Хетæгкаты Къоста - сывæллæттæн
СÆРД
Хур судзы… Уырыдзы
Хæрынæн бæззы…
Чи хъæдæй рæгъæдæй
Сырх мæнæргъ хæссы,
Чи халсарæй кæмтты
Æргъæмттæ бæтгы…
Хуыскъæлæй, æхсæрæй
Кæм цæуынц рæтты!
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!
ДЗЫВЫЛДАР
Æнгуырдар — дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæстæ, цы хæхтæ
Фæтæхыс уынæг?
Кæм рæзынц, кæм цæрынц
Дæ хотæ, дæ мад?
Тæхуды, тæхуды,
Кæмæн ис дæ цард!
СÆРДЫГОН КЪÆВДА
Хъæргæнгæ: «Хæзнатæ нæм хауы
уæларвæй!»
Сывæллæттæ уайынц къæвдайы
фæдыл… —
Фæлæуут, мæ хуртæ! гъеуыцы
хæзнатæй
Æруидздзыстæм мах дæр: нæ
къутутæ дзагæй
Лæудзысты мæнæуæй, фæлæуут
чысыл!
ÆРРА ФЫЙЙАУ
Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, -
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
«Агæпп æм кæнон, -
Загъта, — фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл…»
Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, -
Гъопп! — зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта…
Лæг ныххæррæгъ и!