Адзал æма тæрхон
Номерæн
Цард догъон бæхау уайуй. Уотæ фæззæгъунцæ: «Хуарз лæг æрмæст æ бийнонтæн нæ рамæлуй, фал æгас адæмæн». Нæ бафсæрми уодзæн аци загъдæй дæр, муггаги хуарз лæгтæ ку нæбал фæууй, уæд муггаг фæууй нецæмæ нимад.

Адæймаги зæрди фæууй берæ рæсугъд фæндитæ. Бантæса мин алцидæр, искæнон адæми астæу мæхецæн уæхæн ном, мæ бийнонтæ, мæ хеуæнттæ ми æфсæрми куд нæ кæнонцæ. Æнæмæнгæ аци загъд комкоммæ хауй Хъулчити Станислав Алихани фуртмæ дæр. Адзалан мадзал нæййес. Æгъатæр æй мæлæт. Æвæдзи, Хуцау адæймагæн ци хъисмæт искæрдуй, уомæн æййевæн нæййес. Тагъд æнхæст кæнуй 40 бони, кæдæй 59 анздзудæй не хсæнæй фæгъгъудæй бийнонти устур нифс, уарзон æмбал æма фидæ, уарзон æнсувæр, хуарз æмгарæ æма синхон.
Станислав райгурдæй 1962 анзи, исгъомбæл æй Донифарси æгъдаугин кæстæрæй. Скъола каст фæууни фæсте бацудæй торговон техникуммæ, кæций каст фæцæй хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Паддзахади размæ дæр бафиста æ цитгин граждайнаг ихæс. Кæд цæргæ горæти кодта, уæддæр йæ зæрдæ ба адтæй алкæддæр йæ райгурæн бæсти хæццæ. Уарзта гъæууон цард. Зин æй, нæ цæуй зæрди рист, хъæбæр зин æй абони Станислави туххæй евгъуд рæстæги дзорун. Ци адæми хæццæ куста, ци синхи цардæй, уони зæрдити ниууагъта рохс фæд, е нæхийнæ уоди фæрци ин алкæддæр адтæй кадæ.
Æ бийнойнаг - Сехъоти Азза, æ цард ке хæццæ баеу кодта, кæций хæццæ хъæбæр хæларæй цардæй, кæми исæнтæстæй дууæ хори хузæн сувæллони, уони ниууагъта дзиназгæ.
Фал кæд мах фæккæнæн унаффæ, уæддæр тæрхон ба кæнуй Еунæг Устур Хуцау, ма, гъулæггагæн, абони æ галеу ма рахес ци дууæ бæдоли нæма лæдæрунцæ, ци дууæ бæдоли ма æнгъæл кæсунцæ сæ фидæмæ, æрцæудзæй, зæгъгæ, уони нæ бантæстæй Станиславæн царди фæндагбæл æривæрун. Уодесæг некæмæ хатир кæнуй, нæ тæрегъæд кæнуй.
Хъульчити муггаг арфæ кæнунцæ еугур адæмæн дæр, кадæр син райста сæ зинæй хай, уонæн. Уæлдай арфæ ма кæнунцæ Хæзнидони адæмæн, ма кæми цардæй, еци синхæн. Мах ба син сæ дзæбæх гъуддæгти куд бахатæн.
Игъосун кæнæн Станислави 40 боней садахъа уодзæй 11 декабри горæти, Леонови гъæунгæ, 6.
Рохсаг уо, Станислав. Бæргæ æгæр раги, фал, рохсаг зæгъунæй уæлдай, мах бон неци æй. Еунæг Хуцау дин исаггаг кæнæд хуарз адæмти хæццæ дзенет. Пакъуйау фæлмæн дин уæд дæ сикъити хай. Кæд мæрдти ести ес, удта дæ бийнонтæ, дæ дууæ бæдолемæ дæ фæлмæн зæрдæ дарæ. Фарнæ мæрдтæмæ дæ хæццæ ма фæххæссæ, фал æй дæ бийнонтæн, муггагæн ниууадзæ.
Зæрдрист муггаги номæй, Сехъоти Тиминæ