Новости

Фӕстаг фембӕлд

день победы

Цӕй цыбыр разынд уыцы   ´хсӕв, мӕ къона,

Фыр  цинӕй мӕ куы ферох и мӕ рыст.

Ӕфсымӕры ад царды чи нӕ зона,

Мӕнмӕ гӕсгӕ, вӕййы бынтон ӕлгъуыст.                                                   

Нӕ фыдӕбон кӕрӕдзийӕн фӕдзырдтам,

Ирон зарӕгӕй фенцондӕр нӕ маст.

Зӕрдӕ уынгӕгӕй не ´мбӕлттыл фӕкуыдтам,

Ӕхсӕвӕй бонмӕ не ´рцъынд и нӕ цӕст.

Зӕрдӕ дзургӕйӕ, тох кӕнынмӕ ацыд,

Тыхджын рӕмыгъдӕй аскъуыди йӕ цард.

Ӕзнӕгты къухӕй е'мбӕлттимӕ басыгъд,

Ныр дӕр ма йын куы не ´ссардтам йӕ мард.

Куы фӕци хӕст, мӕ бинонтӕм ӕссыдтӕн,

Мӕ хъӕдгӕмттӕй мӕ буар уыди рызт.

Ӕнӕ удхар ӕхсӕвтӕм иу бӕллыттӕн,

Мӕ удыл хӕцӕг уӕд фӕци мӕ куыст.

Хӕдтӕхӕгыл иу фыны арӕх тахдтӕн,

Бӕргӕ агуырдтон ме ´фсымӕры уым.

Ӕдзынӕгӕй иу хиды бынмӕ кастӕн,

Мӕ сур хидӕй иу алыгъди мӕ фын.

Йӕ хъӕбултӕ мӕ хуры тынтӕ фондзӕй,

Ӕппын-ӕдзух мӕныл уыдысты баст.

Дывӕрӕй сын мӕ зӕрдӕйы ӕскондӕй,

Ӕз байуӕрстон ӕнӕвгъауӕй мӕ уарзт.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ рӕстӕг рацыд,

Фӕлӕ ныр дӕр ма не´ ссыди мӕ рызт.

Ӕгъатыр хӕст нӕ историмӕ бацыд,

Фыдбылызӕй уӕ алчидӕр уӕд хуызт.

Цогойты Альбинӕ, гр. «Кабардинка», Беслӕни гъӕу.