбæл неʼсæййивта, еци уарзон хæнæзон лæхъуæни фарсмæ.

   Аци таурæхъ æ рæстæги радзурдта Хъарданти Анарбек,Чиколай цæрæг, фæллойни ветеран, 85 -анздзуд.

           Финсгæ баʹй никкодта Нигкоти Кермен, фæллойнæ æма ахуради ветеран.