Гъæуамаʹй есонцæ алли хæдзари дæр
Мæ уарзон Ирæфи райони цæргутæ, фарнæ уæмæ бадзорæд æма Хуцауи иуазгутæ уотæ егурæй дæр! Кæд æмбæлуй, уæд мæ фæндуй, бийнонти медæгæ куд фæууй, уотæ мæ гъудитæ зæгъун нæ бунæттон газет «Ирæф»-мæ гæсгæ; æ бунат, æ хъаурæ æма æ исони бони фарстати туххæй!
Мæнмæ гæсгæ, «Ирæфи» хъаурæ нæ цитгин Дигори, Иристони адæми астæу устур æй, уомæн æма ʹй мæ алли хæдзарæ дæр æнæмæнгæ æнгъæлмæ фæккæсуй. Адæм си инунцæ, бакæсунцæ сæ царди хабæрттæ. Махæн нæ еугуремæндæр бунæттон газет æй, æргом загъдæй, нæ фарнæ, нæ тогихатт, нæ нифс æма нæ исони бон.

Гъулæггагæн, а-фæстаг рæстæги ба нæ райони беретæн гъæуй устур лихзтæ кæнун аци адæмон газет рафинсуни æгъдауи. Е мæнмæ раст нæ кæсуй, æма мæмæ уомæ гæсгæ ес устур курдиадæ ме ʹмзæнхонтæмæ: нæхе рахатæн нæ уарзон газетти æрдæмæ, федауцæ аргъ æма ин кадæ искæнæн. Æма нин уæд уодзæнæй хузæнон исони бон.
Алли бийнонтæ дæр ихæсгин æнцæ райони газет «Ирæф» афонадæбæл рафинсун æма си раст пайда кæнунæй.
Цæмæй газет хузæнонæй æма афойнадæбæл рацæуа махмæ, уой туххæй нæ редакций косгутæ устур зæрдиагæй архайунцæ! Æз абони зæрдæй арфæ кæнун сеʹгасемæн дæр, Дзоблати Сулеймани кизгæ Ларисæ сæ разæй, уотемæй.
Устур боз дæн уæхæн адæмæй дæр, кæцитæмæ райони газет æй бæрзонди æвæврд, федауцæ бунати. Æууæндун уобæл, æма нæ уарзон бунæттон газет «Ирæф» нæ адæми цæсти идарддæр уодзæй никки ма кадгиндæр!
Рафинсетæй науæг анзи фиццаг æмбесæн æма нæ фæффæсмон кæндзинайтæ!
Ирæфи райони уæлæмхасæн ахуради Центри сæргълæууæг Дзансолти Витали