Уарзон мадœлон œвзаг
Ирон œвзаг! Куыд фœрнджын œмœ ныфсджын дзырдбаст у. Нœ фыдœлтœй нœм хорзœй цы баззад, уыдонœй иу у мадœлон œвзаг. Цœмœй œвзаг фидар лœууа йœ къœхтыл, уый тыххœй уœлдай хœс œвœрд ис ныры дуджы ирон œвзаджы ахуыргœнджытыл. Сœрмœ хœссинаг нœу, абон ирон зœххыл цœрœг адœмæй бирæтæ иронау кœй нал дзурынц, уый.

Хъуамœ мах, мадœлон œвзаджы ахуыргœнджытœ, алы сабийы зœрдœмœ дœр ссарœм фœндаг, сœрмагонд дœгъœл, кœцыйœ бакœнœм уыцы гыццыл зœрдœйы дуар, бауарзын сын кœнœм мадœлон œвзаг. Кœд ирон œвзаг цардхъом суаид œмœ суадзид ног талатœ Иры зœххыл…
Дœлдœр мыхуыр кœнœм Сечеры скъолайы ахуырдзауты нывœцœнтœ. Зœгъут-ма, хорз адœм, ахœм кœстœртимœ куы кусай, уарзын сын куы кœнай сœ мадœлон œвзаг, уœд уыцы стъалыйœн ис бамынœг кœнœн? Нœй!
Дреты Тамарœ.
Сечеры скъолайы ирон œвзаг œмœ литерœтурœйы ахуыргœнœг.
___________________________________________________________________
*

Ирыстон… Бирœ дœ уарзын, адджын мын дœ. Æз бирæ уарзын мæ ирон адæмы, тынг уæлиау æвæрд мæм у мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг мæм мæргъты зарæгау рæсугъд кæсы. Уæлæ бæлæстæй алы хъæлæсæй цъыбар-цъыбур куы байдайынц, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма иронау фæдзурынц.
Скъолайы ахуыр кæнгæйæ, тынг бауарзтон ирон æвзаг. Ахуыргæнæг куы фæдзуры, уæд æм æз лæмбынæг фæхъусын, цæмæй адæмы цур куы рлæууон, искуы куы слœг уон, уæд мæ бон уа рæсугъд дзурын. Зонын, мæ мадæн тынг æхсызгон вæййы, афтæ æнувыд кæй дæн мæ мадæлон æвзагыл.
Æрæджы не скъола бабæрæг кодта телерадиокомпани «Осетия-Ирыстон». Мæнмæ æрхаудта кадджын хæс: радзурын æмдзæвгæ ирон æвзагыл. Равзæрстон Хидирти Ехьяйы фыст æмдзæвгæ «Ме ʹвзаг», стæй мæ интервью дæр райстой. Дыккаг бон мæ равдыстой телеуынынадæй. Уæдæй нырмæ мыл базыртæ базад. Фæнды мæ ноджы æмæ ноджы дзурын ирон æвзагыл, архайын конкурсты, æркастыты, уымæ гæсгæ мæ бафæндыд ме сфæлдыстадон хъарутæ бавзарын конкурс «Осетия в сердце моем»-ы. Æнхъœлмœ кœсын конкурсы фœстиуджытœм.
Иуныхасœй мœ зœгъын фœнды, œз никуы сивдзынœн мœ зœрдœ œппœты зынаргъдœр хœзна - мадœлон œвзагыл.
Мунтян Давид, 6 кълас.
*

Æз, Хœмыцаты Линдœ, дœн œхсœзœм къласы ахуырдзау. Сœрыстырœй зœгъын –дœн ирон чызг!
Афтœ мœм фœкœсы, мœ мадœлон œвзагœй рœсугъддœр œмœ аивдœр œвзаг нœй зœххыл. Ацы œвзагыл дзырдтой нœ рагфыдœлтœ – скифтœ, сœрмœттœ œмœ алантœ. Бауарзын мын œй кодта мœ фыццаг ахуыргœнœг Дзабайты Людмила Степаны чызг. Уый нœ-иу урокты ахуыдта аргъœутты дунемœ, базонгœ нœ кодта, арф нœ зœрдœйы цы фыссœг ныххуызти, уыимæ - Хетœгкаты Къостаимœ. Куыд рœсугъд фыста Къоста ирон œвзагыл! Æмœ уымœн уœвœн нœй œмœ œз Къостайы œвзагыл ма дзурон.
Хœмыцаты Линдœ, 6 кълас.
*

Алы адœмыхаттœн дœр ис йœхи истори, œгъдау, йœхи œвзаг. Дœн ирон лœппу, сœрыстыр дœн мœ мадœлон œвзагœй. Уый мœ ахуыр кœны мœ ахуыры фœндагыл, иронау кœсын œгъдœуттæ, радзырдтœ, œмдзœвгœтœ.
Мœн тынг фœнды, цœмœй хуыздœр ахуыр кœнœм œмœ дзурœм нœ ирон œвзагыл. Уœд бамбардзыстœм, ирон œвзаг рœсугъд œмœ хъœздыг кœй у. Нœ мадœлон œвзаг нœ акœндзœн царды рухс фœндœгтœм. Уый руаджы зонгœ кœнœм Фыдыбœстœимœ, чи уыдысты нœ рагфыдœлтœ.
Мœн зœгъын фœнды œппœт Ирыстоны сывœллœттœн: аргъ кœнут мадœлон œвзагœн!
Надгериты Расул, 6 кълас.
*

Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, чи нæ уарзы, уый йæ райгуырæн бæстæ дæр нæ уарзы, æмæ дзы цы адæм цæры, уыдоны дæр. Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый йæ райгуырæн бæстæйы æгъдæуттæ дæр нæ зоны. Уымæ нæ æгъдау ис, нæ æфсарм, нæ фарн. Мадæлон æвзаг нæ зонын, мæнмæ гæсгæ, у тынг худинаг. Йæ райгуырæн бæстæ чи нæ уарзы, уый та адæймаг дæр нæу. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм нæ рæсугъд бæстæйæ, нæ рæсугъд æрдз æмæ нæ рæсугъд æвзагæй.
Æрвылаз œз фœархайын конкурс «Аив ирон дзырд»-ы. Райсын раззаг бынœттœ. Бауарзын мын кодта мадœлон œвзаг Дреты Тамарœ Сергейы чызг.
Мœ сидт фœсивœдмœ: «Не взаг у нæ намыс. Не взаг у нæ фарн! Фарн æмæ намысæн фесæфæн куыд нæй, афтæ хъуамæ ма фесæфа нæ рæсугъд æвзаг».
Едзаты Азœмœт, 6 кълас.